Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -

Псаломтӕ 13 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

1 Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Давиды псалом. Ӕнӕзонд йӕ мидзӕрдӕйы загъта: «Хуыцау нӕй!» Фехӕлдысты адӕм, ӕлгъаг митӕ кӕнынц, хорз хъуыддаг аразӕг нал ис.

2 Дунедарӕг уӕларвӕй фӕлгӕсы адӕммӕ, кӕсы: цымӕ се ’хсӕн, Хуыцауы чи агуры, иу ахӕм ӕмбаргӕ адӕймаг ис?

3 Се ’ппӕт дӕр адзӕгъӕл сты, се ’ппӕт дӕр фехӕлдысты, хорздзинад ничи кӕны, иунӕг адӕймаг дӕр.

4 Ау, не ’рӕмбардзысты фыдгӕнджытӕ, мӕ адӕмы мын дзулы хӕрд чи кӕны ӕмӕ Дунедарӕджы чи нӕ агуры, уыдон?

5 Фыр тӕссӕй риздзысты, уымӕн ӕмӕ Хуыцау рӕстгӕнджытимӕ ис.

6 Сымах худтыстут мӕгуырыл, фӕлӕ йӕ Дунедарӕг хъахъхъӕны.

7 Тӕхуды ӕмӕ Израилӕн ирвӕзындзинад лӕвӕрд куы ’рцӕуид Сионӕй! Дунедарӕг Йӕ адӕмы уацарӕй куы раздаха, уӕд ныццин кӕндзӕни Йаков, уӕд Израил фыр цинӕй райдзӕн!

© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.

Bible Society in Russia
ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:



ကြော်ငြာတွေ