Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -

Псаломтӕ 123 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

1 Уӕлвонг Кувӕндонмӕ цӕуджыты зарӕг. Сарӕзта йӕ Давид. Дунедарӕг немӕ куы нӕ уыдаид, — Израил йӕхӕдӕг зӕгъӕд, —

2 Дунедарӕг немӕ куы нӕ уыдаид, адӕм нӕ ныхмӕ куы сыстадысты —

3 удӕгасӕй нӕ аныхъуырдтаиккой сӕ судзгӕ масты пиллонӕй.

4 Фӕдӕлдон уыдаиккам, дӕттӕ цыдаиккой нӕ сӕрты,

5 доны знӕт уылӕнты бын фӕуыдаиккам.

6 Арфӕгонд у Дунедарӕг, сӕ дӕндӕгты амӕттаг нӕ Чи нӕ бакодта!

7 Маргъ ахсӕн хызӕй куыд аирвӕзы, уыйау мах дӕр аирвӕзтыстӕм. Ахсӕн хыз аскъуыд, ӕмӕ ссӕрибар стӕм.

8 Ауды ныл Дунедарӕг — арв ӕмӕ зӕхх Сфӕлдисӕг.

© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.

Bible Society in Russia
ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:



ကြော်ငြာတွေ