Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -

Псаломтӕ 119 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

1 Уӕлвонг Кувӕндонмӕ цӕуджыты зарӕг. Мӕ тыхсты сахат Дунедарӕгмӕ сдзынӕзтон, ӕмӕ мын Уый дзуапп радта.

2 Ӕз загътон: «О Дунедарӕг, фӕлитой дзых, мӕнгард ӕвзагӕй мӕ бахиз».

3 Мӕнгард ӕвзаг, хорзӕй дӕм цы кӕсы?

4 Хӕстоны цыргъ фӕттӕ, ӕрцыты судзгӕ цӕхӕртӕ.

5 Додойаг у мӕ сӕр: Мешехы зӕххыл, Кедары цатыры астӕу, мӕ царды бонтӕ ӕрвитын!

6 Ӕз рагӕй цӕрын, сабыр цард ӕнӕуынон кӕмӕн у, уыдоны ’хсӕн.

7 Куыддӕр сын райдайын сабырдзинадыл дзурын — хӕстӕввонг свӕййынц уыдон.

© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.

Bible Society in Russia
ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:



ကြော်ငြာတွေ