Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -

Псаломтӕ 11 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

1 Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн: хъисфӕндырты цагъдимӕ; ныллӕг хъӕлӕсӕй. Давиды псалом.

2 Дунедарӕг, фервӕзын мӕ кӕн, уымӕн ӕмӕ раст адӕймаг нал ис! Адӕмы ’хсӕн никӕуылуал ис ӕууӕнк.

3 Иууылдӕр сайынц кӕрӕдзи, козбау ныхас, ӕфсоны дзырд кӕнынц.

4 Дунедарӕг фесафдзӕн алы козбау ӕвзаджы хицауы, хиппӕлой ӕвзаг акъуырдзӕн.

5 Уадз ӕмӕ афтӕ ма хъуыды кӕной: «Мах дзурынмӕ дӕсны стӕм. Не ’взаг нӕ бар у — чи нын у хицау?»

6 «Мӕгуыртӕ удхар кӕнынц, ӕнӕбонтӕ дзыназынц, — ныр Ӕз сӕ фарс рахӕцдзынӕн, йӕ фӕдыл кӕмӕн зилынц, уый фервӕзын кӕндзынӕн», — зӕгъы Дунедарӕг.

7 Дунедарӕджы ныхӕстӕ сыгъдӕг сты, куынцгомы кӕй бахсыстӕуыд ӕмӕ авд хатты кӕй батайын чындӕуыд, ахӕм ӕвзистау.

8 Дунедарӕг, Ды нӕ хъахъхъӕндзынӕ, ацы мыггагӕй нӕ бахиздзынӕ ӕнустӕм.

9 Нӕ алыварс ӕнӕхуыцӕуттӕ зилынц, уымӕн ӕмӕ скадджын сты ницӕйӕгтӕ.

© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.

Bible Society in Russia
ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:



ကြော်ငြာတွေ