Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -

Зарджыты зарӕг 7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Йерусалимы чызджытӕ:

1 — О, раздӕх-ма, раздӕх, Суламитӕ! Раздӕх-ма, ӕмӕ дӕм бакӕсӕм! — Цӕмӕн кӕсут Суламитӕмӕ, раст цыма маханаимаг кафт кӕны, уыйау?


Лӕппу:

2 О номджын мыггаджы чызг! Куыд рӕсугъд сты къахыдарӕсы дӕ къӕхтӕ! Фӕрдгуыты ’нгӕс — дӕ синтӕ, дӕсны нывгӕрдӕг сӕ сфӕлдыста!

3 Дӕ бикъ — тымбыл кӕхцы ӕнгӕс, хӕрздӕф сӕн ӕвидигӕ у йӕ мидӕг; мӕнӕугӕрдӕджы дидинбаст — дӕ гуыбын, кӕркусӕгтӕ йӕ алыварс.

4 Дӕ риутӕ — саджы дыууӕ лӕппыны, сычъийы фаззӕттӕ.

5 Дӕ хъуыр — пылыстӕгӕй конд мӕсыгау. Баш-Раббимы кулдуары цур — Хешбоны донуӕттӕ, уыдоны ’нгӕс — дӕ цӕстытӕ. Цыма ливайнаг мӕсыг Дамаскы ’рдӕм кӕсы, уый ӕнгӕс — дӕ фындз.

6 Дӕ сӕр — Кармелы хох, дӕ сӕрыхъуынтӕ — сӕнт сырх, дӕ къӕбӕлдзыг дзыккутӕ фӕсырдтой йе ’нцой паддзахӕн.

7 Цӕй рӕсугъд дӕ, мӕ уарзон, дӕ хӕрзаивӕй зӕрдӕйӕн цӕй адджын дӕ!

8 Дӕ гуыр хӕрзконд у пальмӕйау, дӕ риутӕ — сӕнӕфсиры цупӕлттӕ.

9 Ӕз ахъуыды кодтон: схиздзынӕн пальмӕмӕ, баныхӕсдзынӕн йӕ къалиутыл, дӕ риутӕ мын сӕнӕфсиры цупӕлттӕ фестдзысты, дӕ улӕфт та — фӕткъуыты хӕрздӕф,

10 дӕ былты хӕрздӕф нуаздзынӕн сӕнау. — Уадз ацы сӕн мӕ былтӕй мӕ уарзонӕн йӕ комы ахъара!


Чызг:

11 Ӕз мӕ уарзоны дӕн, уый мӕнмӕ бӕллы.

12 Цом, мӕ уарзон, быдырмӕ дӕ хонын, не ’хсӕв хъӕуты арвитдзыстӕм,

13 боныцъӕхтыл сӕндонмӕ ацӕудзыстӕм ӕмӕ фендзыстӕм, фӕкъуыбар ис сӕнӕфсир ӕви нӕ, мыййаг, кӕд дидин ракалдта гранат, — мӕ рӕвдыдӕй дӕ бафсаддзынӕн уым.

14 Мандрагорты хӕрздӕф хъары уӕлдӕфы, нӕ къӕсӕры раз — алыхуызон диссаджы дыргътӕ, зӕрӕдтӕ ӕмӕ ногтӕ. Дӕуӕн сӕ бавӕрдтон, мӕ уарзон!

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:



ကြော်ငြာတွေ