Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -

Псаломтӕ 122 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Уӕлвонг Кувӕндонмӕ цӕуджыты зарӕг. Ме скаст Дӕумӕ у, уӕлӕрвты Цӕрӕг!

2 Цагъартӕ се ’лдары къухмӕ куыд кӕсынц, унӕут — йе ’хсины къухмӕ, афтӕ махӕн дӕр нӕ каст Дунедарӕгмӕ, нӕ Хуыцаумӕ, у, Йӕ хорзӕхмӕ Йын ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм.

3 Батӕригъӕд нын кӕн, Дунедарӕг, батӕригъӕд нын кӕн! Фаг нын фӕуӕд не ’фхӕрд,

4 нӕ уд йӕ хъуырмӕ у хъалты хынджылӕг, ӕнӕввӕрсонты фидистӕй.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:



ကြော်ငြာတွေ