Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -

Псаломтӕ 10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Давиды псалом. Дунедарӕгыл дарын мӕ зӕрдӕ! Куыд мын дзурут уӕд: «Хӕхтӕм атӕх маргъау!»

2 Мӕнӕ фыдгӕнджытӕ айвӕзтой се ’рдын, фат ӕрбавӕрдтой ӕрдынбосыл — талынджы рӕстзӕрдӕты фехсынӕн.

3 Алцыдӕр йӕ бындурӕй куы фехӕлди, уӕд ма рӕстуды бон цы у?

4 Дунедарӕг — Йӕ уаз Кувӕндоны, Дунедарӕг — Йӕ паддзахы бадӕны уӕлӕрвты! Йӕ цӕст дары адӕммӕ, фӕлвары сӕ Йӕ цӕстӕнгас.

5 Дунедарӕг рӕстуды фӕлвары; ӕнӕхуыцау, тыхмиуарзаг ӕнӕуынон сты Йӕ удӕн.

6 Уый фыдгӕнджытыл судзгӕ ’взалытӕ, сондон ӕруарын кӕндзӕн къӕвдайау, судзгӕ зилгӕ уад — сӕ хай.

7 Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг раст у, уарзы рӕстдзинад; рӕстуд Ын фендзӕни Йӕ цӕсгом.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:



ကြော်ငြာတွေ