Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -

Нуны фырт Йешуа 9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Гивоны цӕрджытӕ сӕ хинӕйдзаг зонды фӕрцы фервӕзтысты

1 Иорданӕй ныгуылӕнӕрдӕм хӕхбӕсты, Шефелайы ӕмӕ Стыр денджызы ӕппӕт былгӕрӕтты, суанг Ливаны онг — хеттӕгтӕ, аморӕгтӕ, ханаанӕгтӕ, периззӕгтӕ, хиввӕгтӕ ӕмӕ йевусӕгты паддзӕхтӕм — Израилы адӕмы уӕлахизты кой куы байхъуыст,

2 уӕд сӕ тыхтӕ баиу кодтой Йешуа ӕмӕ Израилы ныхмӕ ӕмвӕндӕй схӕцынмӕ.

3 Фӕлӕ Йешуа Йерихонӕн ӕмӕ Гайӕн цы бакодта, уый куы фехъуыстой хивваг сахар Гивоны цӕрджытӕ,

4 уӕд ыл хинӕй рацӕуынвӕнд скодтой. Цалдӕрӕй бавдӕлдысты ӕмӕ фӕндагмӕ хойраг ӕрцӕттӕ кодтой, сӕ хӕрджытыл сӕвӕрдтой лӕзӕрд голджытӕ ӕмӕ сӕны лалымты хӕррӕгътӕ — скъуыдтӕ ӕмӕ ӕмпъызтытӕ.

5 Сӕ къахыдарӕс дӕр уыди ихсыд, ӕмпъызтытӕ, сӕ фӕлыст дӕр бызгъуыр. Сӕ фӕндаггаг къӕбӕр ныххус ӕмӕ згъӕлди.

6 Йешуамӕ ӕрбацыдысты Гилгалы рӕсӕнуатмӕ ӕмӕ йын Израилы адӕмы раз загътой: «Дард бӕстӕй уӕм курӕг ӕрбацыдыстӕм, цӕмӕй немӕ саразат сабырдзинады бадзырд».

7 Израилӕгтӕ хиввӕгтӕн загътой: «Куыд хъуамӕ саразӕм уемӕ бадзырд? Уӕд та, мыййаг, нӕ зӕххыл цӕрут?»

8 Хиввӕгтӕ Йешуайӕн дзуапп радтой: «Мах дӕ цагъартӕ стӕм». Йешуа сӕ бафарста: «Чи стут ӕмӕ ардӕм кӕцӕй ӕрбафтыдыстут?»

9 Хиввӕгтӕ йын загътой: «Тынг дард бӕстӕй ӕрбацыдысты дӕ цагъартӕ, уымӕн ӕмӕ фехъуыстам Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, кой, Мысыры цыдӕриддӕр бакодта,

10 стӕй Иорданы фаллаг фарс дыууӕ амораг паддзахӕн — Хешбоны паддзах Сигонӕн ӕмӕ, Аштароты чи царди, Башаны уыцы паддзах Огӕн — цытӕ бакодта, уыдӕттӕ.

11 Нӕ хистӕртӕ ӕмӕ нын нӕ бӕстӕйы адӕм иууылдӕр загътой, зӕгъгӕ, фӕндаггаг хӕлц райсут ӕмӕ сӕм фӕцӕут, зӕгъут сын: мах уӕ цагъартӕ стӕм, ӕмӕ немӕ бадзырд саразут.

12 Куы уӕм рараст стӕм, уӕд ацы дзул немӕ хъармӕй рахастам, ныр ӕй мӕнӕ уынут: ныххус ӕмӕ згъӕлы.

13 Ацы лалымты сӕн куы ныккодтам, уӕд ног уыдысты, ныр мӕнӕ ныскъуыдтӕ сты. Нӕ фӕлыст ӕмӕ нӕ къахыдарӕс дӕр дард фӕндагыл баихсыдысты».

14 Израилӕгтӕ сын сӕ фӕндаггӕгтӕм ӕркастысты, фӕлӕ Дунедарӕджы нӕ бафарстой, афтӕмӕй сын сӕ хойрагӕй сахуыстой.

15 Йешуа хиввӕгтимӕ бафидыдта, зӕрдӕ сын бавӕрдта, сӕрӕгасӕй уӕ ныууадздзынӕн, зӕгъгӕ. Ӕмӕ Израилы адӕмы фӕтӕгтӕ ард бахордтой, сӕ фидыд кӕй нӕ фехалдзысты, ууыл.

16 Семӕ бафидауынӕй ӕртӕ боны фӕстӕдӕр израилӕгтӕ фехъуыстой, уыдон сӕ сыхӕгтӕ кӕй сты ӕмӕ сын сӕ зӕххыл кӕй цӕрынц.

17 Уӕд израилӕгтӕ абалц кодтой ӕмӕ сын ӕртыккаг бон сӕ сахартӕм бахӕццӕ сты. Сӕ сахартӕ та уыдысты Гивон, Кефира, Беерот ӕмӕ Кирйат-Иарим.

18 Фӕлӕ сӕ израилӕгтӕ нӕ ныццагътой, уымӕн ӕмӕ сын адӕмы хицӕуттӕ ард бахордтой Дунедарӕгӕй, Израилы Хуыцауӕй. Уымӕ гӕсгӕ Израилы адӕм иууылдӕр хъуыр-хъуыр кӕнын райдыдтой хицӕуттыл.

19 Уыдон адӕмӕн дзуапп радтой: «Мах сын ард бахордтам Дунедарӕгӕй, Израилы Хуыцауӕй, ӕмӕ сӕ ныр нӕ бон бахъыгдарын нал у.

20 Афтӕ сын бакӕнӕм: сӕрӕгасӕй сӕ ныууадзӕм, науӕд нӕ ард куы фӕсайӕм, уӕд нӕ Дунедарӕджы азар баййафдзӕн.

21 Уадз ӕмӕ цӕрӕнт, фӕлӕ нырӕй фӕстӕмӕ суг сӕттӕнт ӕмӕ дон хӕссӕнт ӕгас дзыллӕйӕн». Ӕмӕ адӕм сӕ хицӕуттимӕ сразы сты.

22 Йешуа фӕсидт гивонӕгтӕм ӕмӕ сын загъта: «Нӕ зӕххыл куы цӕрут, уӕд нӕ цӕмӕн асайдтат, сымахӕй тынг дард цӕрӕм, зӕгъгӕ?

23 Ӕлгъыст стут уый тыххӕй! Уӕ фӕды-фӕдмӕ уыдзыстут цагъартӕ, суг сӕтдзыстут ӕмӕ дон хӕсдзыстут мӕ Хуыцауы хӕдзарӕн!»

24 Уыдон дзуапп радтой Йешуайӕн: «Дӕ цагъартӕ фехъуыстой, Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, Йӕ минӕвар Моисейӕн кӕй бафӕдзӕхста ацы зӕхх иууылдӕр сымахӕн раттын ӕмӕ йын йе ’ппӕт цӕрджыты дӕр ныццӕгъдын. Куы нӕ амарат, уымӕй тынг тарстыстӕм, ӕмӕ уымӕн афтӕ бакодтам.

25 Ныр мӕнӕ дӕ къухы стӕм, ӕмӕ дӕм хуыздӕр ӕмӕ растдӕр куыд кӕсы, афтӕ нын бакӕн».

26 Ӕмӕ Йешуа Израилы адӕмы нӕ бауагъта гивонӕгтӕм сӕ къух сисын.

27 Фӕлӕ уыцы бон Йешуа бардзырд радта, цӕмӕй гивонӕгтӕ суг сӕттой ӕмӕ дон хӕссой Израилы дзыллӕйӕн ӕмӕ Дунедарӕджы нывондхӕссӕнӕн. Ӕмӕ ныр дӕр уыцы куыстгӕнӕг сты, Дунедарӕг цы кувӕн бынат равзары, уым.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:



ကြော်ငြာတွေ