Нуны фырт Йешуа 8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстИзраилӕгтӕ Гайы сахар куыд басастой 1 Дунедарӕг Йешуайӕн загъта: «Мацӕмӕй тӕрс ӕмӕ мацӕуыл тыхс! Хӕстхъом адӕмы се ’ппӕты дӕр демӕ рахон ӕмӕ Гаймӕ фӕцу. Дӕ къухы дын бакӕндзынӕн Гайы паддзах ӕмӕ йӕ адӕмы ӕд сахар ӕмӕ ӕд зӕххытӕ. 2 Йерихонӕн ӕмӕ йӕ паддзахӕн цы ми бакодтай, Гайӕн ӕмӕ йӕ паддзахӕн дӕр уыцы ми бакӕн. Ӕрмӕст-иу ацы хатт уе ’фтиаг ӕд фос уӕхи фӕуӕд. Сахары чъылдыммӕ сӕ размӕ бабад». 3 Йешуа йе ’фсадимӕ Гайы сахары ’рдӕм араст. Равзӕрста дӕс ӕмӕ ссӕдз мин ӕхсарджыны ӕмӕ сӕ ӕхсӕвыгон разӕй арвыста. 4 Загъта сын: «Бабадут сахары чъылдыммӕ. Сахары цурӕй дард ма ацӕут, уе ’ппӕт дӕр уӕхи цӕттӕ дарут. 5 Ӕз та ӕгас ӕфсадимӕ баввахс уыдзынӕн сахармӕ. Гайы цӕрджытӕ та амӕй размӕйы хуызӕн нӕ ныхмӕ куы ралӕууой, уӕд лидзӕг фӕуыдзыстӕм. 6 Фӕсте нӕ расурдзысты, ӕмӕ сӕ афтӕмӕй сахарӕй ӕддӕмӕ расайдзыстӕм: афтӕ банхъӕлдзысты, ногӕй та фӕлидзӕг сты, зӕгъгӕ, 7 ӕмӕ-иу уӕд сымах уе ’мбӕхсӕн бынатӕй рахизут ӕмӕ сахармӕ бабырсут — Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн ӕй уӕ къухтӕм ратдзӕн. 8 Сахар куы байсат, уӕд-иу ыл, Дунедарӕг куыд загъта, афтӕ арт бандзарут. Уый уын мӕ бардзырд». 9 Афтӕмӕй сӕ арвыста Йешуа ӕмӕ ӕрӕмбӕхстысты Вефилӕй Гайы ’хсӕн, сахарӕн йӕ ныгуылӕнӕрдыгӕй фарс. Йешуа та бахсӕвиуат кодта йе ’фсады иннӕ хаимӕ. 10 Райсомӕй раджы Йешуа йӕ адӕммӕ ӕркаст ӕмӕ сӕ Израилы хистӕртимӕ Гайы ’рдӕм акодта. 11 Йемӕ цы хӕстонтӕ уыди, уыдон иууылдӕр сахармӕ ӕрбахӕстӕг сты. 12 Гайы цӕгатварс рӕсӕнуат скодтой, сахарӕй се ’хсӕн уыди дӕлвӕз. Фондз мин лӕджы бӕрц асадӕны равӕрдта Вефилӕй Гайы ӕхсӕн, сахары ныгуылӕнварс. 13 Ӕфсад лӕууыдысты афтӕ: сӕйраг хӕйттӕ — сахары цӕгатварс, иу къорд та — ныгуылӕнӕрдыгӕй. Ӕхсӕвы Йешуа йӕхи дӕлвӕзмӕ ныййиста. 14 Гайы паддзах сӕ куыддӕр федта, афтӕ йе ’ппӕт адӕмимӕ сӕумӕраджы Иорданы тӕрфырдӕм фахсмӕ ралӕбурдта израилӕгтимӕ схӕцынмӕ. Сахары чъылдыммӕ сӕ размӕ исчи бабадти, уый нӕ зыдта. 15 Йешуа ӕмӕ йе ’фсад, цыма саст ӕрцыдысты, уыйау сӕ разӕй ӕфсоны лыгъд акодтой ӕдзӕрӕг быдыры ’рдӕм. 16 Гайы цӕрджытӕм се ’ппӕтмӕ дӕр фӕсидтӕуыд, цӕмӕй фӕдисӕттимӕ баиу уой ӕмӕ Йешуайы баййафой. Йешуайы ӕфсад сӕ йӕ фӕдыл сахарӕй дӕрддзӕф расайдта. 17 Иунӕг лӕг дӕр нал баззад нӕдӕр Гайы, нӕдӕр Вефилы — иууылдӕр израилӕгты фӕдыл агуылф кодтой, сахары кулдуар та дзӕгъӕл ныууагътой. 18 Уӕд Дунедарӕг загъта Йешуайӕн: «Де ’хсаргардӕй Гайы ’рдӕм ацамон, сахар дын дӕ къухтӕм дӕттын». Йешуа йе ’хсаргард сахары ’рдӕм куы фӕцарӕзта, 19 уӕд ӕмбӕхст хӕстонтӕ сӕ бынатӕй фӕгӕппытӕ ластой, сахармӕ бабырстой ӕмӕ йӕ бацахстой. Уайтагъд ыл арт бандзӕрстой. 20-21 Гайы фӕдисӕттӕ фӕстӕмӕ фӕкастысты ӕмӕ, сӕ сахар куыд судзы, уый ауыдтой, йӕ фӕздӕг арвмӕ цавта. Налдӕр сын иуӕрдӕм фӕндаг уыди, налдӕр — иннӕрдӕм. Йешуаимӕ Израилы ӕфсадӕй ӕдзӕрӕг быдыры ’рдӕм ӕфсоны лыгъд чи кодта, уыдон дӕр сахары сӕрмӕ фӕздӕгӕй базыдтой, ӕмбӕхстӕй чи бадти, уыдон сахар кӕй байстой, ӕмӕ фӕстӕмӕ фездӕхтысты, сӕ сурджытыл сӕхи ныццавтой. 22 Сахар чи бацахста, уыдон дӕр сӕм фӕстӕты ралӕбурдтой, ӕмӕ гайӕгтӕ цъысымы бахаудысты. Ахӕм цагъд сын ныккодтой израилӕгтӕ, ӕмӕ дзы иу дӕр ӕгасӕй нал баззад, иуӕн дӕр дзы алидзын нӕ бантыст. 23 Гайы паддзахы та удӕгасӕй ӕрцахстой ӕмӕ йӕ Йешуайы размӕ ӕрбакодтой. 24 Гайы фӕдисӕттӕ израилӕгты кӕдӕм фӕцӕйсырдтой, уыцы ӕдзӕрӕг быдыры сӕхӕдӕг карды амӕттаг куы баисты фӕстаджы онг, уӕд израилӕгтӕ иууылдӕр разылдысты Гаймӕ ӕмӕ дзы чи баззад, уыдоны дӕр бындзагъд ныккодтой кардӕй. 25 Уыцы бон Гайы адӕмӕй — дыууадӕс мин цӕрӕгӕй — иу дӕр сӕрӕгасӕй нал баззад, иууылдӕр карды амӕттаг баисты нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй. 26 Цалынмӕ сӕ Дунедарӕджы номыл бынтондӕр нӕ бабын кодта, уӕдмӕ Гайы ’рдӕм амыдта Йешуа йе ’хсаргардӕй. 27 Израилӕгтӕ сахарӕн ӕрмӕст йӕ фос ӕмӕ исбон бакодтой сӕхи, Йешуайӕн Дунедарӕг куыд бафӕдзӕхста, афтӕ. 28 Гайы сахар та Йешуа арты хай бакодта, ӕнустӕм ӕй хъӕууатӕй ныууагъта. 29 Гайы паддзахы ӕрцауындзын кодта бӕласыл ӕмӕ изӕрдалынгтӕм ауыгъдӕй фӕлӕууыд. Хурныгуылдыл Йешуайы дзырдмӕ гӕсгӕ марды бӕласӕй ӕристой ӕмӕ йӕ сахары кулдуармӕ аппӕрстой, стӕй йыл дурты стыр цӕнд самадтой. Цӕнд абон дӕр ма лӕууы. Нуны фырт Йешуа кӕсы Ӕгъдауы чиныг 30 Уый фӕстӕ Йешуа Эвалы хохыл Дунедарӕгӕн, Израилы Хуыцауӕн, сарӕзта нывондхӕссӕн. 31 Сарӕзта йӕ, Дунедарӕджы цагъар Моисей израилӕгтӕн куыд бацамыдта ӕмӕ Моисейы Ӕгъдауы чиныджы куыд фыст ис, афтӕ: ӕфсӕйнаг кусӕнгарзӕй кӕмӕ нӕ бавнӕлдӕуыд, ахӕм дуртӕй. Дунедарӕгӕн ыл ӕрхастой иууылсудзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ фидыды нывӕндтӕ. 32 Уыцы ран Йешуа ӕндӕр дуртыл ӕппӕт израилӕгты раз ногӕй ныффыста Моисейы Ӕгъдауы чиныг. 33 Адӕм иууылдӕр — бындурон цӕрӕг израилӕгтӕ ӕмӕ ӕрцӕуӕггӕгтӕ Израилы хистӕртимӕ, чапартимӕ, тӕрхонгӕнджытимӕ — лӕууыдысты Дунедарӕджы Фидыды Чырыны фӕйнӕфарс, Левийы байзӕддӕгты, Фидыды Чырын чи хаста, уыцы сауджынты акомкоммӕ. Адӕмы иу ӕмбис лӕууыди Геризимы хохы фахсыл, иннӕ ӕмбис та — Эвалы хохы фахсыл. Израилы адӕмӕн ахӕм арфӕ ракӕнын бафӕдзӕхста йӕ заманы Дунедарӕджы цагъар Моисей. 34 Стӕй Йешуа хъӕрӕй бакаст Ӕгъдауы чиныг ӕнӕхъӕнӕй, арфӕтӕ ӕмӕ ӕлгъыстытӕ, куыддӕриддӕр фыст ӕрцыдысты, афтӕ. 35 Моисей цыдӕриддӕр бафӕдзӕхста, уыдӕттӕй ӕппӕт Израилы дзыллӕтӕн — суанг сылгоймӕгтӕн, сывӕллӕттӕн, се ’хсӕн чи цардис, уыцы ӕрцӕуӕггӕгтӕн — Йесо цы нӕ бакаст, ахӕм нал баззади. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia