Нуны фырт Йешуа 7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстАханы тӕригъӕд ӕмӕ йӕ бафхӕрд 1 Фӕлӕ израилӕгтӕ, ӕлгъыстаг дзауматы тыххӕй цы бафӕдзӕхстӕуыд, уый нӕ сӕххӕст кодтой. Зарахы байзӕддаг, Завдийы фырты фырт, Кармийы фырт Ахан, Иудӕйы хӕдзарвӕндагӕй, рахаста, ӕлгъыстаг цы уыд, уыдонӕй, ӕмӕ Дунедарӕгӕн Йӕ маст ссыгъд израилӕгтӕм. 2 Йешуа Йерихонӕй йе сгарджыты арвыста Вефилӕй скӕсӕнӕрдӕм, Бет-Авенмӕ хӕстӕг сахар Гаймӕ. Бафӕдзӕхста сын: «Ацӕут ӕмӕ уыцы бӕстӕ басгарут». Уыдон ацыдысты ӕмӕ Гайы сахарыл ӕрзылдысты. 3 Йешуамӕ куы ӕрбаздӕхтысты, уӕд ын загътой: «Ӕппӕт адӕмы уырдӕм цӕуыны сӕр ницӕмӕн хъӕуы. Дыууӕ кӕнӕ ӕртӕ мин лӕджы куы ацӕуа, уӕддӕр ӕгъгъӕд уыдзӕни Гайы сахар басӕттынӕн. Бирӕ не сты гайӕгтӕ, ӕмӕ ӕппӕт адӕмы ма бафтау фыдӕбоныл». 4 Израилӕгтӕй уырдӕм ацыди ӕртӕ мин лӕджы бӕрц, фӕлӕ сӕ Гайы цӕрджытӕ фӕстӕмӕ лидзӕг фӕкодтой. 5 Ӕхсӕрдӕс ӕмӕ ссӕдз лӕджы амардтой, сахары кулдуарӕй сӕ дуркъахӕнты онг фӕсырдтой ӕмӕ сӕ уым хохы фахсыл фӕцагътой. Уыйадыл Израилы адӕмӕн сӕ зӕрдӕты тас бацыди, сӕ ныфс асасти. 6 Йешуа йӕ дарӕс фӕйнӕрдӕм арӕдывта ӕмӕ ныддӕлгом ис зӕххыл Дунедарӕджы Фидыды Чырыны раз ӕмӕ афтӕмӕй баззади суанг изӕрмӕ. Израилы хистӕртӕ дӕр ӕй бафӕзмыдтой, сӕ сӕртыл рыг байзӕрстой. 7 Йешуа загъта: «О Дунедарӕг, Бардарӕг! Ацы адӕмы Иорданы сӕрты цӕй номыл ӕрбахизын кодтай? Аморӕгты къухтӕм раттыны ӕмӕ фесафыны тыххӕй? Фӕлтау Иорданы фале куы баззадаиккам! 8 О Бардарӕг! Ныр цы хъуамӕ зӕгъон, израилӕгтӕ сӕ фыдгулты разӕй лидзӕг куы фесты, уӕд? 9 Ханаанӕгтӕ ӕмӕ ацы бӕстӕйы иннӕ цӕрджытӕ ацы хабар фехъусдзысты ӕмӕ ныл ӕрхъула кӕндзысты, нӕ кой дӕр нын нал ныууадздзысты зӕххыл. Ӕмӕ уӕд Дӕ кадджын ном цӕсты бафтынӕй куыд бахиздзынӕ?» 10 «Уӕлӕмӕ сыст, — загъта Дунедарӕг Йешуайӕн, — цы ныддӕлгом дӕ зӕххыл? 11 Израилӕгтӕ тӕригъӕды бацыдысты, семӕ цы фидыд сарӕзтон, уый фехӕлдтой. Ӕлгъыстаг цы у, уымӕй райстой, басусӕг ӕй кодтой ӕмӕ йӕ сӕ дзаумӕтты ’хсӕн бамбӕхстой. 12 Уымӕ гӕсгӕ израилӕгтӕн сӕ бон нӕ баци фыдгулты ныхмӕ фӕлӕууын, ӕмӕ лидзӕг фесты знӕгтӕй. Ныр сӕхӕдӕг дӕр ӕлгъыстаг фесты. Ӕлгъыстаг цы у, уый уе ’хсӕнӕй куынӕ фесафат, уӕд амӕй фӕстӕмӕ Ӕз нал уыдзынӕн уемӕ. 13 Сыст ӕмӕ адӕмы ссыгъдӕг кӕн! Зӕгъ сын, райсомы бонмӕ, зӕгъ, уӕхи ссыгъдӕг кӕнут, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: израилӕгтӕ, уе ’хсӕн ис ӕлгъыстаг дзауматӕ, ӕмӕ сӕ цалынмӕ нӕ фервӕзат, уӕдмӕ уӕ бон фыдгулты ныхмӕ лӕууын нӕ бауыдзӕн. 14 Райсом Мӕм, зӕгъ, хӕдзарвӕндаггай ӕрбацӕут. Дунедарӕг кӕмӕ бацамона, уыцы хӕдзарвӕндаг ӕрбалӕууӕд мыггаггай. Дунедарӕг кӕмӕ бацамона, уыцы мыггаг ӕрбалӕууӕд хӕдзаргай. Дунедарӕг кӕмӕ бацамона, уыцы бинонтӕ ӕрбалӕууӕнт иугай. 15 Ӕлгъыстаг дзаума кӕмӕ разына, уый йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕ исбон дӕр арты сыгъд ӕрцӕуӕд, Дунедарӕджы бадзырды сӕрты кӕй ахызт ӕмӕ израилӕгты ’хсӕн ӕлгъаг хъуыддаг кӕй сарӕзта, уый тыххӕй». 16 Йешуа сӕумӕйӕ Израилы адӕмӕн бардзырд радта, хӕдзарвӕндаггай куыд ӕрбалӕууой, ӕмӕ бацамындӕуыд Иудӕйы хӕдзарвӕндагмӕ. 17 Уый фӕстӕ Иудӕйы мыггӕгтӕн бардзырд радта, ӕрбалӕуут, зӕгъгӕ, ӕмӕ бацамындӕуыд Зарахы мыггагмӕ. Зарахы мыггагӕн загъта, хӕдзаргай йӕм куыд ӕрбалӕууой, ӕмӕ бацамындӕуыд Завдийы бинонтӕм. 18 Бинонтӕн загъта, иугай йӕм куыд ӕрбалӕууой, ӕмӕ бацамындӕуыд Иудӕйы хӕдзарвӕндагӕй Зарахы байзӕддаг Завдийы фырт Кармийы фырт Аханмӕ. 19 Йешуа загъта Аханӕн: — Мӕ фырт, скад кӕн Дунедарӕгӕн, Израилы Хуыцауӕн, сыстау Ӕй! Радзур мын, цы бакодтай, уый, мацы мӕ басусӕг кӕн. 20 Ахан дзуапп радта Йешуайӕн: — Ӕцӕг у уый, ӕз тӕригъӕды бацыдтӕн Дунедарӕджы, Израилы Хуыцауы раз. Мӕнӕ цы бакодтон: 21 цы ӕфтиаг райстам, уый ӕхсӕн федтон шинараг пӕлӕз — ӕвӕджиауы рӕсугъд, стӕй дыууӕсӕдӕ шекелы ӕвзист, дыууӕсӕдӕ фӕндзай шекелы бӕрц та сыгъзӕрины къӕртт. Тынг сӕм бацыбӕл дӕн ӕмӕ сӕ райстон. Ныр ӕмбӕхст сты мӕ цатыры, зӕххы бын; ӕппӕты бынӕй — ӕвзист. 22 Уӕд Йешуа адӕмы арвыста, ӕмӕ Аханы цатырмӕ азгъордтой. Ахан цытӕ ранымадта, уыдӕттӕ иууылдӕр йӕ цатыры ӕмбӕхст разындысты, ӕвзист уыди ӕппӕты бынӕй. 23 Ӕрвыст лӕгтӕ сӕ Йешуа ӕмӕ Израилы дзыллӕйы размӕ ӕрбахастой ӕмӕ сӕ Дунедарӕджы Фидыды Чырыны раз ӕрӕвӕрдтой. 24 Йешуа ӕмӕ Израилы дзыллӕ бавдӕлдысты ӕмӕ Зарахы фырт Аханы ӕд ӕвзист, ӕд дарӕс, ӕд сыгъзӕрины къӕртт, йӕ фырттӕ ӕмӕ йӕ чызджытимӕ, йӕ галтӕ ӕмӕ йӕ хӕрджытимӕ, йӕ лыстӕг фос ӕмӕ йӕ цатыримӕ, йе ’ппӕт исбонимӕ Ахоры дӕлвӕзмӕ акодтой. 25 Уым Йешуа загъта Аханӕн: «Ацы фыдбылыз ныл цӕмӕн бафтыдтай? Абон дын Дунедарӕг дӕхиуыл фыдбылыз ӕфтауы!» Ӕмӕ Израилы дзыллӕ уым Аханы дурты бын фӕкодтой. Уый фӕстӕ та — уырдӕм ма кӕй ӕрбакодтой, уыдоны се ’ппӕты дӕр, ӕмӕ сӕ басыгътой. 26 Сӕ уӕлӕ сын дурты кӕри самадтой. Ууыл Дунедарӕгӕн Йӕ маст ссыди. Уыцы бынат та абон дӕр ма хуыйны «Ахоры дӕлвӕз». |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia