Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -

Нуны фырт Йешуа 6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Йерихоны систӕ ныккалдысты

1 Дунедарӕг Йешуайӕн загъта: «Дӕ къухмӕ дын дӕттын Йерихон йӕ паддзах ӕмӕ йӕ хӕстонтимӕ.

2 Хӕстхъом уӕ чидӕриддӕр у, уыдон ӕхсӕз боны дӕргъы сахары алыварс алы бон дӕр иу зылд кӕнӕнт.

3 Авд сауджыны фӕйнӕ сыкъауадындзы хӕссӕнт Фидыды Чырыны разӕй. Ӕвдӕм бон та сахары алыварс ӕрзилут авд хатты, ӕмӕ сауджынтӕ сыкъауадындзтӕй уасӕнт.

4 Сыкъауадындз куыддӕр ныууаса ӕмӕ йӕ куыддӕр фехъусат, афтӕ адӕм иууылдӕр сӕ хъӕлӕсы дзаг ӕмхъӕр ныккӕнӕнт, ӕмӕ сахары систӕ бындзарӕй афӕлдӕхдзысты. Уӕд, сахарыл цы адӕм ӕрхъула кодтой, уыдон мидӕмӕ бабырсӕнт, алчидӕр сӕ, кӕм ис, ууылты».

5 Нуны фырт Йешуа фӕсидт сауджынтӕм ӕмӕ сын загъта: «Дунедарӕджы Фидыды Чырын сисут, авд сауджыны та фӕйнӕ сыкъауадындзы хӕссӕнт Фидыды Чырыны разӕй».

6 Адӕмӕн та загъта: «Цӕут ӕмӕ сахары алыварс ӕрзилут! Хотыхджынты раззаг къорд Дунедарӕджы Фидыды Чырыны разӕй цӕуӕд».

7 Йешуа адӕмӕн куыддӕриддӕр загъта, афтӕ бакодтой. Фӕйнӕ сыкъауадындзы хӕссӕг авд сауджыны араст сты Дунедарӕджы Фидыды Чырыны разӕй ӕмӕ уадындзтӕй уасыдысты. Фидыды Чырын та сын хастӕуыди сӕ фӕстӕ.

8 Хотыхджынты къорд, уадындзтӕ кӕмӕ уыд, уыцы сауджынтӕн цыди сӕ разӕй, иннӕ хӕстонтӕ — Фидыды Чырыны фӕдыл. Сауджынтӕ цӕугӕ-цӕуын сыкъауадындзтӕй уасыдысты.

9 Йешуа адӕмӕн бафӕдзӕхста: «Тохы хъӕр ма ныккӕнут, уӕ хъӕлӕс ма райхъуысӕд ӕмӕ уӕ дзыхӕй иу ныхас дӕр ма схауӕд. Ахӕм бон ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ уын мӕхӕдӕг бардзырд ратдзынӕн, тохы хъӕр ныккӕнут, зӕгъгӕ, ӕмӕ-иу уӕд ныхъхъӕр кӕнут».

10 Афтӕмӕй Дунедарӕджы Фидыды Чырын сахары алыварс иу хатт ӕрзылди, стӕй рӕсӕнуатмӕ раздӕхтысты ӕмӕ дзы бахсӕвиуат кодтой.

11 Дыккаг бон та Йешуа сӕумӕрайсом сыстад, ӕмӕ та сауджынтӕ Дунедарӕджы Фидыды Чырын ахастой.

12 Авд сауджыны, алкӕмӕн дӕр йӕ сыкъауадындз йӕ къухы, афтӕмӕй, сыкъауадындзтӕй уасгӕйӕ, Дунедарӕджы Фидыды Чырыны разӕй араст сты. Уыдоны разӕй цыдысты гӕрзифтонг хӕстонтӕ, Фидыды Чырыны фӕдыл та, цӕуджытӕн се ’ппӕты фӕсте — хӕстонты иннӕ къорд; сыкъауадындзтӕ уасыдысты ӕнӕрӕнцойӕ.

13 Дыккаг бон дӕр афтӕ — сахары алыварс иу хатт ӕрзылдысты ӕмӕ рӕсӕнуатмӕ ӕрбаздӕхтысты. Афтӕ фӕкодтой ӕхсӕз боны дӕргъы.

14 Ӕвдӕм бон та бонивайӕнтыл райдыдтой сахары алыварс зилын, ныронг куыд кодтой, афтӕ, ӕцӕг ацы хатт йӕ алыварс ӕрзылдысты авд хатты.

15 Сауджынтӕ ӕвдӕм зылды кӕрон куы ныууасыдысты сӕ уадындзтӕй, уӕд Йешуа адӕмӕн загъта: «Ныхъхъӕр кӕнут! Дунедарӕг уын сахар уӕ къухмӕ радта!

16 Ацы сахар хъуамӕ ӕлгъыстаг фӕуа, чидӕриддӕр дзы ис, уыдонимӕ, хъуамӕ бабын уа — Дунедарӕгӕн лӕвӕрд ӕрцӕуа. Ӕрмӕстдӕр хӕтаг сылгоймаг Рахав баззайӕд удӕгасӕй — йӕхицӕй дарддӕр ма йӕ хӕдзары чи уа, уыдонимӕ, уымӕн ӕмӕ нын не сгарджыты бамбӕхста.

17 Сымах та уӕхи бахизут, ӕлгъыстаг цы дзауматӕ фесты, уыдонӕй, мацы дзы райсут, науӕд ӕлгъыстаг фӕкӕндзыстут израилӕгты рӕсӕнуат, фыдбылыз ыл бафтаудзыстут.

18 Ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕринӕй, ӕрхуы ӕмӕ ӕфсӕйнаг дзаумӕттӕй дзы цы ссарат, уыдон суӕнт Дунедарӕджы уаз хай — ӕфснайд ӕрцӕуӕнт Йӕ хӕдзары хӕзнадоны».

19 Сыкъауадындзтӕ ныууасыдысты, ӕмӕ адӕм сӕ хъӕлӕсы дзаг ӕмхъӕр ныккодтой. Сахары систӕ сӕ бындзарӕй афӕлдӕхтысты, ӕмӕ адӕм алырдыгӕй сахармӕ бабырстой ӕмӕ йӕ бацахстой.

20 Дунедарӕджы номыл ӕлгъыстаг фӕкодтой, сахары мидӕг цӕрдудӕй цыдӕриддӕр уыдис, уыдон: нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгты, ӕрыгӕттӕ ӕмӕ зӕрӕдты, суанг галтӕ, фыстӕ ӕмӕ хӕрджыты — се ’ппӕты дӕр карды амӕттаг бакодтой.

21 Бӕстӕ чи басгӕрста, уыцы дыууӕ лӕгӕн Йешуа загъта: «Хӕтаг сылгоймаг Рахавы хӕдзармӕ фӕцӕут ӕмӕ, ард куыд бахордтат, афтӕ йӕ сахарӕй йе ’ппӕт хӕдзаронтимӕ ракӕнут».

22 Уыдон ацыдысты ӕмӕ Рахавы йӕ фыд, йӕ мад, йе ’фсымӕртӕ, йӕ хӕстӕджытимӕ сахарӕй ракодтой ӕмӕ сын израилӕгты рӕсӕнуаты ӕдде ӕрбынат кодтой.

23 Сахар ӕд ис-бис израилӕгтӕ басыгътой, ӕрмӕст дзы ӕвзистӕй, сыгъзӕринӕй, ӕрхуы ӕмӕ ӕфсӕйнаг дзаумӕттӕй цыдӕриддӕр уыд, уыдон Дунедарӕджы хӕдзары хӕзнадонмӕ радтой.

24 Йешуа хӕтаг сылгоймаг Рахавы ӕд бинонтӕ ӕмӕ хӕдзаронтӕ, йе ’ппӕт хӕстӕджытимӕ сӕрӕгасӕй ныууагъта, ӕмӕ сӕ мыггаг ныр дӕр ма цӕры израилӕгты ’хсӕн, уымӕн ӕмӕ Рахав уымӕй размӕ бамбӕхста, Йешуа Йерихонмӕ кӕй барвыста, уыцы сгарджыты.

25 Уыцы рӕстӕг Йешуа ард бахордта: «Дунедарӕджы ӕлгъыст баййафдзӕн, Йерихоны сахар ногӕй саразынмӕ чи бавнала, уый. Сахарӕн бындур куы ӕрӕвӕра, уӕд бабын уыдзӕн йӕ зӕнӕджы хистӕр, кулдуар ын куы сараза, уӕд та — йӕ зӕнӕджы кӕстӕр».

26 Ӕмӕ Дунедарӕг аудыдта Йешуайыл, ӕмӕ Йешуайы ном айхъуыст ӕгас бӕстыл.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:



ကြော်ငြာတွေ