Нуны фырт Йешуа 4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстДыууадӕс дуры зӕрдылдарынӕн 1 Израилы адӕм Иорданы фаллаг фарсмӕ куы бахызтысты, уӕд Дунедарӕг Йешуайӕн загъта: 2 «Адӕмӕй дыууадӕс лӕджы равзарут, алы хӕдзарвӕндагӕй дӕр иу лӕг, 3 ӕмӕ сын бафӕдзӕхсут, цӕмӕй, Иорданы бӕстастӕу сауджынтӕ кӕм лӕууынц, уырдыгӕй сисой дыууадӕс дуры, семӕ сӕ ахӕссой ӕмӕ, ӕхсӕвиуат кӕм кӕндзыстут, уым сӕ ӕрӕвӕрой». 4 Йешуа израилӕгтӕй равзӕрста дыууадӕс лӕджы, алы хӕдзарвӕндагӕй дӕр иу лӕг, 5 ӕмӕ сын загъта: «Цӕугӕут Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, Фидыды Чырынмӕ, Иорданы бӕстастӕумӕ, ӕмӕ уӕ алчидӕр, Израилы хӕдзарвӕндӕгты нымӕцмӕ гӕсгӕ, фӕйнӕ дуры сисӕд йе уӕхскмӕ. 6 Уыдзысты уын зӕрдылдарӕн. Фидӕны уӕ куы фӕрсой уӕ байзӕддӕгтӕ, ацы дуртӕ уын цы сты, зӕгъгӕ, 7 уӕд сын дзуапп дӕтдзыстут: „Дунедарӕджы Фидыды Чырын Иорданыл куы фӕцӕйхызт, уӕд дон йӕ разы уӕлӕрдыгӕй ауӕзтау ӕрлӕууыд. Уыйадыл ацы дуртӕ израилӕгтӕн сты ӕнустӕм зӕрдылдарӕн“». 8 Йешуайы фӕдзӕхст сӕххӕст кодтой израилӕгтӕ. Дунедарӕг Йешуайӕн куыд загъта, афтӕ Иорданы бӕстастӕуӕй систой дыууадӕс дуры, Израилы хӕдзарвӕндӕгты нымӕцмӕ гӕсгӕ, рӕсӕнуатмӕ сӕ рахастой ӕмӕ сӕ уым ӕрӕвӕрдтой. 9 Йешуа ӕндӕр дыууадӕс дуры ӕрӕвӕрдта Иорданы бӕстастӕу, Фидыды Чырын хӕссӕг сауджынтӕ кӕм лӕууыдысты, уым. Дуртӕ абон дӕр ма уыцы ран лӕууынц. 10 Чырын хӕссӕг сауджынтӕ Иорданы бӕстастӕу лӕууыдысты, Дунедарӕг Йешуайы дзыхӕй адӕмӕн цытӕ бафӕдзӕхста, уыдӕттӕ иууылдӕр цалынмӕ ӕххӕстгонд ӕрцыдысты, уӕдмӕ. Ахӕм уыди Моисейы фӕдзӕхст дӕр Йешуайӕн. Адӕм тагъд-тагъд ахызтысты доны фаллаг фарсмӕ. 11 Иууылдӕр куы фӕфале сты, уӕд Иорданыл ахызти Дунедарӕджы Фидыды Чырын дӕр, ӕмӕ сауджынтӕ йемӕ ӕрлӕууыдысты адӕмы разӕй. 12 Моисей сын куыд загъта, афтӕ Рувимы ӕмӕ Гады хӕдзарвӕндӕгтӕ, стӕй Менассиайы хӕдзарвӕндаджы ӕмбис иннӕ израилӕгты разӕй хӕстифтонгӕй ахызтысты фаллаг фарсмӕ. 13 Дыууиссӕдз мины бӕрц хӕстоны Дунедарӕджы раз абырстой Йерихоны дӕлвӕзмӕ схӕцынмӕ. 14 Уыцы бон Дунедарӕг Йешуайы скадджын кодта Израилы адӕмы цӕсты, ӕмӕ, Моисейы куыд нымадтой, афтӕ йӕ нымадтой уӕдӕй фӕстӕмӕ йӕ цард-цӕрӕнбонты. 15 Дунедарӕг Йешуайӕн загъта: 16 «Фидыды Чырын хӕссӕг сауджынтӕн зӕгъ, ӕмӕ Иорданӕй рахизой». 17 Йешуа сауджынтӕн загъта: «Рахизут Иорданӕй». 18 Дунедарӕджы Фидыды Чырын хӕссӕг сауджынтӕ куыддӕр Иорданӕй рахызтысты ӕмӕ былгӕрон сурыл ӕрлӕууыдысты, афтӕ Иордан йӕ донвӕдыл агуылф ласта ӕмӕ раздӕрау йӕ былтӕй акалди. 19 Адӕм Иорданы сӕрты ахызтысты фыццаг мӕйы дӕсӕм бон ӕмӕ рӕсӕнуаты ӕрлӕууыдысты Гилгалы, Йерихоны бӕстӕйы скӕсӕйнаг арӕныл. 20 Иорданӕй цы дыууадӕс дуры рахастой, уыдон Йешуа ӕрӕвӕрдта Гилгалы 21 ӕмӕ израилӕгтӕн загъта: «Уӕ байзӕддӕгтӕ фидӕны уӕ фыдӕлты куы фӕрсой, ацы дуртӕ цы амонынц, зӕгъгӕ, 22 уӕд-иу сын дзуапп раттут: „Иорданы доныл ацы ран ахызтысты израилӕгтӕ, сур зӕххыл цӕуӕгау“. 23 Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн уӕ развӕндагыл Иорданы дон байсысын кодта, цалынмӕ йыл ахызтыстут, уӕдмӕ. Раст афтӕ бакодта амӕй размӕ Сырх денджызӕн дӕр: цалынмӕ йыл ахызтыстӕм, уӕдмӕ йӕ нӕ развӕндагыл байсысын кодта Дунедарӕг, нӕ Хуыцау. 24 Уадз ӕмӕ зӕххыл ӕппӕт адӕмтӕ дӕр базоной, Дунедарӕджы къух куыд тыхджын у, уый, ӕмӕ уӕхӕдӕг дӕр ӕдзухдӕр куыд кад кӕнат Дунедарӕгӕн, уӕ Хуыцауӕн!» |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia