Нуны фырт Йешуа 21 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстЛевитты сахартӕ 1 Левитты мыггӕгты хистӕртӕ бацыдысты сауджын Елеазармӕ, Нуны фырт Йешуамӕ ӕмӕ Израилы мыггӕгты хистӕртӕм — 2 уый уыди Ханааны зӕххыл, Силомы сахары, — ӕмӕ сын загътой: «Дунедарӕг йӕ заманы Моисейӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй нын лӕвӕрд ӕрцӕуа цӕрӕн сахартӕ, сахарты алывӕрсты та — нӕ фосӕн сӕрвӕттӕ». 3 Ӕмӕ Дунедарӕджы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ израилӕгтӕ сӕ зӕххы хӕйттӕй левиттӕн рауӕлдай кодтой сахартӕ сӕ алыварс сӕрвӕттимӕ. 4 Кехаты мыггагӕн хал сӕппӕрстой ӕмӕ халмӕ гӕсгӕ сауджын Аароны байзӕддӕгтӕм, левиттӕм, Иудӕ, Симеон ӕмӕ Бениамины хӕдзарвӕндӕгтӕй ӕрхауди ӕртындӕс сахары. 5 Кехаты иннӕ байзӕддӕгтӕм, левиттӕм, Ефрем ӕмӕ Даны хӕдзарвӕндӕгты, стӕй Менассиайы хӕдзарвӕндаджы ӕмбисы мыггӕгтӕй халмӕ гӕсгӕ ӕрхауди дӕс сахары. 6 Гершоны байзӕддӕгтӕм — левиттӕм, Иссахары, Асиры ӕмӕ Неффалимы хӕдзарвӕндӕгты, стӕй Менассиайы хӕдзарвӕндаджы ӕмбисы мыггӕгтӕй халмӕ гӕсгӕ Башаны ӕрхауди ӕртындӕс сахары. 7 Мерарийы байзӕддӕгтӕм, левиттӕм, сӕ мыггӕгтӕм гӕсгӕ, Рувимы, Гады ӕмӕ Зевулоны хӕдзарвӕндӕгтӕй ӕрхауди дыууадӕс сахары. 8 Ацы сахартӕ израилӕгтӕ сӕ алыварс сӕрвӕттимӕ левиттӕн радтой халмӕ гӕсгӕ, Дунедарӕг Моисейӕн куыд бафӕдзӕхста, афтӕ. 9 Мӕнӕ, Иудӕ ӕмӕ Симеоны хӕдзарвӕндӕгтӕй левиттӕм цы сахартӕ ӕрхауд, уыдон. 10 Лӕвӕрд ӕрцыдысты Аароны фӕстагӕттӕн — Кегъаты байзӕддӕгтӕн, левиттӕн, уымӕн ӕмӕ фыццаг уыдоны хал схаудта. 11 Радтой сын Анакы фыд Арбайы сахар — Кирйат-Арба (ома Хеврон), Иудӕйы хохыл, ӕмӕ сахарӕн йӕ алыварс сӕрвӕттӕ. 12 Ӕцӕг, ацы сахары алыварс быдыртӕ ӕмӕ хъӕутӕ исбонӕн радтой Иефоннейы фырт Калевӕн. 13 Сауджын Аароны байзӕддӕгтӕн радтой ӕмбӕхсӕн сахар Хеврон йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ, стӕй Ливнӕйы сахар йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ; 14 Йатир йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ, Ештемоа йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ, 15 Холон йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ, Девир йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ, 16 Аин йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ, Ютта йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ, Бет-Шемеш йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ: фараст сахары ацы дыууӕ хӕдзарвӕндагӕй. 17 Бениамины хӕдзарвӕндагӕй: Гивон йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ, Гевӕ йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ, 18 Анатот йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ, Алмон йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ: цыппар сахары. 19 Аароны байзӕддӕгтӕм, сауджынтӕм, ӕдӕппӕтӕй ӕрхауди ӕртындӕс сахары сӕ алыварс сӕрвӕттимӕ. 20 Кехаты байзӕддӕгтӕм, левитты иннӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм, халмӕ гӕсгӕ сахартӕ ӕрхауди Ефремы хӕдзарвӕндагӕй. 21 Ефремы хохыл сын радтой ӕмбӕхсӕн сахар Шехем йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ, стӕй Гезер йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ; 22 Кивцаим йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ, Бет-Хорон йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ: цыппар сахары. 23 Даны хӕдзарвӕндагӕй сын радтой Елтехъе йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ, Гиббетон йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ, 24 Айалон йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ, Гат-Риммон йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ: цыппар сахары. 25 Менассиайы хӕдзарвӕндаджы ӕмбисӕй сын радтой Таанах йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ, Гат-Риммон йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ: дыууӕ сахары. 26 Кехаты байзӕддӕгтӕм — левитты иннӕ мыггӕгтӕм, ӕдӕппӕтӕй ӕрхауди дӕс сахары сӕ алыварс сӕрвӕттимӕ. 27 Гершоны байзӕддӕгтӕн, левитты мыггӕгтӕн, радтой: Менассиайы хӕдзарвӕндаджы ӕмбисӕй — ӕмбӕхсӕн сахар Голан йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ Башаны, стӕй Беештерайы йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ: дыууӕ сахары. 28 Иссахары хӕдзарвӕндагӕй — Кишион йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ, Даверат йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ, 29 Йармут йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ, Ен-Ганним йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ: цыппар сахары. 30 Асиры хӕдзарвӕндагӕй — Мишал йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ, Авдон йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ, 31 Хелкат йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ, Рехов йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ: цыппар сахары. 32 Неффалимы хӕдзарвӕндагӕй — ӕмбӕхсӕн сахар Кедеш йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ Галилейы, Хаммот-Дор йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ, Картан йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ: ӕртӕ сахары. 33 Афтӕмӕй Гершоны байзӕддӕгтӕм, левитты мыггӕгтӕм, ӕдӕппӕт ӕрхауди ӕртындӕс сахары сӕ алыварс сӕрвӕттимӕ. 34 Мерарийы байзӕддӕгтӕн, левитты иннӕ мыггӕгтӕн, радтой: Зевулоны хӕдзарвӕндагӕй — Йокнеам йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ, Карта йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ, 35 Димна йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ, Нахалал йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ: цыппар сахары. 36 Рувимы хӕдзарвӕндагӕй — ӕмбӕхсӕн сахар Бецер йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ, Йахац йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ, 37 Кедемот йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ, Мефаат йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ: цыппар сахары. 38 Гады хӕдзарвӕндагӕй — ӕмбӕхсӕн сахар Рамот йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ Галаады, стӕй Маханаим йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ; 39 Хешбон йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ, Йазер йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ: ӕдӕппӕтӕй цыппар сахары. 40 Мерарийы байзӕддӕгтӕм — левитты мыггӕгтӕм, халӕппӕрстӕй ӕдӕппӕт ӕрхауди дыууадӕс сахары. 41 Израилӕгты зӕххыты ӕхсӕн левиттӕн ӕдӕппӕт уыди аст ӕмӕ дыууиссӕдз сахары сӕ алыварс сӕрвӕттимӕ. 42 Уыцы сахартимӕ сын лӕвӕрд цыдысты сӕ алыварс сӕрвӕттӕ дӕр. 43 Ӕмӕ афтӕмӕй Дунедарӕг Израилы адӕмӕн радта, сӕ фыдӕлтӕн сын ард кӕмӕй бахордта, уыцы зӕххытӕ иууылдӕр, ӕмӕ сӕ фыдӕй-фыртмӕйы исбонӕн райстой ӕмӕ дзы ӕрцардысты. 44 Дунедарӕг сын удӕнцой цард радта алырдыгӕй дӕр, сӕ фыдӕлтӕн ард куыд бахордта, афтӕ. Сӕ фыдгултӕй иунӕджы бон дӕр сӕ ныхмӕ фӕлӕууын нӕ бацис. Иууылдӕр сын сӕ Дунедарӕг радта сӕ къухтӕм. 45 Дунедарӕг Израилы хӕдзарӕн цӕмӕйдӕриддӕр зӕрдӕ бавӕрдта, уыдонӕй иу дӕр ӕнӕ сӕххӕстгӕнгӕ нӕ баззад — алцыдӕр дзы сӕххӕст. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia