Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -

Нуны фырт Йешуа 20 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Дунедарӕг Йешуайӕн загъта:

2 «Израилӕгтӕм зӕгъ, цӕмӕй сӕхицӕн снысан кӕной ӕмбӕхсӕн сахартӕ, кӕддӕр уын уый тыххӕй Моисейӕн куыд бафӕдзӕхстон, афтӕ.

3 Ӕмӕ ӕнӕбары искӕй чи амара, уымӕн уым уыдзӕни тугисӕджы азарӕй йӕ сӕр бафснайыны фадат.

4 Цы сахармӕ лидза, уымӕн-иу раздӕр йӕ кулдуары цур ӕрлӕууӕд ӕмӕ сахары хистӕртӕн йӕ хъуыддаг радзурӕд. Уый фӕстӕ-иу ӕй уыдон сахармӕ бауадзӕнт ӕмӕ йын уым цӕрӕнбынат раттӕнт.

5 Тугисӕг йӕ фӕдыл фӕдисы куы ’рбацӕуа, уӕд ын ӕй йӕ къухмӕ ма раттӕнт, уымӕн ӕмӕ амардта ӕнӕбары, йӕ амӕттаг ын уӕд дӕр ӕмӕ уымӕй размӕ дӕр ӕнӕуынон нӕ уыди.

6 Гъемӕ ӕмбӕхсӕн сахары цӕрӕд, цалынмӕ дзыллӕйы тӕрхоны раз ӕрлӕууа кӕнӕ, бӕллӕх цы алчеры заман ӕрцыд, уый амӕла, уӕдмӕ, стӕй-иу, кӕцӕй ралыгъд, уыцы сахармӕ йӕ хӕдзармӕ аздӕхӕд».

7 Ӕмӕ израилӕгтӕ сӕрӕфснайынӕн снысан кодтой мӕнӕ ацы сахартӕ: Галилейы, Неффалимы байзӕддӕгты хӕхбӕсты — Кедеш, Ефремы фӕдонты хӕхбӕсты — Шехем, иудейӕгты хӕхбӕсты та — Кирйат-Арба (ома Хеврон).

8 Иорданы фале, Йерихонӕй скӕсӕнӕрдӕм сӕрӕфснайынӕн сбӕрӕг кодтой мӕнӕ ацы сахартӕ: ӕдзӕрӕг быдыры, тъӕпӕны — Бецер (Рувимы хӕдзарвӕндаджы зӕххӕй), Галаады — Рамот (Гады хӕдзарвӕндаджы зӕххӕй) ӕмӕ Башаны — Голан (Менассиайы хӕдзарвӕндаджы зӕххӕй).

9 Рахастой ахӕм уынаффӕ: израилӕгтӕй, йе та се ’хсӕн цӕрӕг ӕрцӕуӕггӕгтӕй исчи ӕнӕбары искӕй куы амара, уӕд, цалынмӕ дзыллӕйы тӕрхоны раз ӕрлӕууа, уӕдмӕ йын уым туджджынтӕй йӕ сӕр бафснайыны фадат уӕд.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:



ကြော်ငြာတွေ