Нуны фырт Йешуа 19 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстСимеоны хӕдзарвӕндаджы хай 1 Дыккаг схаудта Симеоны хӕдзарвӕндаджы мыггӕгты хал. Йӕ зӕххыты хай уыдис Иудӕйы байзӕддаджы зӕххыты ’хсӕн. 2 Симеоны зӕххы хаймӕ хаудтой: Беер-Шевӕ кӕнӕ Шевӕ, Молада, 3 Хацар-Шуал, Бала, Эцем, 4 Елтолад, Бетул, Хорма, 5 Циклаг, Бет-Маркавот, Хацар-Суса, 6 Бет-Леваот ӕмӕ Шарухен — ӕртындӕс сахары сӕ алыварс хъӕутимӕ; 7 Аин, Риммон, Етер ӕмӕ Ашан — цыппар сахары сӕ алыварс хъӕутимӕ, 8 стӕй ацы сахарты алыварс суанг Баалат-Бееры ӕмӕ Рамат-Негевы онг цы хъӕутӕ уыдис, уыдон иууылдӕр. Ахӕм уыди Симеоны хӕдзарвӕндаджы мыггӕгты фыдӕй-фыртмӕйы исбон. 9 Лӕвӕрд сын ӕрцыд Иудӕйы байзӕддӕгты зӕххытӕй. Иудӕйы хӕдзарвӕндагӕн сӕ зӕххы хай егъау кӕй уыди, уымӕ гӕсгӕ Симеоны байзӕддӕгтӕ фыдӕй-фыртмӕйы исбон райстой уыдоны зӕххыты ’хсӕн. Зевулоны хӕдзарвӕндаджы хай 10 Ӕртыккаг схаудта Зевулоны байзӕддӕгты хал — мыггаггай. Сӕ зӕххы хай хӕццӕ кодта Сариды онг. 11 Ныгуылӕнӕрдӕм ссыди Маралайы онг, бахӕццӕ Даббешетмӕ ӕмӕ, Йокнеамы раз цы тӕрф ис, ууыл ӕрлӕууыд. 12 Саридӕй скӕсӕнӕрдӕм та арӕн ахӕццӕ Кислот-Таворы зӕххыты онг, уырдыгӕй ахызти Давератмӕ ӕмӕ ссыди Йафиамӕ. 13 Ардыгӕй дарддӕр скӕсӕнӕрдӕм цыди Гат-Хефермӕ ӕмӕ Ет-Кацинмӕ, ахызт Риммонмӕ ӕмӕ фӕзылд Неамӕ. 14 Дарддӕр цӕгатаг арӕн цыди ныгуылӕнӕрдӕм, цӕгатӕй ӕрзылд Ханнатоныл ӕмӕ Ифтах-Елы дӕлвӕзы ӕрлӕууыд. 15 Зевулоны зӕххытӕм хаудтой Каттат, Нахалал, Шимрон, Идала ӕмӕ Вифлеем. Ӕдӕппӕт дыууадӕс сахары сӕ алыварс хъӕутимӕ. 16 Ахӕм уыди Зевулоны байзӕддӕгты фыдӕй-фыртмӕйы зӕххы хай мыггаггай. Уыдон сты сӕ сахартӕ сӕ алыварс хъӕутимӕ. Иссахары хӕдзарвӕндаджы хай 17 Цыппӕрӕм схаудта Иссахары байзӕддӕгты хал мыггаггай. 18 Сӕ зӕххы хаймӕ хаудтой Изреел, Кесуллот, Шунем, 19 Хафараим, Шион, Анахарат, 20 Раббит, Кишион, Евец, 21 Ремет, Ен-Ганним, Ен-Хадда ӕмӕ Бет-Паццец. 22 Арӕн цӕгаты хӕццӕ кодта Фаворы хохмӕ, Шахацим ӕмӕ Бет-Шемешмӕ, скӕсӕны та банцад Иорданыл. Ӕдӕппӕт ӕхсӕрдӕс сахары сӕ алыварс хъӕутимӕ. 23 Ахӕм уыд Иссахары хӕдзарвӕндаджы зӕххы хай мыггаггай. Уыдон сты сӕ сахартӕ сӕ алыварс хъӕутимӕ. Асиры хӕдзарвӕндаджы хай 24 Фӕндзӕм схаудта Асиры хӕдзарвӕндаджы хал мыггаггай. 25 Сӕ зӕххы хаймӕ хаудтой Хелкат, Хали, Бетен, Ахшаф, 26 Аламелех, Амад ӕмӕ Мишал. Сӕ хуссайраг арӕн ныгуылӕнӕрдыгӕй хӕццӕ кодта Кармелы хохмӕ ӕмӕ Шихор-Ливнаты тӕрфмӕ. 27 Скӕсӕнӕрдӕм та арӕн цыд Бет-Дагонмӕ ӕмӕ цӕгатӕрдыгӕй Ифтах-Елы дӕлвӕзмӕ ӕввахс хӕццӕ кодта Зевулоны зӕххытӕм. Дарддӕр арӕн цыд Бет-Емек ӕмӕ Неиелмӕ ӕмӕ цӕгатӕрдӕм Кавулмӕ бахызт. 28 Ноджыдӕр Асиры зӕххытӕм хаудтой Еврон, Рехов, Хаммон ӕмӕ Кана. Арӕн хӕццӕ кодта Стыр Сидоны онг, 29 дарддӕр фӕзылд Рамамӕ, бацыди фидар сахар Тиры онг, фӕзылди Хосамӕ ӕмӕ Зӕххастӕуы денджызы былгӕрӕттыл банцад. Уымӕй уӕлдай Асиры зӕххытӕм хаудтой Махалав, Ахзив, 30 Умма, Афек ӕмӕ Рехов. Ӕдӕппӕт дыууӕ ӕмӕ ссӕдз сахары сӕ алыварс хъӕутимӕ. 31 Ахӕм уыдис Асиры хӕдзарвӕндаджы мыггӕгты фыдӕй-фыртмӕйы исбон. Адон уыдысты сӕ сахартӕ сӕ алыварс хъӕутимӕ. Неффалимы хӕдзарвӕндаджы хай 32 Неффалимы байзӕддӕгтӕн, се ’ппӕт мыггӕтӕн, сӕ хал уыдис ӕхсӕзӕм. 33 Сӕ зӕххы хуссайраг арӕн Хелефӕй ӕмӕ Цаананнимы тулдзӕй скӕсӕнӕрдӕм йӕхи айтыгъта Адами-Некевмӕ ӕмӕ Йавнелмӕ, бахӕццӕ Лакуммӕ ӕмӕ Иорданыл банцад. 34 Ныгуылӕнӕрдӕм арӕн фӕзылд Азнот-Тавормӕ, уырдыгӕй та — Хукокмӕ. Хуссарӕрдыгӕй Неффалимы зӕххы ӕмарӕн уыди Зевулоны зӕхх, ныгуылӕнӕрдыгӕй — Асиры зӕхх, скӕсӕнӕрдыгӕй та, Иорданы былыл, — Иудӕйы зӕхх. 35 Неффалимы зӕххы хаймӕ хаудтой фидар сахартӕ Циддим, Цер, Хаммат, Раккат, Киннерет, 36 Адама, Рама, Хацор, 37 Кедеш, Едреи, Ен-Хацор, 38 Ирон, Мигдал-Ел, Хорем, Бет-Анат ӕмӕ Бет-Шемеш. Ӕдӕппӕт нудӕс сахары сӕ алыварс хъӕутимӕ. 39 Ахӕм уыд Неффалимы хӕдзарвӕндаджы фыдӕй-фыртмӕйы зӕххы хай мыггаггай. Уыдон сты сӕ сахартӕ сӕ алыварс хъӕутимӕ. Даны хӕдзарвӕндаджы хай 40 Даны хӕдзарвӕндаджы мыггӕгтӕн сӕ хал уыд ӕвдӕм. 41 Сӕ зӕххы хаймӕ хаудтой Цора, Ештаол, Ир-Шемеш, 42 Шаалвим, Айалон, Итла, 43 Елон, Тимна, Екрон, 44 Елтехъе, Гиббетон, Баалат, 45 Йехуд, Бене-Берак, Гат-Риммон, 46 Ме-Иаркон ӕмӕ Раккон, стӕй Яффойы бакомкоммӕ зӕххытӕ. 47 Даны хӕдзарвӕндаг фӕстӕдӕр, сӕ зӕхх куы фесӕфтой, уӕд ссыдысты Лешеммӕ, балӕбурдтой йӕм, бацахстой йӕ ӕмӕ йын йӕ адӕмы кардӕй ныццагътой. Ацы сахар сси сӕ фыдӕй-фыртмӕйы исбон, ӕрцардысты дзы ӕмӕ йӕ сӕ фыдӕл Даны кадӕн схуыдтой Дан. 48 Ахӕм уыд Даны хӕдзарвӕндаджы фыдӕй-фыртмӕйы зӕххы хай мыггаггай. Уыдон сты сӕ сахартӕ алыварс хъӕутимӕ. Нуны фырт Йешуайы хай 49 Израилӕгтӕ зӕххытӕ куы байуӕрстой, уӕд Нуны фырт Йешуайӕн сӕ зӕххытӕй радих кодтой хай — фыдӕй-фыртмӕйы исбонӕн. 50 Дунедарӕджы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ йын радтой, Йешуа йӕхицӕн кӕй куырдта, уыцы сахар Тимнат-Серах, Ефремы хӕхбӕсты. Йешуа сахар рацарӕзта ӕмӕ дзы царди. 51 Ацы зӕххытӕ сты, сауджын Елеазар, Нуны фырт Йешуа ӕмӕ Израилы мыггӕгты хистӕртӕ хӕдзарвӕндӕгтӕн хӕлттӕм гӕсгӕ Силомы, Дунедарӕджы раз, Фембӕлды Цатырмӕ бацӕуӕны цур цы зӕххы хӕйттӕ байуӕрстой, уыдон. Уыйадыл зӕххытӕ уӕрст фесты. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia