Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -

Нуны фырт Йешуа 18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Куыд адих чындӕуыд бӕстӕйы иннӕ хай

1 Израилы адӕм ӕрӕмбырд сты Силомы ӕмӕ уым ӕрӕвӕрдтой Хуыцауимӕ Фембӕлды Цатыр. Уӕдмӕ бӕстӕ иууылдӕр сӕ къухы уыд.

2 Фӕлӕ Израилы хӕдзарвӕндӕгтӕй авдыл сӕ фыдӕй-фыртмӕйы исбон уӕрст нӕма ӕрцыд.

3 Йешуа израилӕгтӕн загъта: «Дунедарӕг, уӕ фыдӕлты Хуыцау, сымахӕн цы бӕстӕ радта, уый райсынмӕ цӕуылнӕ ацӕут? Цы боны хорзмӕ ма ӕнхъӕлмӕ кӕсут?

4 Алы хӕдзарвӕндагӕй дӕр фӕйнӕ ӕртӕ лӕджы равзарут. Ӕз сӕ арвитдзынӕн бӕстӕйыл ӕрзилынмӕ. Йӕ нывӕц ын биноныг ӕрфыссӕнт ӕмӕ бахынцӕнт, зӕххы хӕйттыл ӕй куыд адих кӕнӕн ис, уый, стӕй мӕм ӕрбаздӕхӕнт фӕстӕмӕ.

5 Бӕстӕ авд хайыл адих кӕнӕнт. Иудӕйы байзӕддӕгтӕ хуссары сӕ зӕххы хайыл баззайӕнт, Йосефы хӕдзарвӕндаг дӕр йӕ зӕххыл баззайӕд цӕгаты.

6 Сымах та бӕстӕйы иннӕ хай биноныг ӕрфыссут ӕмӕ йӕ авд хайыл куыд адих кодтат, уый ӕрфыст мӕм ӕрбахӕссут: ӕз уын ам хӕлттӕ сӕппардзынӕн Дунедарӕджы, нӕ Хуыцауы, раз.

7 Левийы байзӕддӕгтӕн сымахимӕ хай нӕй — Дунедарӕджы сауджынтӕ кӕй сты, уый у сӕ исбон. Гад, Рувим ӕмӕ Менассиайы хӕдзарвӕндаджы ӕмбис та фыдӕй-фыртмӕйы исбон райстой Иорданы скӕсӕнварс, Дунедарӕджы цагъар Моисей сын ӕй радта».

8 Йешуа, зӕхх ӕрфыссынмӕ чи цыди, уыдонӕн бафӕдзӕхста: «Марадзут, бӕстӕйыл ӕрзилут, биноныг ын ӕрфыссут йӕ нывӕц ӕмӕ мӕм уый фӕстӕ ӕрбаздӕхут. Ӕз та уын ам, Силомы, Дунедарӕджы раз хӕлттӕ сӕппардзынӕн».

9 Уыдон бӕстӕйыл ӕрзылдысты ӕмӕ йӕ авд хайыл дихгондӕй чиныджы ӕрфыстой сахарты номхыгъдимӕ, стӕй ӕрбаздӕхтысты Йешуамӕ — Силомы сахары цур йӕ рӕсӕнуатмӕ.

10 Силомы, Дунедарӕджы раз, Йешуа хӕлттӕ сӕппӕрста ӕмӕ Израилы хӕдзарвӕндӕгтыл зӕхх байуӕрста.


Бениамины хӕдзарвӕндаджы хай

11 Фыццаг схаудта Бениамины хӕдзарвӕндаджы мыггӕгты хал. Йӕ зӕххыты хай уыди Иудӕйы байзӕддаджы ӕмӕ Йосефы байзӕддаджы зӕххыты ’хсӕн.

12 Йӕ цӕгатаг арӕн райдыдта Иорданӕй, базылди Йерихоны цӕгатварсӕрдӕм, дарддӕр йе ’ргом сарӕзта ныгуылӕнӕрдӕм ӕмӕ схызти хӕхтӕм, стӕй йӕхи айтыгъта Бет-Авены цур ӕдзӕрӕг быдырмӕ.

13 Уырдыгӕй арӕн бацыди Лузы (ома Вефилы) сахары ’рдӕм, йӕ хуссарварсмӕ, ӕмӕ ӕрхызти Атрот-Аддармӕ, Дӕллаг Бет-Хоронӕй хуссарӕрдӕм цы хох уыди, уымӕ.

14 Ам, ныгуылӕны, арӕн фӕзылди хуссармӕ: Бет-Хороны хуссарварс цы хох ис, уымӕй йӕхи айтыгъта Иудӕйы байзӕддӕгты сахар Кирйат-Баалы (ома Кирйат-Иаримы) онг. Уый уыди йӕ ныгуылӕйнаг арӕн.

15 Хуссайраг арӕн райдыдта Кирйат-Иаримы цур ӕмӕ хӕццӕ кодта Нефтоахы донгуырӕны онг.

16 Уырдыгӕй арӕн ӕрхызти Хинномы фырты дӕлвӕзы акомкоммӕ ӕмӕ, Рефаимы дӕлвӕзы цӕгатварс цы хох ис, уый фахсмӕ. Стӕй Хинномы дӕлвӕзыл ӕрхызти йевусӕгты къуылдымы хуссарварсмӕ ӕмӕ фӕуырдыг кодта Ен-Рогелы донгуырӕнмӕ.

17 Дарддӕр арӕн фӕзылди цӕгатӕрдӕм, бахӕццӕ Ен-Шемешмӕ, бахызт Адуммимы хӕрды акомкоммӕ Гелилотмӕ ӕмӕ фӕуырдыг кодта Рувимы фырт Боханы къӕдзӕхы ’рдӕм.

18 Стӕй бахӕццӕ Бет-Аравӕйы цӕгатварсмӕ ӕмӕ ӕрхызт Иорданы дӕлвӕзмӕ.

19 Дарддӕр йӕхи айтыгъта Бет-Хоглайы цӕгатварсӕрдӕм ӕмӕ банцади Мард денджызы цӕгатаг былгӕроныл, Иордан денджызмӕ кӕм кӕлы, уым. Уый уыди хуссайраг арӕн, Иордан та — скӕсӕйнаг арӕн.

20 Ацы зӕххытӕ сӕ алыварс арӕнтимӕ уыдысты Бениамины байзӕддӕгты, се ’ппӕт мыггӕгты фыдӕй-фыртмӕйы исбон.

21 Бениамины хӕдзарвӕндаджы мыггӕгты сахартӕ уыдысты: Йерихон, Бет-Хогла, Емек-Кециц,

22 Бет-Аравӕ, Цемараим, Вефил,

23 Аввим, Пара, Офра,

24 Кефар-Аммони, Офни ӕмӕ Гевӕ — дыууадӕс сахары сӕ алыварс хъӕутимӕ.

25 Гивон, Рама, Беерот,

26 Мицпе, Кефира, Моца,

27 Рекем, Ирпеел, Тарала,

28 Цела-Елеф, Йевус (ома Йерусалим), Гевӕ ӕмӕ Кирйат-Иарим — цыппӕрдӕс сахары сӕ алыварс хъӕутимӕ. Ахӕм уыди мыггаггай Бениамины байзӕддӕгты фыдӕй-фыртмӕйы исбон.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:



ကြော်ငြာတွေ