Нуны фырт Йешуа 16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстЙосефы байзӕддаджы зӕххытӕ 1 Йосефы байзӕддӕгтӕм халӕппӕрстӕй цы зӕххытӕ ӕрхауди, уыдоны хуссайраг арӕн скӕсӕны райдыдта Йерихоны акомкоммӕ Иорданӕй, Йерихоны суадӕттӕй. Йерихоны рӕбынты ныгуылӕнӕрдӕм ӕдзӕрӕг быдырыл схызти Вефилы хӕхбӕстӕм, 2 Вефилӕй йӕхи айтыгъта Лузы онг, стӕй бахӕццӕ Атаротмӕ, аркӕгтӕ кӕм цӕрынц, уырдӕм 3 ӕмӕ дарддӕр ныгуылӕнӕрдӕм ӕрхызти йафлетӕгты ӕмӕ Дӕллаг Бет-Хороны зӕххытӕм, стӕй Гезермӕ, аххӕссыди суанг Зӕххастӕуы денджызы онг. 4 Ахӕм уыди Йосефы фырттӕ Менассиа ӕмӕ Ефремы хӕдзарвӕндӕгты фыдӕй-фыртмӕйы исбон. Ефремы хӕдзарвӕндаджы хай 5 Ефремы байзӕддаджы мыггӕгтӕ цы зӕххытӕ райстой, уыдоны хуссайраг арӕн скӕсӕнӕрдыгӕй райдыдта Атрот-Аддарӕй ӕмӕ ныгуылӕнӕрдӕм йӕхи айтыгъта Уӕллаг Бет-Хороны онг. 6 Дарддӕр арӕн ӕрӕнцади Зӕххастӕуы денджызыл. Цӕгатӕрдыгӕй ахӕццӕ ис Михметатмӕ, уым скӕсӕнӕрдӕм фӕзылди Таанат-Шиломӕ, стӕй уый чъылдымты хуссарӕрдӕм рахызти Йаноахмӕ. 7 Уырдыгӕй ӕрцыди Атаротмӕ ӕмӕ Наарамӕ, бахӕццӕ ис Йерихонмӕ ӕмӕ афтӕмӕй Иорданыл ӕрлӕууыд. 8 Таппуахӕй арӕн йӕхи айтыгъта ныгуылӕнӕрдӕм, Канайы тӕрфы уылты, ӕмӕ йӕ кӕрон ӕрлӕууыди Зӕххастӕуы денджызыл. Ахӕм уыдис Ефремы байзӕддаджы фыдӕй-фыртмӕйы исбон мыггаггай. 9 Ноджы ма сын Менассиайы байзӕддаджы зӕххыл дихгонд ӕрцыдысты сахартӕ сӕ алыварс хъӕутимӕ. 10 Фӕлӕ Ефремы байзӕддӕгтӕ ханаанӕгты Гезерӕй нӕ фӕсырдтой, ӕмӕ абон дӕр се ’хсӕн цӕрынц, ӕрмӕст цагъайрӕгтӕ систы. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia