Нуны фырт Йешуа 13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Йешуа тынг базӕронд ис. Дунедарӕг ын загъта: «Бынтондӕр базӕронд дӕ, афтӕмӕй уын нырма бацахсинаг зӕххытӕ дзӕвгар баззад. 2 Бацахсинаг уын сты филистимаг зӕххытӕ иууылдӕр ӕмӕ Гешуры бӕстӕ. 3 Уыцы зӕххытӕ (нымад цӕуынц Ханааны зӕххыты иу хайыл) Мысыры арӕныл Шихоры цӕугӕдонӕй цӕгатӕрдӕм ӕххӕссынц Екронмӕ. Фондз филистимаг хицауы зӕххытӕм хауынц: Газӕ, Ашдод, Ашкелон, Гат ӕмӕ Екрон, стӕй аввайӕгты зӕхх хуссарӕрдыгӕй. 4 Ноджыдӕр бацахсинаг у ханаанӕгты зӕхх амораг арӕныл лӕууӕг сидойнӕгты сахар Арайӕ Афекы сахары онг, 5 стӕй Гевалы зӕхх ӕмӕ — скӕсӕнӕрдӕм — Ливан ӕнӕхъӕнӕй, Ермоны хохрӕбын Баал-Гадӕй Ливаны дӕлвӕзмӕ цӕгатӕрдыгӕй Хаматы сахарӕй бахизӕны онг. 6 Ливанӕй Мисрефот-Маимы онг хӕхбӕсты цӕрӕг ӕппӕт сидойнӕгты Ӕз Мӕхӕдӕг атӕрдзынӕн израилӕгты разӕй. Ды та зӕхх Израилӕн халӕппӕрстӕй байуар, куыд дын бафӕдзӕхстон, афтӕ. 7 Зӕхх иууылдӕр байуар фараст хӕдзарвӕндагыл ӕмӕ Менассиайы хӕдзарвӕндаджы ӕмбисыл». 8 Рувимы ӕмӕ Гады хӕдзарвӕндӕгтӕн ӕмӕ Менассиайы хӕдзарвӕндаджы иннӕ ӕмбисӕн та Дунедарӕджы цагъар Моисей сӕ зӕххы хай раздӕр радта — Иорданы скӕсӕнварс: 9 Арноны уӕлвӕз Ароерӕй ӕмӕ донвӕды тӕккӕ уӕлбыл сахарӕй райдай ӕмӕ Дивонӕй Медевайы ӕхсӕн тъӕпӕн ӕнӕхъӕнӕй, 10 амораг паддзах Сигоны сахартӕ иууылдӕр (йӕ сӕйраг сахар уыди Хешбон) аммонӕгты арӕны онг; 11 ноджыдӕр Галаад ӕмӕ Гешуры ӕмӕ Маахайы бӕстӕтӕ, Ермоны хох ӕнӕхъӕнӕй ӕмӕ Башан иууылдӕр Салхайы онг, 12 ома Башаны паддзах Огы, рефаимты фӕстаг байзӕддаджы, бӕстӕ ӕнӕхъӕнӕй (йӕ сӕйраг сахартӕ уыдысты Аштарот ӕмӕ Едреи). Сигоны ӕмӕ Огы басаста Моисей, сӕ зӕххытӕ сын байста. 13 Фӕлӕ израилӕгтӕ Гешуры ӕмӕ Маахайы адӕмы нӕ фӕтардтой, ӕмӕ уыдон абон дӕр цӕрынц израилӕгтимӕ. 14 Ӕрмӕстдӕр Левийы хӕдзарвӕндагӕн нӕ радта Моисей зӕххы хай: Дунедарӕгӕн, Израилы Хуыцауӕн, цы нывӕндтӕ хӕссынц, уыдон сты сӕ исбон, Дунедарӕг Моисейӕн куыд загъта, афтӕ. Рувимы хӕдзарвӕндаджы зӕххытӕ 15 Рувимы хӕдзарвӕндаджы мыггӕгтӕн Моисей радта мӕнӕ ацы зӕххытӕ: 16 Арноны дӕлвӕзы чи ис, уыцы Ароеры сахар, стӕй дӕлвӕзӕн йӕ тӕккӕ астӕу цы сахар ис, уый дӕр; Медевайы онг уӕлвӕз ӕнӕхъӕнӕй, 17 Хешбон ӕмӕ уӕлвӕзы сахартӕ иууылдӕр: Дивон, Бамот-Баал, Бет-Баал-Меон, 18 Йахац, Кедемот, Мефаат, 19 Кирйатаим, Сивма, Церет-Шахар Иорданы скӕсӕнбыл хӕхбӕсты, 20 Бет-Пеор, Фасгайы хохы фӕхстӕ, Бет-Йешимот 21 ӕмӕ дӕлвӕзы иннӕ сахартӕ иууылдӕр, амораг паддзах Сигоны бӕстӕ ӕнӕхъӕнӕй (йӕ сӕйраг сахар уыди Хешбон). Сигоны ӕмӕ йӕ зӕххыл цӕрӕг йӕ дӕлбар мидианаг ӕлдӕртты — Еви, Рекем, Цур, Хур ӕмӕ Ревайы — басаста Моисей. 22 Израилӕгты карды амӕттаг баци Беоры фырт дӕсныфӕрсӕг Балаам дӕр. 23 Рувимы хӕдзарвӕндаджы зӕххыты арӕн ныгуылӕнӕрдыгӕй уыдис Иорданы дон ӕмӕ донӕн йе скӕсӕйнаг былгӕрон. Ам уыдысты, мыггаггай, Рувимы байзӕддӕгтӕн фыдӕй-фыртмӕйы исбонӕн цы зӕххытӕ лӕвӕрд ӕрцыди, уыдон: сахартӕ сӕ алыварс хъӕутимӕ. Гады хӕдзарвӕндаджы зӕххытӕ 24 Гады хӕдзарвӕндаджы мыггӕгтӕн Моисей радта мӕнӕ ацы зӕххытӕ: 25 Йазер ӕмӕ Галаады ӕппӕт сахартӕ, Раввайӕ скӕсӕнӕрдӕм Ароеры онг аммонӕгты бӕстӕйы ӕмбис, 26 стӕй Хешбонӕй Рамат-Мицпейы ӕмӕ Бетонимы онг, Маханаимӕй та Ло-Девары онг зӕххытӕ, 27 Иорданы тӕрфы та: Бет-Харам, Бет-Нимра, Суккот ӕмӕ Цафон — Рувимы хайӕ фӕстӕмӕ хешбонаг паддзах Сигоны зӕхх, Иорданы дон ӕмӕ донӕн йе скӕсӕйнаг былгӕрон Киннереты денджызы онг. 28 Ам уыдысты, мыггаггай, Гады байзӕддӕгты фыдӕй-фыртмӕйы исбойнаг зӕххытӕ: сахартӕ сӕ алыварс хъӕутимӕ. Менассиайы хӕдзарвӕндаджы зӕххытӕ 29 Менассиайы хӕдзарвӕндаджы мыггӕгтӕн Моисей радта мӕнӕ ацы зӕххытӕ: 30 Маханаимӕй райдай ӕмӕ Башан иууылдӕр, башанаг паддзах Огы бӕстӕ ӕнӕхъӕнӕй Иаиры цатырхъӕутимӕ (ӕртиссӕдз хъӕуы); 31 Галаады ӕмбис ӕмӕ Башаны паддзах Огы сӕйраг сахартӕ Аштарот ӕмӕ Едреи. Уыцы зӕххытӕ лӕвӕрд ӕрцыдысты Менассиайы фырт Махиры байзӕддӕгты ӕмбисӕн мыггаггай. 32 Адон сты, Моисей Рувимы хӕдзарвӕндагӕн, Гады хӕдзарвӕндагӕн ӕмӕ Менассиайы хӕдзарвӕндаджы ӕмбисӕн фыдӕй-фыртмӕйы исбонӕн Иорданы фале, Йерихонӕй скӕсӕнӕрдӕм, Моавы дӕлвӕзты кӕй радта, уыцы зӕххытӕ. 33 Фӕлӕ Левийы хӕдзарвӕндагӕн исбон нӕ радта: Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, уыди сӕ исбон, Йӕхӕдӕг сын куыд загъта, афтӕ. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia