Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -

Нуны фырт Йешуа 12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Моисей ӕмӕ Йешуа кӕй басастой, уыцы паддзӕхтӕ

1 Израилӕгтӕ Иорданӕй скӕсӕнӕрдӕм, стӕй Арноны тӕрфӕй суанг Ермоны хохы онг ӕмӕ Иорданы дӕлвӕзы скӕсӕйнаг фарс цы бӕстӕтӕ бацахстой, уыдонӕн сӕ паддзӕхтӕ, Израилы ӕфсад кӕй басаста, уыдон, хуындысты Сигон ӕмӕ Ог.

2 Амораг паддзах Сигон царди Хешбоны. Йӕ паддзахады зӕххытӕ Арноны донвӕдӕй, Арноны уӕлвӕз Ароерӕй ӕххӕссыдысты Йавочы тӕрфы — аммонӕгты арӕны — онг, ахстой Галаады хуссайраг ӕмбис,

3 стӕй Иорданы скӕсӕйнаг тӕрфрӕбын Киннереты денджызӕй хуссарӕрдӕм, Мард денджызы онг, Бет-Йешимотмӕ ӕмӕ Фасгайы хохы фӕхстӕм.

4 Башаны паддзах Ог, рефаимты баззайӕггӕгтӕй, цардис Аштароты ӕмӕ Едреийы.

5 Йӕ къухы уыдысты Ермоны хох ӕмӕ Салха, стӕй Башан ӕнӕхъӕнӕй дӕр ныгуылӕнӕрдыгӕй Гешуры ӕмӕ Маахайы онг, ноджы ма Галаады цӕгатаг ӕмбис Хешбоны паддзах Сигоны арӕнты онг.

6 Дунедарӕджы цагъар Моисей ӕмӕ израилӕгтӕ басастой Сигоны ӕмӕ Огы, сӕ зӕхх сын Дунедарӕджы цагъар Моисей радта Рувимы ӕмӕ Гады хӕдзарвӕндӕгтӕн ӕмӕ Менассиайы хӕдзарвӕндаджы ӕмбисӕн.

7 Йешуа ӕмӕ израилӕгтӕ Иорданы ныгуылӕнварс цы паддзӕхты басастой, уыдонӕн сӕ зӕххытӕ ӕххӕссыдысты цӕгатӕрдыгӕй Ливаны дӕлвӕзы Баал-Гады сахарӕй хуссарӕрдӕм Сеиры бӕстӕйы фарсмӕ Халакы хохы онг. Сӕ зӕххытӕ сын Йешуа Израилы хӕдзарвӕндӕгтыл байуӕрста мыггагмӕйы исбонӕн.

8 Ноджы ма сыл байуӕрста хеттӕгты, аморӕгты, ханаанӕгты, периззӕгты, хиввӕгты ӕмӕ йевусӕгты зӕххытӕ уӕлхохы ӕмӕ йе скӕсӕйнаг фӕхстыл, Шефелайы, Иорданы дӕлвӕзы, Иудӕйы ӕдзӕрӕг быдыры ӕмӕ Негевы. Мӕнӕ сӕ паддзӕхтӕ:

9 Йерихоны паддзах, Вефилы фарсмӕ Гайы паддзах,

10 Йерусалимы паддзах, Хевроны паддзах,

11 Йармуты паддзах, Лахишы паддзах,

12 Еглоны паддзах, Гезеры паддзах,

13 Девиры паддзах, Гедеры паддзах,

14 Хормайы паддзах, Арады паддзах,

15 Ливнӕйы паддзах, Адулламы паддзах,

16 Македайы паддзах, Вефилы паддзах,

17 Таппуахы паддзах, Хеферы паддзах,

18 Афекы паддзах, Шароны паддзах,

19 Мадоны паддзах, Хацоры паддзах,

20 Шимрон-Мероны паддзах, Ахшафы паддзах,

21 Таанахы паддзах, Мегиддойы паддзах,

22 Кедешы паддзах, Кармелы хохрӕбын Йокнеамы паддзах,

23 Зӕххастӕуы денджызы былгӕрон Доры паддзах, галилейаг сахар Гоимы паддзах,

24 Тирцайы паддзах — ӕдӕппӕт иуӕндӕс ӕмӕ ссӕдз паддзахы.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:



ကြော်ငြာတွေ