Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -

Нуны фырт Йешуа 11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Йешуа цӕгатаг паддзӕхтыл фӕуӕлахиз

1 Хацоры паддзах Йавинмӕ израилӕгты уӕлахизты хабар куы байхъуыст, уӕд арвыста Мадоны паддзах Йовавмӕ, Шимрон ӕмӕ Ахшафы паддзӕхтӕм,

2 цӕгат хӕхбӕсты паддзӕхтӕм, Киннереты цадӕй хуссарӕрдӕм Иорданы дӕлвӕзы паддзӕхтӕм, Шефелайы паддзӕхтӕм, Доры ӕмӕ йӕ алыварс Зӕххастӕуы денджызы былгӕроны паддзӕхтӕм,

3 скӕсӕнӕрдыгӕй ӕмӕ ныгуылӕнӕрдыгӕй цӕрӕг ханаанӕгтӕм, стӕй аморӕгтӕм, хеттӕгтӕм, периззӕгтӕм ӕмӕ хӕхбӕсты йевусӕгтӕм, стӕй Ермоны хохрӕбын Мицпайы цӕрӕг хиввӕгтӕм.

4 Ӕмӕ уыдон се ’фсӕдтимӕ рараст сты сӕ хӕстон стӕры. Денджызы былгӕрон змисау ӕнӕнымӕц уыдысты, тынг бирӕ сӕм уыди бӕхтӕ ӕмӕ хӕстон уӕрдӕттӕ.

5 Ӕрбамбырд кодтой уыцы паддзӕхтӕ се ’фсӕдтӕ иумӕ ӕмӕ Меромы доны цур рӕсӕнуаты ӕрлӕууыдысты израилӕгтимӕ схӕцынмӕ.

6 Дунедарӕг Йешуайӕн загъта: «Ма сӕ фӕтӕрс, уымӕн ӕмӕ сӕ райсом ацафон иууылдӕр ныццӕгъдын кӕндзынӕн израилӕгтӕн. Ды-иу сын фӕсхӕст сӕ бӕхты счъилты нуӕрттӕ адзӕнгӕл лас, сӕ хӕстон уӕрдӕттыл та сын арт бафтау».

7 Йешуа йе ’фсадимӕ ӕнӕнхъӕлӕджы бабырста знӕгтӕм Меромы доны цурмӕ.

8 Дунедарӕг сӕ израилӕгты къухтӕм радта, ӕмӕ сӕ ныддӕрӕн кодтой. Цӕгатӕрдыгӕй сӕ Сидоны стыр сахары онг, ныгуылӕнӕрдыгӕй Мисрефот-Маимы онг, скӕсӕнӕрдыгӕй та Мицпейы дӕлвӕзы онг цӕгъдгӕ фӕсырдтой, аирвӕзыны фадат дзы никӕмӕн радтой.

9 Дунедарӕг ын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ сын бакодта Йешуа: сӕ бӕхты счъилты нуӕрттӕ сын адзӕнгӕл ласта, сӕ хӕстон уӕрдӕттыл та сын арт бафтыдта.

10 Уый фӕстӕ Йешуа уырдыгӕй раздӕхт ӕмӕ бацахста Хацор — уӕды заман уыцы зылды паддзахӕдтӕн сӕ сӕйрагдӕр. Йешуа йын йӕ паддзахы кардӕй амардта.

11 Цӕрӕг удӕй дзы цыдӕриддӕр уыдис — израилӕгтӕ сӕ ныццагътой, Дунедарӕджы номыл сӕ бабын кодтой. Хацоры цӕрджытӕй иуы дӕр удӕгасӕй нал ныууагътой. Йешуа та сын басыгъта сӕ сахар.

12 Афтӕмӕй Йешуа басаста уыцы зылды ӕппӕт паддзӕхты дӕр, сӕ сахартӕ сын бацахста ӕмӕ сын сӕ адӕмы ныццагъта. Дунедарӕджы цагъар Моисей куыд бафӕдзӕхста, афтӕ сӕ бабын кодта Дунедарӕджы номыл.

13 Уӕвгӕ, сахартӕ сӕ къуыбыртыл баззадысты, израилӕгтӕ сӕ нӕ басыгътой. Йешуа ӕрмӕстдӕр Хацорыл бандзӕрста арт.

14 Израилӕгтӕ уыцы сахартӕн сӕ исбон ӕмӕ сӕ фос иууылдӕр рассывтой, сӕ адӕмы та сын се ’ппӕты дӕр карды амӕттаг бакодтой. Аирвӕзыны фадат дзы иуӕн дӕр нӕ радтой.

15 Дунедарӕг Йӕ цагъар Моисейӕн цытӕ бафӕдзӕхста, уыдӕттӕ Моисей та бафӕдзӕхста Йешуайӕн, ӕмӕ Дунедарӕг Моисейӕн цыдӕриддӕр загъта, уыдон Йешуа фӕстаг дзырды онг сӕххӕст кодта.


Йешуа бацахста Ханааны бӕстӕ

16 Йешуа байста ӕгас бӕстӕ дӕр хуссарӕй цӕгатмӕ: уӕлхох, Негев ӕнӕхъӕнӕй, Гошены зӕхх иууылдӕр, Шефела ӕмӕ Иорданы дӕлвӕз, стӕй Израилы Шефела ӕмӕ хӕхбӕстӕ.

17 Сӕ арӕнтӕ хуссарӕрдӕм аххӕссыдысты Сеиры бӕстӕйы фарсмӕ Халакы хохы онг, цӕгатӕрдӕм та — Ливаны дӕлвӕзы Ермоны хохрӕбын Баал-Гады онг. Йешуа сын сӕ паддзӕхты ӕрцахста ӕмӕ амардта.

18 Йешуа дӕргъвӕтин рӕстӕг хӕцыд уыцы паддзӕхтимӕ.

19 Ӕрмӕстдӕр хиввӕгты сахар Гивон бафидыдта Израилимӕ. Иннӕ сахартӕ иууылдӕр хӕцгӕ-хӕцын бацахстой.

20 Уымӕн ӕмӕ уыцы адӕмты зӕрдӕйы Дунедарӕджы фӕндӕй сабухта хиваст туг ӕмӕ схӕцыдысты Израилы ныхмӕ, цӕмӕй сӕ израилӕгтӕ Дунедарӕджы номыл ӕгъатырӕй ныццӕгъдой. Дунедарӕг афтӕ фӕдзӕхста Моисейӕн.

21 Уыцы заман Йешуа Анакы байзӕддӕгты ныхмӕ рацыди хӕстмӕ ӕмӕ сӕ бындзагъд ныккодта — Хеврон, Девир ӕмӕ Анавы сахарты, Иудӕ ӕмӕ Израилы ӕппӕт хӕхбӕсты. Ӕд сахартӕ сӕ фесӕфта, ӕлгъыстаг сӕ фӕкодта.

22 Израилы зӕххыл Анакы байзӕддӕгтӕй иу дӕр нал баззади. Сӕрӕгасӕй ма аирвӕзтысты ӕрмӕстдӕр Газӕ, Гат ӕмӕ Ашдоды сахарты.

23 Дунедарӕг Моисейӕн цы бафӕдзӕхста, уый ӕххӕстгӕнгӕйӕ, Йешуа уыцы бӕстӕ бацахста ӕгасӕй дӕр ӕмӕ йӕ Израилы хӕдзарвӕндӕгтыл байуӕрста. Ӕмӕ уӕд бӕстӕ сулӕфыди хӕсты хъаймӕтӕй.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:



ကြော်ငြာတွေ