Нуны фырт Йешуа 10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстЙешуайы хӕст амораг паддзӕхтимӕ 1 Йерусалимы паддзах Адони-Цедек фехъуыста, зӕгъгӕ, Йешуа Гайы сахар бацахста ӕмӕ йын йӕ быныхъӕр ссӕуын кодта, уымӕй размӕ Йерихоны сахар ӕмӕ йӕ паддзахӕн куыд бакодта, афтӕ. Ноджы ма базыдта, гивонӕгтӕ израилӕгтимӕ кӕй бафидыдтой ӕмӕ семӕ цӕргӕйӕ кӕй баззадысты, уый дӕр. 2 Ӕмӕ Адони-Цедекӕн йӕ зӕрдӕйы стыр тас бацыд, уымӕн ӕмӕ Гивон уыди паддзахы сахары хуызӕн стыр, суанг Гайӕ дӕр стырдӕр, йӕ нӕлгоймӕгтӕ та иууылдӕр уыдысты хӕствӕлтӕрд. 3 Уымӕ гӕсгӕ Йерусалимы паддзах Адони-Цедек Хевроны паддзах Хохаммӕ, Йармуты паддзах Пираммӕ, Лахишы паддзах Йафиамӕ ӕмӕ Еглоны паддзах Девирмӕ фӕфӕдис: 4 «Мӕ фарсмӕ ӕрбалӕуут ӕмӕ Гивоны сахар ныффалгӕрон кӕнӕм, Йешуа ӕмӕ израилӕгтимӕ кӕй бафидыдта, уый тыххӕй». 5 Ӕмӕ амораг фондз паддзахы — Йерусалимы паддзах, Хевроны паддзах, Йармуты паддзах, Лахишы паддзах, Еглоны паддзах — се ’фсӕдтӕ ӕрбамбырд кодтой ӕмӕ Гивоныл ӕртыхстысты. 6 Гивонӕгтӕ Гилгалы рӕсӕнуатмӕ Йешуамӕ удаистӕй фӕхабар кодтой: «Дӕ цагъарты дзӕгъӕл ма ныууадз, рӕвдздӕр нӕм фӕзын ӕххуысмӕ ӕмӕ нӕ фервӕзын кӕн! Хӕхбӕсты цӕрӕг амораг паддзӕхтӕ иууылдӕр нӕ ныхмӕ баиу сты». 7 Йешуа Гилгалӕй фӕцӕуӕг йе ’фсадимӕ, йӕ тохӕхсыст хӕстонтимӕ. 8 Дунедарӕг Йешуайӕн загъта: «Ма сӕ фӕтӕрс. Ӕз дын сӕ дӕ къухтӕм ратдзынӕн. Дӕ ныхмӕ фӕлӕууын сӕ никӕй бон бауыдзӕн». 9 Йешуа ӕхсӕв-бонмӕ фӕцыд Гилгалӕй ӕмӕ сӕм ӕваст балӕбурдта. 10 Дунедарӕг аморӕгты удаист фӕкодта израилӕгты уындӕй, ӕмӕ сӕ израилӕгтӕ ныццагътой Гивоны цур. Стӕй сӕ Бет-Хороны ӕрхизӕныл суанг Азека ӕмӕ Македайы онг дӕрӕнгӕнгӕ сӕ разӕй ахастой. 11 Бет-Хороны фахсыл уым дӕлӕмӕ куы фӕцӕйлыгъдысты израилӕгты разӕй, уӕд сыл Дунедарӕг уӕларвӕй стыр ихдуртӕ ӕппарын байдыдта суанг Азекайы онг, ӕмӕ мардысты. Ихдурты амӕттӕгтӕ фӕфылдӕр сты, израилӕгтӕ кардӕй кӕй фӕцагътой, уыдонӕй. 12 Дунедарӕг аморӕгты Израилы къухтӕм цы бон радта, уыцы бон Йешуа скуывта Дунедарӕгмӕ, загъта израилӕгты раз: «Ӕрлӕуу, хур, Гивоны сӕрмӕ, ӕрлӕуу, мӕй, Айалоны дӕлвӕзы сӕрмӕ!» 13 Ӕмӕ хур ӕрлӕууыд, ӕмӕ мӕй дӕр йӕ бынатӕй нал ӕнкъуысти, цалынмӕ адӕм фыдгулты цагътой, уӕдмӕ. (Раст афтӕ фыст ис Рӕстӕвзары чиныджы.) Хур арвы астӕу ныллӕууыд ӕмӕ ӕнӕхъӕн бон йӕ бынатӕй нӕ фенкъуысыд. 14 Уыцы бон куыд байхъуыста Дунедарӕг адӕймаджы курдиатмӕ, афтӕ йӕм уымӕй размӕ дӕр ӕмӕ уый фӕстӕ дӕр никуы байхъуыста. Дунедарӕг Йӕхӕдӕг хӕцыд израилӕгты сӕрыл. 15 Уый фӕстӕ Йешуа Израилы адӕмимӕ Гилгалмӕ раздӕхти сӕ рӕсӕнуатмӕ. Ханаанаг паддзӕхты сӕфт 16 Фондз амораг паддзахы алыгъдысты ӕмӕ Македайы цур лӕгӕты сӕ сӕр бафснайдтой. 17 Йешуамӕ куы фӕхабар чындӕуыд, фондз паддзахы Македайы цур лӕгӕты бадынц, зӕгъгӕ, 18 уӕд бардзырд радта: «Лӕгӕтмӕ бацӕуӕныл егъау дуртӕ бафӕлдахут ӕмӕ йын хъахъхъӕнджытӕ сӕвӕрут. 19 Уӕхӕдӕг та ма банцайут уе знӕгты сурынӕй. Чъылдымӕрдыгӕй сӕ цӕгъдут, сӕ сахартӕм баирвӕзын сӕ ма бауадзут: уӕ къухтӕм уын сӕ радта Дунедарӕг, уӕ Хуыцау». 20 Йешуа ӕмӕ израилӕгтӕ бындзагъд ныккодтой фыдгулты, ӕрмӕст ма дзы иугӕйттӕ баирвӕзтысты удӕгасӕй сӕ фидар сахартӕм. 21 Израилы ӕфсад та Йешуамӕ сӕрӕгасӕй ӕрбаздӕхт Македайы рӕсӕнуатмӕ. Ӕмӕ израилӕгты ныхмӕ хъыпп-сыпп дӕр ничиуал уӕндыд. 22 Уӕд Йешуа загъта: «Лӕгӕты дуар байгом кӕнут ӕмӕ мын уыцы фондз паддзахы мӕ цурмӕ ӕрбакӕнут». 23 Ӕмӕ йӕм ӕрбакодтой Йерусалимы паддзахы, Хевроны паддзахы, Йармуты паддзахы, Лахишы паддзахы ӕмӕ Еглоны паддзахы. 24 Йешуа ӕппӕт израилӕгтӕм дӕр фӕсидт ӕмӕ йе ’фсӕддон хицӕуттӕн загъта: «Рацӕут-ма хӕстӕгдӕр ӕмӕ мӕнӕ ацы паддзӕхты бӕрзӕйтыл къахӕй ӕрлӕуут». Уыдон бацыдысты ӕмӕ паддзӕхты бӕрзӕйтыл къахӕй ӕрлӕууыдысты. 25 Йешуа сын ноджыдӕр загъта: «Ӕппындӕр мацӕмӕй тӕрсут! Уӕ ныфс макуы асӕттӕд! Фидар лӕуут ӕмӕ ма фӕцудут! Уӕ фыдгултӕй кӕимӕфӕнды дӕр куы схӕцат — адонау сӕ бафхӕрдзӕни Дунедарӕг». 26 Уыйадыл Йешуа паддзӕхты ныммардта ӕмӕ сӕ фондз бӕласыл ӕрцауындзын кодта. Ауыгъдӕй фӕлӕууыдысты изӕрмӕ. 27 Хурныгуылдыл Йешуайы дзырдмӕ гӕсгӕ мӕрдты бӕлӕстӕй ӕристой, цы лӕгӕты ӕмбӕхстысты, уырдӕм сӕ баппӕрстой ӕмӕ йын йӕ бацӕуӕныл егъау дуртӕ бафӕлдӕхтой. Дуртӕ абон дӕр ма уым лӕууынц. Израилӕгтӕ Ханааны хуссарварс зӕххытӕ куыд бацахстой 28 Тӕккӕ уыцы бон Йешуа бацахста Македа ӕмӕ йын йӕ адӕмы ӕд паддзах кардӕй ныццагъта. Цӕрӕг удӕй дзы цыдӕриддӕр уыдис, уыдон Дунедарӕджы номыл бабын кодта, аирвӕзыны фадат дзы иуӕн дӕр нӕ радта. Йерихоны паддзахы хал ахӕрын кодта Македайы паддзахӕн дӕр. 29 Уый фӕстӕ Йешуа йе ’фсадимӕ Македайӕ абалц кодта Ливнӕйы сахармӕ ӕмӕ йӕ ныхмӕ схӕцыд. 30 Ӕмӕ Дунедарӕг Ливнӕйы дӕр йӕ паддзахимӕ радта израилӕгты къухтӕм, ӕмӕ дзы цӕрӕг удӕй цыдӕриддӕр уыдис, уыдоны Йешуа карды амӕттаг бакодта, аирвӕзыны фадат дзы иуӕн дӕр нӕ радта. Йерихоны паддзахы хал ахӕрын кодта Ливнӕйы паддзахӕн дӕр. 31 Уый фӕстӕ Йешуа ӕппӕт израилӕгтимӕ Ливнӕйӕ абалц кодта Лахишы сахармӕ, ӕртыхсти йыл ӕмӕ йӕ ныхмӕ схӕцыд. 32 Ӕмӕ Дунедарӕг израилӕгты къухтӕм радта Лахиш, дыккаг бон ӕй бацахста Йешуа. Цӕрӕг удӕй дзы цыдӕриддӕр уыдис, уыдоны дӕр, раст Ливнӕйы хуызӕн, карды амӕттаг бакодта. 33 Ӕмӕ уӕд Лахишӕн ӕххуысмӕ ӕрбацыди Гезеры паддзах Хорам, фӕлӕ йын Йешуа йӕхи дӕр амардта ӕмӕ йын йӕ адӕмы дӕр ныццагъта, аирвӕзыны фадат дзы иуӕн дӕр нӕ радта. 34 Уый фӕстӕ Йешуа ӕппӕт израилӕгтимӕ Лахишӕй ацыд Еглоны сахармӕ. Ӕртыхстысты йыл ӕмӕ йӕ ныхмӕ схӕцыдысты. 35 Тӕккӕ уыцы бон ӕй бацахстой ӕмӕ йӕ карды амӕттаг бакодтой. Цӕрӕг удӕй дзы цыдӕриддӕр уыдис, уыдоны дӕр, раст Лахишы хуызӕн, Йешуа Дунедарӕджы номыл бабын кодта. 36 Уый фӕстӕ Йешуа ӕппӕт израилӕгтимӕ Еглонӕй ацыд Хевроны сахармӕ. Схӕцыдысты йӕ ныхмӕ 37 ӕмӕ йӕ бацахстой. Йӕ адӕмы ӕмӕ йын йӕ паддзахы, стӕй йӕ алыварс сахарты цӕрджыты дӕр карды амӕттаг бакодтой. Еглоны хуызӕн Хевроны цӕрджытӕй дӕр аирвӕзыны фадат никӕмӕн радта Йешуа. Цӕрӕг удӕй дзы цыдӕриддӕр уыдис — Дунедарӕджы номыл сӕ бабын кодта. 38 Уый фӕстӕ Йешуа йе ’фсадимӕ фездӕхти Девиры сахармӕ ӕмӕ йӕ ныхмӕ схӕцыд. 39 Бацахста йӕ ӕмӕ йын йӕ паддзахы уацары райста, бацахста йын йӕ алыварс сахартӕ дӕр. Карды амӕттаг сӕ бакодтой, цӕрӕг удӕй дзы цыдӕриддӕр уыдис, Дунедарӕджы номыл сӕ бабын кодтой. Йешуа дзы аирвӕзыны фадат иуӕн дӕр нӕ радта. Хевроны сахар ӕмӕ йӕ паддзахы, стӕй Ливнӕйы сахар ӕмӕ йӕ паддзахы куыд бафхӕрдта, раст афтӕ бафхӕрдта Девиры сахар ӕмӕ йӕ паддзахы дӕр. 40 Афтӕмӕй Йешуа ныффалгӕрон кодта ӕгас бӕстӕ дӕр: уӕлхох ӕмӕ йе скӕсӕйнаг фӕхстӕ, Шефела ӕмӕ Негев сӕ паддзӕхтимӕ. Цӕрӕг удӕй дзы цыдӕриддӕр уыдис — бабын сӕ кодта, аирвӕзыны фадат дзы никӕмӕн радта, Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, куыддӕриддӕр бафӕдзӕхста, афтӕ. 41 Йешуа сӕ ныццагъта Кадеш-Барнеайӕ Газӕйы онг ӕмӕ Гошены бӕстӕйӕ Гивоны онг. 42 Иу ныббырстӕй Йешуа басаста ӕппӕт паддзӕхты дӕр ӕмӕ сын бацахста сӕ зӕххытӕ. Уый Дунедарӕг Йӕхӕдӕг хӕцыд Израилы адӕмы сӕрыл. 43 Уый фӕстӕ Йешуа ӕппӕт израилӕгтимӕ раздӕхти Гилгалмӕ, сӕ рӕсӕнуатмӕ. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia