Нуны фырт Йешуа 1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстХуыцау Израилы адӕмӕн бардзырд радта Ханааны зӕхх бацахсыны тыххӕй 1 Дунедарӕджы цагъар Моисей куы амарди, уӕд Нуны фырт Йешуайӕн, Моисейы кӕстӕриуӕггӕнӕгӕн, Дунедарӕг загъта: 2 «Мӕ цагъар Моисей амарди. Ныр бавдӕл ӕмӕ Израилы адӕмимӕ, Иорданы фале сын цы зӕхх дӕттын, уырдӕм бахиз. 3 Уӕ къах кӕмдӕриддӕр ӕрӕвӕрат, уыцы бынӕттӕ иууылдӕр Ӕз лӕвар кӕнын сымахӕн, Моисейӕн зӕрдӕ куыд бавӕрдтон, афтӕ. 4 Ӕдзӕрӕг быдыр ӕмӕ Ливаны хӕхтӕй Евфраты стыр цӕугӕдоны онг (ноджы ма хеттӕгты зӕхх иууылдӕр), стӕй Зӕххастӕуы денджызы онг ныгуылӕны — уыцы зӕххытӕ иууылдӕр суыдзысты уӕ бӕстӕ. 5 Цард-цӕрӕнбонты дӕ ныхмӕ ничи фӕлӕудзӕн, уымӕн ӕмӕ Ӕз, Моисейыл куыд аудыдтон, афтӕ ауддзынӕн дӕуыл дӕр. Мӕхи дыл нӕ атигъ кӕндзынӕн, нӕ дӕ ныууадздзынӕн. 6 Фидар лӕуу ӕмӕ ма фӕтас! Афтӕ бакӕн, цӕмӕй ацы бӕстӕ Израилы адӕмӕн суа фыдӕй-фыртмӕйы исбон, уымӕн ӕмӕ Ӕз сӕ фыдӕлтӕн сомы ракодтон йӕ раттыны тыххӕй! 7 Уӕдӕ фидар лӕуу ӕмӕ ма фӕтас! Дӕхи хъар, Мӕ цагъар Моисей дын цы Ӕгъдау бафӕдзӕхста, уый ӕнӕхъӕнӕй ӕххӕст кӕныныл! Мадӕр дзы рахизӕрдӕм ахиз, мадӕр галиуӕрдӕм, ӕмӕ уӕд дӕ аразинӕгтӕ иууылдӕр дӕ къухы ӕфтдзысты. 8 Ӕгъдауы чиныджы дзырд дӕ былалгъыл уӕд иудадзыг, фӕлхат ӕй кӕн бон дӕр ӕмӕ ӕхсӕв дӕр, иууылдӕр сӕ лӕмбынӕг ӕххӕст кӕн, — уӕд уыдзынӕ фӕрнӕйдзаг ӕмӕ ӕнтыстджын. 9 Фӕдзӕхсын дын: фидар лӕуу ӕмӕ ма фӕтас, ӕппындӕр мацӕмӕй тӕрс — цыдӕриддӕр аразай, уым демӕ уыдзӕни Дунедарӕг, дӕ Хуыцау». 10 Уӕд Йешуа йӕ адӕмы цӕстдарджытӕн бардзырд радта, 11 цӕмӕй рӕсӕнуатыл ӕрзилой ӕмӕ адӕмӕн зӕгъой: «Уӕхицӕн фӕндаггаг хӕлц ӕрцӕттӕ кӕнут, уымӕн ӕмӕ ӕртӕ боны фӕстӕ Иорданы фаллаг фарсмӕ бахиздзыстут, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн исбонӕн цы зӕхх дӕтты, уый байсынмӕ». 12 Рувимы ӕмӕ Гады хӕдзарвӕндӕгтӕн, стӕй Менассиайы хӕдзарвӕндаджы ӕмбисӕн та Йешуа загъта: 13 «Дунедарӕджы цагъар Моисей уын афтӕ куы дзырдта, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн ӕнцой ӕрхаста, ацы зӕхх уын радта, зӕгъгӕ, уӕд уын цы бафӕдзӕхста, уый уӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнут. 14 Уӕ устытӕ, уӕ сывӕллӕттӕ ӕмӕ уӕ фос баззайӕнт, Моисей уын Иорданы ацы фарс цы зӕхх радта, уым, сымахӕй та хӕцынхъом чидӕриддӕр у, уыдон хӕстифтонгӕй бахизӕнт фаллаг фарсмӕ, уе ’фсымӕртӕн сӕ разӕй. Баххуыс сын кӕнут, 15 Дунедарӕг сымах хуызӕн уыдонӕн дӕр цалынмӕ ӕнцой ӕрхӕсса, уӕдмӕ. Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, уыдонӕн цы зӕхх дӕтты, уый куы райсой уе ’фсымӕртӕ дӕр, уӕд фӕстӕмӕ раздӕхут ӕмӕ уӕ исбон уыдзӕни, Дунедарӕджы цагъар Моисей уын Иорданӕй скӕсӕнӕрдӕм цы зӕхх радта, уый». 16 Уыдон Йешуайӕн дзуапп радтой: «Цыдӕриддӕр нын бафӕдзӕхсай, уый сараздзыстӕм, кӕдӕмдӕриддӕр нӕ ӕрвитай, уырдӕм ацӕудзыстӕм. 17 Моисейы коммӕ ӕдзух куыд кастыстӕм, афтӕ дӕ коммӕ дӕр кӕсдзыстӕм, ӕрмӕст Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, демӕ уӕд, Моисеимӕ куыд уыдис, афтӕ. 18 Дӕ бардзырдтӕ, дӕ фӕдзӕхстытӕм дын чи нӕ хъуса, чи нӕ сӕ ӕххӕст кӕна, уый-иу мард ӕрцӕуӕд. Ӕрмӕст нын дӕхӕдӕг макуы фӕцуд, фидар лӕуу!» |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia