Фӕлхатгонд ӕгъдау 29 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Адон сты, Дунедарӕг Моисейӕн израилӕгтимӕ Моавы цы фидыд саразын бафӕдзӕхста, уый домӕнтӕ, — Дунедарӕг Хоревы рӕбын семӕ кӕй сарӕзта, уыцы фидыдӕн уӕлӕмхасӕн. Ивгъуыды диссӕгтӕ 2 Моисей фӕдзырдта ӕппӕт израилӕгтӕм ӕмӕ сын загъта: «Уӕхи цӕстӕй федтат Мысыры, Дунедарӕг фараонӕн, йӕ дӕлдӕртӕн ӕмӕ йӕ бӕстӕйӕн цытӕ бакодта, уый. 3 Сымах уӕхи цӕстӕй федтат уыцы стыр фыдӕвзарӕнтӕ, ӕвдисӕйнӕгтӕ ӕмӕ диссӕгтӕ. 4 Фӕлӕ уын абоны онг Дунедарӕг нӕдӕр зонд радта, цӕмӕй ӕмбарат, нӕдӕр — цӕстытӕ, цӕмӕй уынат, нӕдӕр — хъустӕ, цӕмӕй хъусат. 5 Дыууиссӕдз азы дӕргъы уӕ ӕдзӕрӕг быдыры фӕкодтон, фӕлӕ уӕ дарӕс дӕр нӕ баихсыди уӕ уӕлӕ, ӕмӕ уӕ дзабыртӕ дӕр нӕ баихсыдысты уӕ къӕхтыл. 6 Нӕдӕр къӕбӕры хъӕстӕ фестут, нӕдӕр — сӕн ӕмӕ бӕгӕныйы, цӕмӕй бамбарат: Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау! 7 Ацы ранмӕ куы ’рбацыдыстут, уӕд нӕ ныхмӕ ралӕууыдысты Сигон, Хешбоны паддзах, ӕмӕ Ог, Башаны паддзах, фӕлӕ сӕ мах ныддӕрӕн кодтам. 8 Сӕ зӕхх сын нӕхи бакодтам ӕмӕ йӕ Рувим ӕмӕ Гады, стӕй Менассиайы байзӕддӕгтӕн се ’мбисы ӕхсӕн байуӕрстам. Дунедарӕгимӕ цы фидыд сарӕзтат, уый фехалынӕй уӕхи бахизут 9 Ацы фидыды сӕрты ма хизут, бӕстон ӕй ӕххӕст кӕнут, цӕмӕй уӕ алы хъуыддаг дӕр рӕстмӕ уа. 10 Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, раз лӕуут ныртӕккӕ сымах уе ’ппӕт дӕр: мыггӕгты фӕтӕгтӕ, уӕ хистӕртӕ, уӕ цӕстдарджытӕ, ӕппӕт израилӕгтӕ, 11 сабитӕ, сылгоймӕгтӕ ӕмӕ ӕрцӕуӕггӕгтӕ, сугсӕттӕгӕй донхӕссӕджы онг. 12 Абон Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, уемӕ ацы фидыд аразы ӕмӕ йӕ фидар кӕны ӕлгъыстытӕй, 13 цӕмӕй уӕ Йӕ адӕм схона, зӕрдӕ уын куыд бавӕрдта ӕмӕ уӕ фыдӕлтӕ Авраам, Исаак ӕмӕ Йаковӕн куыд басомы кодта, афтӕ уӕ Хуыцау уа. 14 Канд сымахмӕ нӕ хауы ацы фидыд, ӕлгъыстытӕй фидаргонд чи у, уый: 15 ныртӕккӕ немӕ Дунедарӕджы, нӕ Хуыцауы, раз чи лӕууы, уыдонмӕ куыд хауы, афтӕ, абон не ’хсӕн чи нӕй, уыдонмӕ дӕр хауы. 16 Уӕхӕдӕг ӕй зонут, Мысыры куыд цардыстӕм ӕмӕ уый фӕстӕ алы бӕстӕтыл куыд цыдыстӕм, уый. 17 Се ’лгъӕгтӕ — хъӕдын ӕмӕ дурын, ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин гуымирытӕ сын федтат. 18 Ма разынӕд уе ’хсӕн ахӕм нӕлгоймаг кӕнӕ сылгоймаг, ахӕм мыггаг кӕнӕ хӕдзарвӕндаг, Дунедарӕгыл, нӕ Хуыцауыл, йӕхи чи атигъ кӕна ӕмӕ уыцы адӕмты хуыцӕуттӕн чи лӕггад кӕна! Ма разынӕд уе ’хсӕн маргджын зайӕгой кӕнӕ скъӕлдзойы уидаг! 19 Ацы карз ӕлгъысты ныхӕстӕм хъусгӕйӕ, афтӕ чи зӕгъа, мӕ хивӕнд зӕрдӕйы фӕдыл цӕудзынӕн, зӕгъгӕ, уый арфӕгонд нӕ уыдзӕн. Афтӕмӕй донӕфсӕст зӕхх дӕр ӕмӕ, ӕнӕ донӕй чи ныххус, уыцы зӕхх дӕр бабын уыдзысты. 20 Ахӕм адӕймагӕн Дунедарӕг нӕ ныххатыр кӕндзӕн, Йӕ маст пиллон артау ссудздзӕн уыцы адӕймагмӕ, ацы чиныджы ӕлгъыстытӕ йыл ӕрцӕудзысты, ӕмӕ арвы бын йӕ кой дӕр нал фӕзындзӕн. 21 Израилы мыггӕгты ’хсӕнӕй йӕ рахицӕн кӕндзӕн Дунедарӕг, цӕмӕй йын ацы тухгӕ чиныджы фыст ӕлгъыстытӕ йӕ хай фӕкӕна. 22 Уӕ фӕстӕ чи рахъомыл уа, уыцы фӕлтӕртӕ дӕр ӕмӕ дардбӕстаг ӕцӕгӕлӕттӕ дӕр зӕгъдзысты, ацы бӕстӕйы бӕллӕхтӕ ӕмӕ йыл Дунедарӕг цы рынтӕ бафтыдта, уыдонмӕ кӕсгӕйӕ, 23 ӕнӕхъӕн бӕстӕйы бынаты сондон, цӕхх ӕмӕ сыгъдон уынгӕйӕ, садзгӕ дӕр кӕм ницыуал кӕндзысты ӕмӕ зайгӕ дӕр кӕм ницыуал ӕркӕндзӕн, раст, Дунедарӕг Йӕ фыр мӕстӕй кӕй бабын кодта, уыцы Содом ӕмӕ Гоморрӕ, Адма ӕмӕ Цевоимы сахартау. 24 Ӕппӕт адӕмтӕ зӕгъдзысты: „Дунедарӕг ацы бӕстӕйӕн афтӕтӕ цӕмӕн бакодта? Уый бӕрц ӕм цӕуыл ссыгъд Йӕ маст?“ 25 Ӕмӕ сын загъд уыдзӕни: „Дунедарӕг, сӕ фыдӕлты Хуыцау, сӕ фыдӕлтимӕ, Мысырӕй сӕ куы ракодта, уӕд цы фидыд сарӕзта, уый ферох кодтой, 26 ӕндӕр хуыцӕуттӕн лӕггад кӕнын райдыдтой, зонгӕ дӕр кӕй нӕ кодтой ӕмӕ сын Уый кӕй не снысан кодта, уыцы хуыцӕуттӕм куывтой. 27 Уыйадыл Дунедарӕджы маст рафыхти ацы бӕстӕм ӕмӕ, ацы тухгӕ чиныджы цыдӕриддӕр ӕлгъыстӕй ис, уыдон ыл ӕрцӕуын кодта. 28 Дунедарӕгӕн Йӕ маст ссыгъди, ӕмӕ сӕ ӕндӕр бӕстӕм фӕсырдта сӕ зӕххӕй, ныронг дӕр уым сты“. 29 Сусӕг цы у, уый ис Дунедарӕгмӕ, нӕ Хуыцаумӕ; ӕргом цы у, уый та мыггагмӕ лӕвӕрд у махӕн ӕмӕ нӕ байзӕддагӕн, цӕмӕй бӕстон ӕххӕст кӕнӕм ацы Ӕгъдауы алы дзырд дӕр. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia