Фӕлхатгонд ӕгъдау 24 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстДыууӕ хатты чи рахицӕн ис, уыцы сылгоймагӕн йӕ фыццаг лӕгмӕ раздӕхӕн нӕй 1 Ус ӕркодтай, йемӕ бацардтӕ, фӕлӕ йӕм цыдӕр аипп ссардтай, ӕмӕ дын уыйадыл сӕнад ис, зӕгъгӕ, уӕд ахицӕны гӕххӕтт ныффысс, ратт ын ӕй ӕмӕ йӕ дӕ хӕдзарӕй арвит. 2 Дӕ хӕдзарӕй куы ацӕуа ӕмӕ ӕндӕрмӕ куы смой скӕна, 3 фӕлӕ та йӕ дыккаг лӕгӕн дӕр ӕнӕуынон куы суа, ӕмӕ та йӕ уый дӕр ахицӕны гӕххӕттимӕ йӕ хӕдзарӕй куы рарвита, кӕнӕ та, дыккаг хатт кӕмӕ смой кодта, уыцы лӕг куы амӕла, 4 уӕд йӕ фыццаг лӕгӕн фӕстӕмӕ йемӕ бацӕрӕн нӕй: ӕндӕр лӕджы ус кӕй уыди, уымӕй йӕхи фӕчъизи кодта. Уыцы хъуыддаг ӕлгъаг у Дунедарӕгӕн, уӕ Хуыцауӕн, ӕмӕ уын Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, исбонӕн кӕй дӕтты, уыцы зӕхх уӕ тӕригъӕдтӕй ма фӕчъизи кӕнут. Ногусджыны тыххӕй 5 Ногусджын ӕфсадӕй дӕр сӕрибар у, ӕмӕ йыл ӕндӕр исты хӕс дӕр нӕй сӕвӕрӕн. Афӕдзы дӕргъы йӕ хӕдзары уӕд ӕмӕ йӕ бинойнаджы зӕрдӕ рухс кӕнӕд. 6 Ӕрмгуырой цъынды райсӕн нӕй, уый искӕмӕн йӕ уд цъынды райсынӕй уӕлдай нӕу. Хионы кӕмӕндӕр чи ауӕй кӕны, уыдоны тыххӕй 7 Исчи йе ’фсымӕртӕй, израилӕгтӕй, искӕй куы адава, йӕхицӕн дзы цагъар куы скӕна кӕнӕ йӕ куы ауӕй кӕна, ӕмӕ уый куы сбӕрӕг уа, уӕд уыцы адӕймагӕн ӕнӕ амаргӕ нӕй: фесафут уе ’хсӕнӕй фыддзинад! Буарнизты тыххӕй 8 Хъотырӕй рынчын дӕ, зӕгъгӕ, уӕд сауджын левиттӕ цы зӕгъой, уый-иу бӕстон сӕххӕст кӕн, Ӕз сын куыд бафӕдзӕхстон, афтӕ кӕн. 9 Мысырӕй куы рацыдыстут, уӕд фӕндагыл Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, Мариамӕн цы бакодта, уый уӕ рох ма уӕд. Ногӕй та цъындыйы тыххӕй 10 Искӕмӕн ӕфстау исты раттай, зӕгъгӕ, уӕд ӕм цъынды райсыны тыххӕй йӕ хӕдзармӕ ма бацу. 11 Дуармӕ йӕм банхъӕлмӕ кӕс, ӕмӕ дын цъынды уырдӕм рахӕсдзӕн. 12 Кӕд мӕгуыр адӕймаг у, уӕд ма ныххуысс, цалынмӕ йын йӕ цъынды фӕстӕмӕ раттай, уӕдмӕ. 13 Хурныгуылды размӕ йыл сӕмбӕлын кӕн йӕ цъынды, цӕмӕй, йӕ уӕлӕфтауӕй йӕхи ӕрӕмбӕрзгӕйӕ, бафынӕй кӕна ӕмӕ дын арфӕ ракӕна. Уый дын раст хъуыддагыл нымад уыдзӕн Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы раз. Ӕххуырсты мызд 14 Де ’фсымӕртӕй дӕр ӕмӕ ӕрцӕуӕггагӕй дӕр дӕ бӕстӕ, дӕ сахарты ӕххуырст, цыбыркъух ӕмӕ мӕгуыргурӕй чи ис, уыдоны ма ӕфхӕр. 15 Мӕгуырӕн-иу хурныгуылды размӕ йӕ мызд ратт, уымӕн ӕмӕ уымӕ у йе скаст, цӕмӕй йе ’рдиаг Дунедарӕгмӕ ма фехъуыса, ӕмӕ йӕ тӕригъӕд дӕ фӕдыл ӕфтыд ма фӕуа. 16 Йӕ фырты азымы тыххӕй фыды марӕн нӕй, йӕ фыды азымы тыххӕй — фырты: алчи йӕ тӕригъӕды тыххӕй хъуамӕ йӕхӕдӕг амӕла. Раст тӕрхон ӕмӕ цъынды 17 Ӕрцӕуӕггаг ӕмӕ сидзӕры бартӕ дӕ къӕхты бын ма ссӕнд, сидзӕргӕсӕн йӕ дарӕс цъынды ма ис. 18 Ды дӕр цагъар кӕй уыдтӕ Мысыры, уый дӕ рох ма уӕд. Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, дӕу ссӕрибар кодта. Уымӕн дын фӕдзӕхсын ӕз уыдӕттӕ. Дӕ тыллӕджы баззайӕггӕгтӕ мӕгуырӕн ныууадз 19 Хуымгӕрдӕнты афон дын быдыры куырис куы аззайа, уӕд ӕм фӕстӕмӕ ма здӕх — уадз ӕмӕ ӕрцӕуӕггаг, сидзӕр кӕнӕ сидзӕргӕсы хай фӕуа. Уыйхыгъд дӕуӕн та дӕ къухты фӕллой арфӕгонд уыдзӕн Дунедарӕгӕй, дӕ Хуыцауӕй. 20 Оливӕ бӕлӕстӕ куы ӕрцӕгъдай, уӕд ма йӕ къалиутыл цы дыргътӕ аззайа, уыдон ма тон — уадз ӕмӕ ӕрцӕуӕггаг, сидзӕр ӕмӕ сидзӕргӕсы хай фӕуой. 21 Дӕ сӕнӕфсир куы ӕфснайай, уӕд ӕй фӕстаг гагайы онг ма ныттон: ӕрцӕуӕггаг, сидзӕр ӕмӕ ма дзы сидзӕргӕсӕн дӕр исты фӕуадз. 22 Рох дӕ ма уӕд, ды дӕр цагъар кӕй уыдтӕ Мысыры. Уымӕн дын фӕдзӕхсын ӕз адӕттӕ. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia