Фӕлхатгонд ӕгъдау 2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстИзраилӕгты фӕндаг Сеир, Моав ӕмӕ Аммоны рӕзты 1 Фӕзылдыстӕм уырдыгӕй фӕстӕмӕ ӕмӕ Дунедарӕджы ныхасмӕ гӕсгӕ ӕдзӕрӕг быдырмӕ, Сырх денджызмӕ фӕндагыл араст кодтам. Бирӕ бонты фӕцыдыстӕм Сеиры хӕхты алфамбылай. 2 Ӕмӕ мын Дунедарӕг загъта: 3 „Ӕгъгъӕд уын у ацы хӕхты алыварс цӕуын. Цӕгатӕрдӕм саразут уе ’ргом. 4 Адӕмӕн бамбарын кӕн: Сеиры чи цӕры, уӕ уыцы ӕфсымӕрты, Исавы байзӕддаджы арӕнтыл уын цӕугӕ у. Уыдон уӕ тӕрсгӕ кӕнынц, фӕлӕ уӕхи хизут 5 семӕ схӕцынӕй, уымӕн ӕмӕ уын сӕ зӕххӕй уылынджы йас дӕр нӕ ратдзынӕн — Сеиры хӕхбӕстӕ Ӕз схай кодтон Исавӕн. 6 Цы хойраг хӕрат ӕмӕ цы дон нуазат, уый аргъ сын ӕвзистӕй фидут. 7 Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, арфӕ ракодта сымахӕн уӕ алы хъуыддаджы дӕр. Уый уын уӕ фӕндаджы хабӕрттӕ хорз зоны ацы ӕгӕрон ӕдзӕрӕг быдыры. Ныр дыууиссӕдз азы дӕргъы Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, уемӕ ис, ӕмӕ сымах хъуаг ницӕмӕй ӕййафут“. 8 Нӕхи иуварс айстам не ’фсымӕртӕй, Исавы байзӕддӕгтӕй, Сеиры цӕрджытӕй, Аравӕмӕ фӕндагӕй, Елат ӕмӕ Ецион-Геверӕй, ӕмӕ нӕ ных Моавы ӕдзӕрӕг быдырмӕ сарӕзтам. 9 Дунедарӕг мын загъта: „Моавӕгтӕм ма бабырсут, ма схӕцут семӕ, уымӕн ӕмӕ уын сӕ зӕххӕй ницы схай кӕндзынӕн — Ар Ӕз Лоты байзӕддӕгтӕн радтон“. 10 Раздӕр уым емимӕгтӕ цардысты — Анакы фӕдонтау ӕнӕнымӕц ӕмӕ асӕй бӕрзонд адӕм. 11 Уыдон дӕр Анакы байзӕддӕгтау рефаимтыл нымад сты, моавӕгтӕ та сӕ емимӕгтӕ хонынц. 12 Сеиры раздӕр цардысты хорӕгтӕ, фӕлӕ сӕ Исавы байзӕддӕгтӕ уырдыгӕй фӕсырдтой, ныццагътой сӕ ӕмӕ сӕ бынаты ӕрцардысты: израилӕгтӕ, Дунедарӕгӕй сын цы зӕхх лӕвӕрд уыди, уым куыд бакодтой, раст афтӕ. 13 „Ныр бавдӕлут, — загъта Дунедарӕг, — ӕмӕ Зереды сӕрты ахизут“. Ӕмӕ ахызтыстӕм Зереды сӕрты. 14 Ӕстдӕс ӕмӕ ссӕдз азы аивгъуыдта, Кадеш-Барнеайӕ куы рацыдыстӕм ӕмӕ Зереды сӕрты куы ахызтыстӕм, уӕдӕй нырмӕ. Уӕдмӕ, Дунедарӕг цы хӕстхъомтӕм бартхъирӕн кодта, уыдонӕй иу дӕр удӕгас нал уыд. 15 Дунедарӕг сӕ Йӕ фыдӕхы хай бакодта, цагъта сӕ, цалынмӕ бынтон скуынӕг сты, уӕдмӕ. Аммонӕгтӕ ӕмӕ аморӕгтӕ 16 Хӕстхъомтӕ цагъды куы фесты ӕмӕ адӕмы астӕу сӕ кой дӕр куынӕуал уыди, 17 уӕд мын Дунедарӕг загъта: 18 „Ныртӕккӕ сымах моавӕгты арӕныл, Арыл, фӕцӕут. 19 Аммонӕгтӕм баввахс стут; семӕ быцӕуыл ма ныллӕуут ӕмӕ хӕст ма ракъахут — уыдоны зӕххӕй Ӕз сымахӕн ницы ратдзынӕн, уымӕн ӕмӕ йӕ Лоты байзӕддӕгтӕн схай кодтон“. 20 Уыцы зӕхх дӕр рефаимты зӕххыл нымад у — раздӕр дзы рефаимтӕ цардысты, аммонӕгтӕ сӕ замзумӕгтӕ хонынц. 21 Анакы байзӕддӕгтау ӕнӕнымӕц сты уыцы адӕм, асӕй — бӕрзонд; Дунедарӕг сӕ ныццагъта — аммонӕгтӕ сӕ фӕсырдтой ӕмӕ сӕ бынаты ӕрцардысты. 22 Дунедарӕг Исавы байзӕддӕгтӕн дӕр афтӕ бакодта, сӕ цӕстыты раз сын Сеиры цӕрджыты, хорӕгты, куы скуынӕг кодта, уӕд. Израилӕгтӕ сӕ фӕсырдтой ӕмӕ абоны онг сӕ бынаты цӕрынц. 23 Газӕйы алфамбылай цӕрӕг аввайӕгты та, Кафторӕй чи ӕрбацыд, уыцы адӕм ныццагътой ӕмӕ сӕ бынаты ӕрцардысты. 24 Дунедарӕг загъта: „Цӕут ӕмӕ Арноны сӕрты ахизут. Мӕнӕ уын Ӕз уӕ къухмӕ дӕттын Хешбоны паддзах Сигоны, амораджы, стӕй йӕ бӕстӕ дӕр. Фыццаг уал уый басӕттут, схӕцут йемӕ. 25 Тӕккӕ абонӕй фӕстӕмӕ, арвы бын цыдӕриддӕр адӕмтӕ ис, уыдоныл Ӕз тас ӕфтаудзынӕн, ӕмӕ уын ӕрмӕст уӕ койӕ дӕр ӕмризӕджы риздзысты“. Сигоны басаст 26 Кедемоты ӕдзӕрӕг быдырӕй арвыстон минӕвӕрттӕ Сигонмӕ, Хешбоны паддзахмӕ, цӕмӕй йӕм бахатой: 27 „Ауадз мӕ дӕ зӕххыл ацӕуын, над фӕндагыл ацӕудзынӕн, рахизӕрдӕм дӕр ӕмӕ галиуӕрдӕм дӕр нӕ фӕзилдзынӕн. 28 Цы хойраг хӕрӕм ӕмӕ цы дон нуазӕм, уый нын ӕвзистыл уӕй кӕндзынӕ; дӕ зӕххыл дын цӕугӕ цы акӕнӕм, ӕндӕр дӕ ницы бахъыгдардзыстӕм. 29 Исавы байзӕддӕгтӕ, Сеиры цӕрджытӕ, ӕмӕ Ары цӕрӕг моавӕгтӕ дӕр нын ахӕм бар радтой, цӕмӕй Иорданыл, Дунедарӕг нын цы бӕстӕ дӕтты, уырдӕм ахизӕм“. 30 Фӕлӕ нӕ Сигон, Хешбоны паддзах, йӕ зӕххыл ацӕуын нӕ бауагъта. Сызнӕт ӕй кодта Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, йӕ зӕрдӕ йын ныддур кодта, цӕмӕй уын ӕй уӕ къухмӕ ратта, ӕцӕгдӕр куыд рауадис, афтӕ. 31 Дунедарӕг мын загъта: „Кӕсыс, Сигоны уал дын дӕттын ӕд бӕстӕ. Йӕ зӕхх ын дӕхи бакӕн“. 32 Сигон йе ’ппӕт адӕмимӕ нӕ ныхмӕ ралӕууыд Йахацы. 33 Нӕ къухмӕ йӕ радта Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, ӕмӕ йын йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ фыртты дӕр амардтам, йӕ адӕмы йын се ’ппӕты дӕр ныццагътам. 34 Йӕ сахартӕ йын иууылдӕр басастам, ӕлгъыстаг сӕ фӕкодтам ӕмӕ дзы цӕрӕг нал ныууагътам; нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй, сывӕллонӕй — иууылдӕр сӕ ныццагътам. 35 Цы сахартӕ басастам, уыдонӕн ӕрмӕстдӕр сӕ фос ӕмӕ ӕндӕр ӕфтиаг ӕрбатӕлӕт кодтам нӕхицӕн. 36 Арноны был чи ис, уыцы Ароер ӕмӕ, Арноны дӕлвӕзы цы сахар ис, уырдыгӕй суанг Галаады онг иунӕг сахар дӕр нӕ ныхмӕ лӕууын нӕ бафӕрӕзта — се ’ппӕты дӕр нын нӕ амӕттаг бакодта Дунедарӕг, нӕ Хуыцау. 37 Ӕрмӕст аммонӕгты зӕхмӕ хӕстӕг нӕ бацыдыстут сымах — нӕдӕр, Йавочы был цы сахартӕ ис, уыдонмӕ, нӕдӕр хӕхбӕсты сахартӕм, Дунедарӕг, нӕ Хуыцау нын куыд загъта, афтӕ. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia