Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -

Фӕлхатгонд ӕгъдау 16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Куадзӕн

1 Дӕ зӕрдыл дар авивы мӕй ӕмӕ бӕрӕг кӕн Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, Куадзӕн: авивы мӕйы дӕ ӕхсӕвыгон ракодта Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, Мысырӕй.

2 Куадзӕны-иу Дунедарӕгӕн, дӕ Хуыцауӕн, стурвос кӕнӕ фысвосӕй нывонд ӕрхӕсс, Дунедарӕг Йӕ номыл цы бынат равзара, уым.

3 Куадзӕны нывонд ма хӕр ӕнхъизӕнджын дзулимӕ. Авд боны дӕргъы дын уыцы дзидзаимӕ фыдӕвзарӕны хойраг — донгонд дзул — хӕргӕ у, Мысырӕй ӕвӕстиатӕй кӕй фӕраст дӕ, уый мысынӕн. Афтӕмӕй ды цӕргӕбонты дӕ зӕрдыл дардзынӕ Мысырӕй рацыды бон.

4 Авд боны дӕргъы дӕ зӕххы хайыл ӕнхъизӕнӕн йӕ кой дӕр макӕцы ран уӕд, фыццаг бон изӕрӕй цы кусарт акӕнай, уымӕй та райсоммӕ мацыуал баззайӕд.

5 Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн кӕй радта, уыцы сахартӕй уын иуы дӕр нӕй Куадзӕны нывонд акусарт кӕнӕн.

6 Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, Йӕ номыл кӕй равзара, ӕрмӕстдӕр уыцы бынаты изӕрыгон, хурныгуылды фӕстӕ, Мысырӕй куы рацыдтӕ, раст уыцы афон, акусарт кӕн Куадзӕны нывонд.

7 Сфыц ӕй ӕмӕ йӕ бахӕр, Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, цы бынат равзара, уым, райсомӕй та дӕ хӕдзармӕ рараст кӕн.

8 Ӕхсӕз боны дӕргъы хӕр донгонд дзул, ӕвдӕм бон скӕн уазӕмбырд — Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, номыл бӕрӕгбон у; ницы кусӕн ис.

9 Къуыриты бӕрӕгбоны райдианӕй авд къуырийы анымай

10 ӕмӕ, Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, арфӕйӕ дӕ къухы цы ис, уымӕй скӕн Къуыриты бӕрӕгбон ӕмӕ ссар Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, ном.

11 Цин кӕн Йӕ разы, Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, Йӕ номыл цы бынат равзӕрста, уым, демӕ — дӕ цот чызгӕй, лӕппуйӕ, дӕ цагъартӕ нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй, дӕ сахары цӕрӕг левиттӕ, ноджы ма, уе ’хсӕн чи ӕрбынӕттон, уыцы ӕрцӕуӕггӕгтӕ, стӕй сидзӕртӕ ӕмӕ идӕдзтӕ.

12 Дӕхӕдӕг дӕр Мысыры цагъар кӕй уыдтӕ, уый дӕ рох ма уӕд, ӕмӕ бӕстон ӕххӕст кӕн ацы ӕгъдау.

13 Авд боны дӕргъы-иу бӕрӕг кӕн Халагъудты бӕрӕгбон, дӕ хор ӕмӕ-иу дӕ сӕн куы бафснайай, уӕд.

14 Уӕ бӕрӕгбон хъӕлдзӕгӕй ӕрвитут: ды, дӕ фырттӕ ӕмӕ дӕ чызджытӕ, дӕ цагъартӕ нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй, дӕ сахары цӕрджытӕ: левиттӕ ӕмӕ ӕрцӕуӕггӕгтӕ, сидзӕрӕй ӕмӕ идӕдзӕй дзы чидӕриддӕр ис, уыдон иууылдӕр.

15 Авд боны-иу ахӕссӕд дӕ бӕрӕгбон Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, кадӕн, Дунедарӕг цы бынат равзара, уым. Уымӕн ӕмӕ арфӕгонд уыдзысты Дунедарӕгӕй, дӕ Хуыцауӕй, дӕ тыллӕджы алы гага дӕр ӕмӕ дӕ къухвӕллой, ӕмӕ райдзынӕ фыр цинӕй!

16 Уӕ нӕлгоймӕгтӕ се ’ппӕт дӕр афӕдз ӕртӕ хатты хъуамӕ ӕрлӕууой Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы раз, Йӕ номыл цы бынат равзара, уым: Донгонд дзулты, Къуыриты ӕмӕ Халагъудты бӕрӕгбӕтты. Афтидармӕй мачи ӕрбацӕуӕд!

17 Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, арфӕмӕ гӕсгӕ, йӕ къух кӕмӕн цы амона, уый-иу ӕрбахӕссӕд!


Тӕрхонгӕнджыты тыххӕй

18 Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, дын кӕй дӕтты, ӕппӕт уыцы сахарты дӕ мыггӕгтӕн тӕрхонгӕнджытӕ ӕмӕ уагдартӕ сӕвӕр, адӕмӕн раст тӕрхон куыд кӕной, афтӕ.

19 Галиу тӕрхон ма кӕн, хъулон мийӕ дӕхи хиз. Гӕртӕмттӕ ма ис, уымӕн ӕмӕ гӕртам куырыхоны куырм кӕны, раст лӕджы — зылын.

20 Рӕстдзинадмӕ, ӕрмӕстдӕр рӕстдзинадмӕ тырн, цӕмӕй сӕрӕгасӕй баззайай ӕмӕ дын Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, цы бӕстӕ дӕтты, уый дӕхи бакӕнай.


Муртаттаг ӕгъдӕутты ныхмӕ

21 Дунедарӕгӕн, дӕ Хуыцауӕн, цы нывондхӕссӕн саразай, уый раз Ашерӕйы цӕджындз ма ныссадз.

22 Табуйаг дур дӕр ма сӕвӕр — уыдӕттӕ ӕнӕуынон сты Дунедарӕгӕн, дӕ Хуыцауӕн.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:



ကြော်ငြာတွေ