Фӕлхатгонд ӕгъдау 15 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстХӕстӕ ныббарыны тыххӕй 1 Алы ӕвдӕм аз дӕр-иу, хӕс дӕ чи дары, уымӕн йӕ хӕс ныххатыр кӕн. 2 Ома хӕс куы раттай, уӕд ӕй, Дунедарӕджы хатырӕй, де ’фсымӕрӕй нӕ, фӕлӕ ӕндӕр искӕмӕй дӕр фӕстӕмӕ мауал бацагур. 3 Ӕрцӕуӕггаджы, дӕ бон у, ӕмӕ дӕ хӕсы тыххӕй батыхсын кӕнай, фӕлӕ йӕ де ’фсымӕрӕн ныббар. 4 Уӕвгӕ уӕм мӕгуыртӕ хъуамӕ ма уа, уымӕн ӕмӕ арфӕгонд уыдзыстут Дунедарӕгӕй, уӕхи йӕ бакӕнут, зӕгъгӕ уын Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, исбонӕн кӕй дӕтты, уыцы зӕххыл. 5 Ӕрмӕст Дунедарӕгмӕ, уӕ Хуыцаумӕ, хъусут ӕмӕ-иу, абон уын цы зӕгъын, уыдон иууылдӕр ӕххӕст кӕнут. 6 Зӕрдӕ уын куыд бавӕрдта, афтӕ уӕ Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, хорзӕх куы уа, уӕд бирӕ адӕмтӕн ӕфстау дӕтдзыстут, уӕхи та ӕфстау райсыны сӕр никуы бахъӕудзӕн; сымах бирӕ адӕмтӕн хицауиуӕг кӕндзыстут, уыдон та уын хицауиуӕг нӕ кӕндзысты. 7 Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн кӕй дӕтты, уыцы бӕстӕйы сахартӕй искӕцыйы де ’фсымӕртӕй исчи мӕгуыр у, зӕгъгӕ, уӕд дӕ зӕрдӕ ма ныддур кӕн ӕмӕ йын йӕ размӕ афтид арм ма дар. 8 Дзагармӕй ӕрбалӕуу дӕ тыхст ӕфсымӕры фарсмӕ ӕмӕ йын, хъуаг цӕмӕй ӕййафы, уый ратт ӕфстау. 9 Ӕвдӕм аз, хӕстӕ барыны аз, ӕрбахӕццӕ кӕны, зӕгъгӕ, уӕд ӕнаккаг хъуыды ма бахъуызӕд дӕ зӕрдӕмӕ ӕмӕ дӕ мӕгуыр ӕфсымӕрыл дӕхи ма атигъ кӕн: йӕ дзыназын Дунедарӕгмӕ фехъуысдзӕн, ӕмӕ тӕригъӕды бацӕудзынӕ. 10 Цас дӕ куры, уый бӕрц ын зӕрдӕхӕларӕй ратт, ӕмӕ Дунедарӕгӕй, Дӕ Хуыцауӕй, арфӕгонд уыдзӕни дӕ алы хъуыддаг, дӕ алы куыст дӕр. 11 Бӕстӕйы кӕддӕриддӕр мӕгуыр адӕм уыдзӕни, ӕмӕ дын уымӕ гӕсгӕ фӕдзӕхсын ӕз: рӕдаукъух у де ’фсымӕрӕн, дӕ бӕстӕйы цӕрӕг ӕфхӕрд ӕмӕ мӕгуырӕн. Дзуттаг цагъары ӕхсӕз азы фӕстӕ ссӕрибар кӕн 12 Дӕхи адӕмӕй исчи, дзуттаг нӕлгоймаг кӕнӕ дзуттаг сылгоймаг, дӕ цагъар куы суа, уӕд дын ӕхсӕз азы фӕкусӕд, ӕвдӕм аз та йӕ ссӕрибар кӕн. 13 Куы йӕ сӕрибар кӕнай, уӕд та йӕ афтидармӕй ма ауадз. 14 Схай йын кӕн, цы дӕ бон у, уый дӕ фосӕй, дӕ мусӕй, дӕ сӕнӕй; схай йын кӕн, Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, фӕрцы дӕм цыдӕриддӕр ис, уымӕй. 15 Рох дӕ ма уӕд, ды дӕр Мысыры цагъар кӕй уыдтӕ ӕмӕ дӕ Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, уацарӕй кӕй фервӕзын кодта, уый. Абон дын уыдӕттӕ дӕр уымӕн фӕдзӕхсын. 16 Дӕхи дӕр ӕмӕ дын дӕ бинонты дӕр куы бауарза ӕмӕ дын куы зӕгъа, нӕ цӕуын, мӕнӕн сымахмӕ хорз у, зӕгъгӕ, 17 уӕд райс туас, йӕ хъус ын дуармӕ балхъив ӕмӕ йын ӕй туасӕй фӕхуынкъ кӕн, цӕмӕй дӕм цӕргӕбонты цагъарӕй баззайа. Афтӕ кӕнгӕ у сылгоймаг цагъарӕн дӕр. 18 Дӕ цагъары кӕй сӕрибар кӕныс, ууыл ма маст кӕн: уый дын ӕхсӕз азмӕ дыууӕ ӕххуырстӕй фылдӕр пайда ӕрхаста, Дунедарӕгӕй та, дӕ Хуыцауӕй, арфӕгонд уыдзӕн дӕ алы хъуыддаг дӕр. Стуртӕ ӕмӕ фысвосы фыццаг цӕуӕты тыххӕй 19 Де стуртӕ ӕмӕ дӕ фысвосӕн сӕ фыццаг цӕуӕт кӕддӕриддӕр нывонд кӕн Дунедарӕгӕн, дӕ Хуыцауӕн. Фыццаг гайлаг кусынӕн нӕу, фыццаг фыры ӕлвынӕн нӕй. 20 Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы раз сӕ хӕр алы аз дӕ бинонтимӕ, Дунедарӕг цы бынат равзара, уым. 21 Фос къуылых, куырм кӕнӕ ӕндӕр исты сахъат у, зӕгъгӕ, уӕд ӕй Дунедарӕгӕн, дӕ Хуыцауӕн, нывондӕн ма ӕрхӕсс. 22 Дӕ сахары йӕ хӕр. Уыцы дзидзайӕ, сӕгуыт ӕмӕ фысы фыдау, хӕрыны бар ис сыгъдӕг адӕймагӕн дӕр ӕмӕ, йӕхи чи фӕчъизи кодта, уымӕн дӕр. 23 Ӕрмӕст ын йӕ тугӕй макуы фӕхъӕстӕ кӕнут уӕхи, зӕхмӕ-иу ӕй акалут донау. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia