Фӕлхатгонд ӕгъдау 12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстДунедарӕг Йӕхӕдӕг кӕй равзара, ӕрмӕстдӕр Ын уыцы бынаты нывӕндтӕ хӕссут 1 Мӕнӕ сты, Дунедарӕг, уӕ фыдӕлты Хуыцау, сымахӕн цы бӕстӕ дӕтты, уым цӕргӕбонты бӕстон кӕй хъуамӕ ’ххӕст кӕнат, уыцы фӕтк ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ. 2 Кӕй басӕтдзыстут, уыцы адӕмты кувӕн бынӕттыл, сӕ хуыцӕутты кувӕндӕттыл кӕмдӕриддӕр бамбӕлат — бӕрзонд хӕхтыл уа, къуыбыртыл ӕви алы къабузджын бӕласы бын — ныффалгӕрон-иу сӕ кӕнут. 3 Сӕ нывондхӕссӕнтӕ сын ныппырх кӕнут, табуйаг дурцӕджындзтӕ афадут, Ашерӕйы цӕджындзтӕ арты хай бакӕнут, сӕ гуымирытӕ сын ныззыгуым кӕнут, сӕ кой дӕр куыннӕуал баззайа уыцы рӕтты. 4 Дунедарӕгӕн, уӕ Хуыцауӕн, ӕппындӕр ахӕмӕй мацы аразут. 5 Уӕ мыггӕгтӕй иуы зӕххыл Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, Йӕхицӕн бынат равзардзӕн. Уыцы бынат уыдзӕни Йӕ номыл, ӕмӕ-иу уырдӕм цӕут. 6 Уырдӕм-иу хӕссут уӕ иууылсудзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ уӕ кусӕрттӕгтӕ, уӕ исбонӕй алцӕмӕн дӕр йӕ дӕсӕймаг хай ӕмӕ уӕ хуынтӕ, уӕ ардбахӕрды ӕмӕ уӕ бархийы нывӕндтӕ, уе стурты ӕмӕ уӕ фысвосы сӕртӕ. 7 Минас кӕнут уым Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы раз, ӕмӕ цин кӕнут уӕ бинонтимӕ, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн цы къухты фӕллой ратта, ууыл. 8 Ныртӕккӕ сымах, кӕмӕ уӕ куыд растдӕр кӕсы, афтӕ кӕнут, фӕлӕ уым хъуамӕ ма кӕнат афтӕ. 9 Нырма нӕ бацыдыстут, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн кӕй дӕтты, уыцы ӕнцойады бынатмӕ, уӕ зӕххы хаймӕ. 10 Фӕлӕ Иорданы фаллаг фарсмӕ куы ахизат ӕмӕ уын Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, исбонӕн цы бӕстӕ дӕтты, уым куы ӕрбынат кӕнат, куы уӕ фервӕзын кӕна Уый уӕ алыварс знӕгтӕй ӕмӕ ӕдасӕй цӕрын куы райдайат, 11 уӕд-иу, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, Йӕхӕдӕг кӕй равзара ӕмӕ Йӕ номы аккаг кӕй скӕна, уыцы бынатмӕ сӕмбӕлын кӕнут, цы уын фӕдзӕхсын, уыдон иууылдӕр: уӕ иууылсудзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ уӕ иннӕ кусӕрттӕгтӕ, уӕ исбонӕй алцӕмӕн дӕр йӕ дӕсӕймаг хай ӕмӕ уӕ къухвӕллойы ӕппӕт хуынтӕ, Дунедарӕгӕн ӕй ратдзынӕн, зӕгъгӕ, цӕмӕйдӕриддӕр загътат, уыдон. 12 Ӕмӕ-иу цин кӕнӕнт уемӕ Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы раз, уӕ фырттӕ ӕмӕ уӕ чызджытӕ, уӕ цагъартӕ сылгоймагӕй, нӕлгоймагӕй ӕмӕ, уе ’хсӕн зӕххӕй дӕр ӕмӕ исбонӕй дӕр хай кӕмӕн нӕй, уыцы левиттӕ. 13 Уӕхи хъахъхъӕнут, уӕ зӕрдӕ уӕ цы ран скъуыра, уым уӕ иууылсудзинаг нывӕндтӕ ма хӕссут. 14 Уӕ мыггӕгтӕй иуы зӕххыл цы бынат равзара Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, уым-иу хӕссут уӕ иууылсудзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ-иу, цыдӕриддӕр уын фӕдзӕхсын, уыдӕттӕ кӕнут. 15 Фӕлӕ уын бар ис, Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, хорзӕхы руаджы уӕм цы фос уа, уымӕй, уӕ зӕрдӕ кӕд зӕгъа, уӕд уӕ алы сахары дӕр аргӕвдын. Уыцы дзидзайӕ, сӕгуыт ӕмӕ фысы фыдау, хӕрыны бар ис сыгъдӕг адӕймагӕн дӕр ӕмӕ, йӕхи чи фӕчъизи кодта, уымӕн дӕр. 16 Фӕлӕ туджы хъӕстӕ ма фӕкӕнут уӕхи, зӕхмӕ-иу ӕй акалут донау. 17 Дӕ хоры сӕртӕ, дӕ сӕны ӕмӕ оливӕйы сойы дӕсӕймаг хӕйттӕ, де стурты ӕмӕ фысвосы сӕртӕ, снывонд кӕныны охыл цӕмӕйдӕриддӕр дзырд радтай, бархийы нывонд уа ӕви хуын, бахӕрыны бар дын ӕй нӕй дӕ сахары. 18 Хӕр сӕ ӕрмӕстдӕр Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы раз, Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, цы бынат равзӕрста, уым, демӕ — дӕ цот, чызгӕй, лӕппуйӕ, дӕ цагъартӕ нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй ӕмӕ дӕ сахары цӕрӕг левиттӕ. Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, раз райӕд дӕ зӕрдӕ дӕ къухвӕллойӕ. 19 Хъусыс, дӕ зӕххыл куы ӕрцӕрай, уӕд макуы ныууадз рохуаты левиты. 20 Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, зӕрдӕ дын куыд бавӕрдта, афтӕ дӕ арӕнтӕ куы ныппарахат кӕна, уӕд-иу, кӕд дӕ бафӕнда, уӕд хӕр фыдызгъӕл, цас дӕ хъӕуа, уый бӕрц. 21 Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, Йӕ номыл цы бынат равзӕрста, уый дӕм дард куы уа, уӕд, куыд дын загътон, афтӕ дӕхи сахары аргӕвд, Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, дӕуӕн цы стуртӕ ӕмӕ фысвос радта, уыдонӕй ӕмӕ хӕр дӕ фаг. 22 Ӕрмӕст сӕ хӕр, сӕгуыт ӕмӕ фысы фыд куыд хӕрынц, афтӕ. Сыгъдӕгӕн ӕмӕ дзы, чи фӕчъизи ис, уымӕн дӕр хӕрыны бар ис. 23 Фӕлӕ туджы хъӕстӕ ма фӕкӕн дӕхи, уымӕн ӕмӕ туг цард у, ӕмӕ йӕ ма бахӕр фыдызгъӕлимӕ. 24 Ма йӕ бахӕр! Донау ӕй акал зӕхмӕ. 25 Ма йӕ бахӕр ӕмӕ ӕнӕмаст уыдзынӕ дӕхӕдӕг дӕр, стӕй дӕ байзӕддӕгтӕ дӕр, уымӕн ӕмӕ дӕ хъуыддӕгтӕ Хуыцауӕн ӕхсызгон уыдзысты. 26 Дӕ уаз хуынтӕ ӕмӕ дӕ фидыды нывӕндтимӕ та дын, Дунедарӕг кӕй равзӕрста, уыцы бынатмӕ цӕугӕ у. 27 Дӕ иууылсудзинаг нывӕндтӕ, ӕд фыд ӕмӕ ӕд туг, Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, нывондхӕссӕныл судзгӕ сты. Дӕ иннӕ нывӕндты туг-иу акал Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, нывондхӕссӕны раз, дзидза та хӕр. 28 Лӕмбынӕг ӕрбайхъус ӕмӕ-иу бӕстон ӕххӕст кӕн, кӕй дын фӕдзӕхсын, ӕппӕт уыдӕттӕ, цӕмӕй дӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ дӕ байзӕддаг дӕр ӕнӕмаст уой, Дунедарӕгӕн, дӕ Хуыцауӕн, ӕхцон ӕмӕ фӕндон цы у, уыдӕттӕ куы кӕнай, уӕд. 29 Ды басӕттынмӕ кӕмӕ цӕуыс, уыцы адӕмты Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, куы ныццӕгъда, куы сӕ басӕттай ӕмӕ сын сӕ зӕххыл куы ӕрбынӕттон уай, 30 дӕ разы бынсӕфт куы фӕуой, уӕд-иу дӕхи хъахъхъӕн: къӕппӕджы бахаудзынӕ, уыдоны куы бафӕзмай ӕмӕ, ацы адӕмтӕ сӕ хуыцӕуттӕн куыд лӕггад кодтой, ӕз дӕр афтӕ кӕндзынӕн, зӕгъгӕ сын сӕ хуыцӕутты куы бацагурай, уӕд. 31 Ды Дунедарӕгӕн, дӕ Хуыцауӕн, афтӕ ма кӕн: Дунедарӕг цӕуылдӕриддӕр ӕлгъ кӕны ӕмӕ Йын цыдӕриддӕр ӕнӕуынон у, уыдӕттӕ уыдон сӕ хуыцӕуттӕн кодтой; суанг ма сӕ фырттӕ ӕмӕ сӕ чызджыты дӕр арты сыгътой сӕ хуыцӕутты номыл. 32 Цыдӕриддӕр уын фӕдзӕхсын, уыдон, ӕппаргӕ дӕр ӕмӕ сӕм ӕфтаугӕ дӕр мацы бакӕнут, афтӕмӕй бӕстон ӕххӕст кӕнут. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia