Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -

Езекиел 27 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Хъарӕг Тирыл

1 Дунедарӕг мын загъта:

2 Адӕймаджы фырт! Ды дӕр ныхъхъарӕг кӕн Тирыл!

3 Зӕгъ Тирӕн, денджызмӕ рацӕуӕнтӕ чи бацахста ӕмӕ денджызы был цы бӕстӕтӕ ис, уыдонимӕ сӕудӕджер чи кӕны, уымӕн: афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: «Тир! Ды дӕхи схуыдтай алӕмӕты рӕсугъд.

4 Денджызы астӕу лӕууыс — науӕнгӕс — хорз дӕ сфӕлыстой дӕ аразджытӕ, алцӕмӕй дӕр — ӕххӕст.

5 Сениры кипарисӕй дын сарӕзтой дӕ чъилтӕ, Ливанӕй ласт кедрӕй дын ӕрцамадтой дӕ наухъилтӕ,

6 башайнаг тулдзӕй дын донфыййӕгтӕ скодтой, тӕрс бӕласӕй дын сарӕзтой дӕ бандӕттӕ, сфӕлыстой дӕ киттимаг пылыстӕгӕй.

7 Мысыраг нывӕфтыд гӕн хъуымацӕй уыдысты дӕ наупӕлӕзтӕ ӕмӕ дӕ тырыса, елишайаг ӕрвхуыз ӕмӕ сӕнт сырх хъуымӕцтӕй — дӕ уӕлӕдарӕс.

8 Сидон ӕмӕ Арвады цӕрджытӕ дӕ бӕлӕгътӕрджытӕ уыдысты, къухӕй дӕсныйӕ дӕм чи уыд, уыдон та — дӕ наутӕрджытӕ.

9 Гевалы хистӕртӕ, алы куыстмӕ дӕсны чи уыди, уыдон, куыстой дӕуӕн, цӕмӕй ӕхгӕд ӕрцӕуой дӕ хуынчъытӕ. Ӕрбацыдысты-иу дӕм алы наутӕ ӕмӕ денджызонтӕ сӕудӕджер кӕнынмӕ.

10 Персайнӕгтӕ, лудӕгтӕ ӕмӕ путӕгтӕ уыдысты де ’фсады хӕстонтӕ, дӕ систыл-иу дын уартытӕ ӕмӕ такатӕ ӕрцауыгътой — афтӕ-иу систой уӕлиау дӕ кад.

11 Арвадӕгтӕ ӕд ӕфсад дӕ алыварс лӕууыдысты дӕ бырутыл, гаммадӕгтӕ — дӕ мӕсгуытыл. Дӕ алыварс-иу дӕ систыл сӕ уартытӕ ӕрцауыгътой, ӕмӕ-иу афтӕмӕй ноджы рӕсугъддӕр сдӕ.

12 Дӕ исбонӕн ныккӕнӕн дӕр нӕ уыд, ӕмӕ дын Таршишы сахар дӕ базайрӕгты сӕрмӕ лӕвӕрдта ӕвзист, ӕфсӕйнаг, къала ӕмӕ зды.

13 Йаван, Тувал ӕмӕ Мешехы цӕрджытӕ базар кодтой демӕ, дӕ базайрӕгты сӕрмӕ дын лӕвӕрдтой сӕ цагъарты, стӕй се ’рхуы мигӕнӕнтӕ.

14 Тогармайы сӕудӕджертӕ-иу дын уӕрдоныл ифтындзгӕ ӕмӕ саргъы бӕхтӕ ӕрбаластой.

15 Демӕ базар кодтой Деданы сӕудӕджертӕ дӕр, стӕй денджызгӕрон сахартӕй бирӕтӕ. Ӕрбаластой-иу дын пылыстӕг ӕмӕ сау хъӕдӕрмӕг.

16 Дӕ базайрӕгтӕн ныккӕнӕн кӕй нӕ уыд, уымӕ гӕсгӕ демӕ сӕудӕджер кодтой арамейӕгтӕ дӕр. Дӕ базайрӕгты ныхмӕ дын лӕвӕрдтой ӕрвхуыз зынаргъ дуртӕ, сӕнт сырх хъуымӕцтӕ, нывӕфтыд ӕмӕ лыстӕг гӕнӕй уафт хъуымӕцтӕ, кораллтӕ ӕмӕ лалтӕ.

17 Демӕ базар кодтой Иудей ӕмӕ Израил. Дӕ базайрӕгты ныхмӕ дын лӕвӕрдтой Миннитӕй ласт мӕнӕу, легъуитӕ, мыд, оливӕйы сой ӕмӕ ӕвдадз.

18 Дӕ базайрӕгтӕн, дӕ исбонӕн ныккӕнӕн кӕй нӕ уыд, уымӕ гӕсгӕ демӕ сӕудӕджер кодта Дамаск. Уӕй дын кодта хелбойнаг сӕн ӕмӕ цахайраг къуымбил.

19 Ведан ӕмӕ Йаваны байзӕддаг, Узалы цӕрджытӕ, дӕ базайрӕгты сӕрмӕ дӕуӕн лӕвӕрдтой куырдадзы цагъд ӕфсӕн, ноджы ма лавры сыф ӕмӕ ӕндӕр хъацӕнтӕ.

20 Деданы цӕрджытӕ дын уӕй кодтой зынаргъ базӕмбӕрзӕнтӕ саргъы бӕхты рӕвдзӕн.

21 Демӕ сӕудӕджер кодтой Арави ӕмӕ Кедары ӕппӕт ӕлдӕрттӕ. Уӕй дын кодтой уӕрыччытӕ, фырытӕ ӕмӕ цӕутӕ.

22 Демӕ базар кодтой Сава ӕмӕ Раамайы сӕудӕджертӕ. Дӕ базайрӕгты сӕрмӕ дын лӕвӕрдтой сӕ хуыздӕр базайрӕгтӕ: алы ӕвдадз, налхъуыт-налмастӕ ӕмӕ сыгъзӕрин.

23 Демӕ базар кодтой Харан, Канне, Еден, Сава, Ассири ӕмӕ Килмады сӕудӕджертӕ.

24 Дӕ базартӕм дын уӕймӕ ластой зынаргъ дарӕстӕ, ӕрвхуыз пӕлӕзтӕ, нывӕфтыд хъуымӕцтӕ ӕмӕ гауызтӕ, стӕй фидар бӕндӕнтӕ.

25 Таршишаг наутӕ дын систы сӕудӕджергӕнӕг чырӕтӕ. Тынг сбонджын ӕмӕ скадджын дӕ ды денджызы астӕу.

26 Дӕ чематӕрджытӕ дӕ фурды астӕумӕ батардтой, скӕсӕйнаг уад дӕ фурды астӕу ныппырх кодта.

27 Де сӕфты бон дӕ исбон, дӕ денджызонтӕ, дӕ наутӕрджытӕ, дӕ науӕмпъузджытӕ, дӕ сӕудӕджертӕ ӕмӕ дӕ хӕстонтӕ — дӕ адӕм иууылдӕр денджызы бын фӕуыдзысты.

28 Дӕ наутӕрджыты цъӕхахстӕй дӕ сыхаг адӕмтӕ ныккӕрздзысты.

29 Наутӕрджытӕ се ’ппӕт дӕр рахиздзысты сӕ наутӕй — денджызонӕй, наутӕрӕгӕй зӕххыл ӕрлӕудзысты.

30 Дзагхъӕлӕсӕй дыл ныккӕудзысты ӕмӕ хъарӕг кӕндзысты; сӕ сӕртыл рыг байзӕрдзысты ӕмӕ сӕхи рыджы ӕвдулдзысты.

31 Сау дыл дардзысты: адасдзысты сӕ сӕртӕ, сӕхъистӕ скӕндзысты сӕ уӕлӕ, хъыггӕнгӕ дыл зӕрдӕрхалӕн хъарӕг сисдзысты.

32 Сӕ сӕфты бон дыл сисдзысты хъарӕг: „Фурды астӕу Тиры хуызӕн чи бабын ис!“

33 Денджызты сӕудӕджер кӕнгӕйӕ, ды бирӕ адӕмты ӕфсӕстай. Ныккӕнӕн дын цы исбонӕн нӕ уыд, уымӕй-иу сыхаг паддзӕхты схъӕздыг кодтай.

34 Фӕлӕ дӕ ныр ныппырх кодтой денджызы уылӕнтӕ, де ’ппӕт исбон, де ’ппӕт адӕм фурды бын куы фесты.

35 Денджызгӕрон сахартыл ӕвирхъау тас куы бахӕцыд, куы ныккӕрзыдтой паддзӕхтӕ, сӕ цӕсгомы хуыз куы фӕцыд.

36 Иннӕ адӕмты сӕудӕджертӕ та дыл куы кӕнынц ӕхситт, ӕвирхъау тас куы ’фтауы алкӕуыл дӕ хъысмӕт — ды бабын дӕ мыггагмӕ».

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:



ကြော်ငြာတွေ