Езекиел 26 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстХуыцау тӕрхон кӕны Тиры сахарӕн 1 Нӕ ахасты иуӕндӕсӕм азы дыууадӕсӕм мӕйӕн йӕ фыццаг бон мын Дунедарӕг загъта: 2 «Адӕймаджы фырт! Тир Йерусалимы тыххӕй афтӕ кӕй дзырдта: „Ӕгъа! Дзӕбӕх куы ныппырх ис, адӕмты кулдуар кӕй хонынц, уыцы сахар! Ныр мӕ амӕттаг бауыдзӕн. Уый ныггӕныстон, ӕз та схъӕздыг уыдзынӕн“, — 3 уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы Тирӕн: „Ӕз дӕ ныхмӕ сыстдзынӕн, Тир, ӕмӕ дын дӕ ныхмӕ бирӕ адӕмты сыстын кӕндзынӕн, денджыз йӕ уылӕнтӕ куыд сисы, афтӕ. 4 Уыдон Тиры систӕ ныппырх кӕндзысты, йӕ мӕсгуытӕ йын ныддӕрӕн кӕндзысты. Ӕз ын йӕ хӕлддзӕгтӕ дӕр ныххафдзынӕн ӕмӕ йӕ гомгӕрцц къӕдзӕх фестын кӕндзынӕн. 5 Денджызы астӕу кӕсагахсӕн хызтӕ кӕм хус кӕнынц, ахӕм бынат фестдзӕни, уымӕн ӕмӕ афтӕ загътон Ӕз, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау. — Адӕмтӕ дӕ хӕлӕттаг фӕкӕндзысты. 6 Денджызы былгӕрон дын цы чызджытӕ цӕрынц, уыдон та карды амӕттаг бауыдзысты. Ӕмӕ уӕд базондзыстут, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый“». 7 Уымӕн ӕмӕ афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: «Тир, дӕ ныхмӕ дын цӕгатӕрдыгӕй ӕрбакӕндзынӕн Вавилоны паддзах, паддзӕхты паддзах Навуходоносоры, йе стыр ӕфсадимӕ, ӕд бӕхтӕ, ӕд уӕрдӕттӕ ӕмӕ ӕд бӕхджынтӕ, ӕнӕнымӕц ӕфсадимӕ. 8 Уый карды амӕттаг бакӕндзӕни, денджызгӕрӕтты дын цы дӕлбар сахартӕ ис, уыдон, дӕ ныхмӕ дын сараздзӕни хӕцӕн мӕсгуытӕ ӕмӕ самайдзӕни сыджытбыру, ӕрӕвӕрдзӕн цӕлхытыл тулгӕ стыр уартытӕ. 9 Дӕ быруты раз дын сӕвӕрдзӕни сисфӕлдахӕн гӕрзтӕ ӕмӕ дын дӕ мӕсгуытӕ фехалдзӕн йе ’фсӕн мӕцъистӕй. 10 Йӕ бӕхты къӕхты рыджы бын фӕуыдзынӕ, дӕ бырутӕ нынкъуысдзысты уӕрдонджынты хъӕрахст ӕмӕ уӕрдӕтты гыбар-гыбурӕй, дӕ кулдуарыл дӕм, чи ныппырх ис, ахӕм сахармӕ цӕуӕгау куы фӕцӕйцӕуа, уӕд. 11 Йӕ бӕхты сӕфтджытӕй дын бассӕндзӕни дӕ уынгтӕ, дӕ адӕмы дын кардӕй ныццӕгъддзӕн, дӕ хъомысы цыртдзӕвӕнтӕ та дын афӕлдахдзӕн зӕххыл. 12 Дӕ исбон дын ратӕлӕт кӕндзысты, байсдзысты дын дӕ базайрӕгтӕ, ракалдзысты дӕ систӕ, фехалдзысты дӕ рӕсугъд хӕдзӕрттӕ, дӕ дуртӕ, дӕ бӕлӕстӕ ӕмӕ дын дӕ сыджыт та денджызы ныккалдзысты. 13 Ӕз дын дӕ зарджыты уынӕр бамынӕг кӕндзынӕн, нал хъуысдзӕни дӕ хъисфӕндырты цагъд дӕр. 14 Айнӕг къӕдзӕх дӕ фестын кӕндзынӕн, кӕфахсӕн хызтӕ хусгӕнӕн бынат суыдзынӕ ӕмӕ ногӕй арӕзт никуыуал ӕрцӕудзынӕ, уымӕн ӕмӕ афтӕ загътон Ӕз, Дунедарӕг, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау». 15 Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы Тиры сахарӕн: «Куы ныппырх уай, уӕд дӕ уынӕрӕй, дӕ цӕфты хъӕрзынӕй денджызы был сакъадӕхтӕ нынкъуысдзысты! 16 Бӕстыхицӕуттӕ рахиздзысты сӕ бадӕнтӕй, раппардзысты сӕ пӕлӕзтӕ, раласдзысты сӕ нывӕфтыд дарӕстӕ. Ризӕг сыл бахӕцдзӕн, тӕрсгӕ-ризгӕйӕ ӕрбаддзысты зӕххыл ӕмӕ алы уысм дӕр стъӕлфдзысты, ӕвирхъау тас сыл бафтаудзӕни дӕ хъысмӕт. 17 Сисдзысты дыл хъарӕг: „Уӕ, куыд бабын дӕ, кадджын сахар, денджызонты цӕрӕн бынат! Денджызы астӕу хъомысджын куы уыдтӕ — цы дӕхӕдӕг, цы дӕ цӕрджытӕ. Денджызгӕрон адӕмтӕ ӕмризӕджы куы рызтысты дӕ разы. 18 Ныр дӕ сӕфты бон куы нынкъуысыдысты денджызгӕрон бӕстӕтӕ, ӕвирхъау тас сыл куы бахӕцыд дӕ сӕфты азармӕ кӕсгӕйӕ“». 19 Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: «Ӕдзӕрӕг сахартау дӕ куы сафтид кӕнон, денджыз дыл куы ныххуырсон ӕмӕ дӕ йӕ бирӕ уылӕнтӕ сӕ быны куы фӕкӕной, 20 уӕд дӕ ныппардзынӕн дӕлдзӕх бӕстӕм, незаманты чи амарди, уыцы адӕммӕ. Ӕрӕвӕрдзынӕн дӕ, мыггагмӕйы ӕдзӕрӕг рӕтты халдих чи у, зӕххы уыцы ӕрфыты, дӕлдзӕх бӕстӕм чи ныццыд, уыдонимӕ, цӕмӕй дӕ мидӕг макуыуал мачи ӕрцӕра. Зӕххыл цӕргӕйӕ ма чи баззайа, уыдонӕн та раргом кӕндзынӕн Мӕ кад. 21 Дӕуӕй скӕндзынӕн фыд азары цӕвиттон. Агурдзысты ма дӕ, фӕлӕ дӕ мыггагмӕ дӕр нал ссардзысты», — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia