Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -

2 Паддзахӕдтӕ 17 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Ахитофел загъта Авессаломӕн: «Цӕй ӕмӕ дыууадӕс мин лӕджы равзарон ӕмӕ ахсӕв Давиды фӕдыл афӕдис кӕнон.

2 Ныр фӕллад, зӕрдӕсаст уыдзӕн, ӕмӕ йыл ӕз мӕхи ныццӕвдзынӕн. Фӕтӕрсын ӕй кӕндзынӕн, йӕ адӕм лидзӕг фӕуыдзысты, паддзах иунӕгӕй аззайдзӕн ӕмӕ йӕ амардзынӕн.

3 Ӕппӕт адӕм та раздӕхдзысты дӕумӕ, ӕрыгон чындз йӕ моймӕ куыд ӕрбаздӕхы, уыйау. Дӕу ӕрмӕстдӕр, кӕй фӕдыл зилыс, уыцы иунӕг лӕджы амарын хъӕуы, ӕппӕт адӕм та сӕрӕгасӕй баззайдзысты».

4 Уыцы ныхас сӕ зӕрдӕмӕ фӕцыд Авессаломӕн ӕмӕ Израилы хистӕртӕн.

5 Фӕлӕ Авессалом загъта: «Фӕдзурут-ма аркаг Хушаймӕ дӕр. Байхъусӕм, кӕддӕра уый та цы зӕгъдзӕн».

6 Хушай ӕрбацыд Авессаломмӕ, ӕмӕ йӕ Авессалом бафарста: «Афтӕ ӕмӕ афтӕ загъта Ахитофел. Йӕ уынаффӕмӕ йын байхъусӕм? Ды та цы зӕгъдзынӕ?»

7 Хушай йын дзуапп радта: «Ацы хатт хорз нӕу Ахитофелы уынаффӕ».

8 Загъта ма: «Ды зоныс дӕ фыд ӕмӕ йӕ адӕмӕн се ’хсар, зоныс, йӕ лӕппынтӕ кӕмӕн байстой, уыцы мадӕл арсау ныр агъуыд кӕй уыдзысты, уый дӕр. Уыимӕ дӕ фыд, фӕлтӕрдджын хӕстон, дзыллӕимӕ иу ран нӕ бахсӕвиуат кӕндзӕн.

9 Ныридӕгӕн дӕр йӕхи ӕмбӕхсдзӕн исты цъассы кӕнӕ та ӕндӕр ран. Ӕмӕ тӕккӕ райдианы иу къорд лӕджы фӕмард ис, зӕгъгӕ, уый чи фехъуса, уыдон дзурдзысты: „Авессаломы фӕдыл цы адӕм рацыд, уыдон фӕцагъды сты“.

10 Уӕд суанг фидарзӕрдӕ хъӕбатыртӕ дӕр фӕудаист уыдзысты, уымӕн ӕмӕ ӕппӕт Израилӕн дӕр зындгонд сты дӕ фыды ӕхсар ӕмӕ йӕ адӕмы хъӕбатырдзинад.

11 Гъемӕ дын мӕнӕ мӕ уынаффӕ: ӕрбамбырд дӕм уӕнт ӕппӕт Израил, Данӕй Беер-Шевӕйы онг чидӕриддӕр ис, уыдон, денджызы былгӕрон змисау ӕнӕнымӕц куыд уой, афтӕ, ӕмӕ-иу дӕхӕдӕг дӕр семӕ рацу.

12 Уӕд баййафдзыстӕм Давиды, кӕмфӕнды куы уа, уӕд дӕр, зӕххыл ӕртӕх ӕрхауӕгау ыл ныххуырсдзыстӕм нӕхи, ӕмӕ нын йӕхӕдӕг дӕр, йӕ адӕм дӕр нал аирвӕздзысты.

13 Исты сахармӕ куы баздӕха Давид, уӕд та ӕппӕт Израил бӕндӕнтимӕ бацӕудзысты, ӕмӕ уыцы сахар дӕлвӕзмӕ хӕр-хӕрӕй ӕрласдзыстӕм, уирагдур дӕр дзы куыннӕуал баззайа, афтӕ».

14 Уӕд Авессалом ӕмӕ израилӕгтӕ ӕмхуызонӕй загътой: «Аркаг Хушайы уынаффӕ Ахитофелы уынаффӕйӕ хуыздӕр у». Дунедарӕг афтӕ бакодта, цӕмӕй Ахитофелы хорз уынаффӕйы фӕдыл ма ацӕуой, ӕмӕ Авессалом бӕллӕхы бахауа.

15 Хушай загъта сауджынтӕ Цадок ӕмӕ Авиафарӕн: «Ахитофел афтӕ ӕмӕ афтӕ уынаффӕ кодта Авессаломӕн ӕмӕ Израилы хистӕртӕн, ӕз та сын афтӕ ӕмӕ афтӕ бауынаффӕ кодтон.

16 Ныр ӕвӕстиатӕй Давидӕн фехъусын кӕнут: „Ахсӕв ӕдзӕрӕг быдыры, Иорданы тӕрфы, ма баззай, фӕлӕ ӕнӕмӕнг доны фаллаг фарсмӕ ахиз, науӕд паддзах ӕмӕ йӕ адӕм бабын уыдзысты“».

17 Йонатан ӕмӕ Ахимаац лӕууыдысты Ен-Рогелы доны цур. (Сахары сын сӕхи равдисӕн нӕ уыд.) Ӕнхъӕлмӕ кастысты сӕ хабархӕссӕг унӕутмӕ, цӕмӕй йын йӕ ныхӕстӕ Давидыл сӕмбӕлын кӕной.

18 Ныр сӕ иу лӕппу бафиппайдта ӕмӕ хабар Авессаломӕн радзырдта. Уӕдмӕ уыдон уырдыгӕй атындзыдтой ӕмӕ Бахуримы сахары иу лӕджы хӕдзармӕ бахӕццӕ сты. Кӕрты уыди цъай, ӕмӕ уым бамбӕхстысты.

19 Фысымты ус цъайы сӕрыл ӕмбӕрзӕн айтыгъта ӕмӕ йыл хуртуан ныккодта, цӕмӕй мацы фӕбӕрӕг уыдаид.

20 Авессаломы дӕлдӕртӕ сылгоймагмӕ бацыдысты ӕмӕ йӕ фарстой: «Кӕм сты Ахимаац ӕмӕ Йонатан?» Уый сын загъта: «Доны сӕрты ахызтысты». Авессаломы дӕлдӕртӕ рацагур-бацагур фӕкодтой, фӕлӕ ницы ссардтой ӕмӕ фӕстӕмӕ аздӕхтысты Йерусалиммӕ.

21 Авессаломы дӕлдӕртӕ куыддӕр ацыдысты, афтӕ Йонатан ӕмӕ Ахимаац цъайӕ схызтысты ӕмӕ паддзах Давидмӕ фӕхабар кодтой: «Ӕвӕстиатӕй бахизут доны фаллаг фарсмӕ, уымӕн ӕмӕ сымах тыххӕй афтӕ ӕмӕ афтӕ уынаффӕ кодта Ахитофел».

22 Давид йӕ адӕмимӕ Иорданы фаллаг фарсмӕ бахызти. Боныцъӕхтӕм сӕ иу дӕр ацырдыгӕй нал аззад.

23 Ахитофел куы федта, йӕ уынаффӕйыл ын нӕ баввӕрсыдысты, уый, уӕд хӕрӕгыл саргъ сӕвӕрдта ӕмӕ сӕхимӕ, йӕ райгуырӕн сахармӕ, фӕраст ис. Йӕ хӕдзаронтӕн ныстуан ныууагъта ӕмӕ йӕхи ӕрцауыгъта. Йӕ мард ын йӕ фыдӕлты зӕппадзы бавӕрдтой.


Авессаломы басаст ӕмӕ йӕ мӕлӕт

24 Давид бахӕццӕ ис Маханаиммӕ. Авессалом дӕр, израилӕгтӕй йемӕ чи уыд, уыдонимӕ бахызт Иорданы фаллаг фарсмӕ.

25 Ӕфсады сӕргъы Авессалом Йоавы бӕсты Амасайы сӕвӕрдта. Амаса уыдис Измаелы байзӕддаг Итрайы фырт, йӕ мад — Нахашы чызг Авигеа, Йоавы мад Церуайы хо.

26 Авессалом ӕмӕ израилӕгтӕ асадӕны ӕрлӕууыдысты Галаады зӕххыл.

27 Давид Маханаиммӕ куы бацыд, уӕд Нахашы фырт Шови, аммонаг Раввайы сахайраг, Аммиелы фырт Махир, Ло-Девары сахайраг, ӕмӕ галаадаг Барзиллай, Рогелимы сахайраг,

28 Давид ӕмӕ йӕ адӕмӕн ӕрбаластой хуыссӕнгӕрзтӕ, къустӕ, дурын мигӕнӕнтӕ, стӕй мӕнӕу, хъӕбӕрхор, ссад, цӕкуытӕ, хъӕдур, тъӕпӕн хъӕдур,

29 мыд, нӕлхӕ, цыхт. Афтӕ дзырдтой: «Адӕм ӕдзӕрӕг быдыры стонг, дойны ӕмӕ фӕллад уыдзысты».

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:



ကြော်ငြာတွေ