2 Азфыстытӕ 36 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстПаддзӕхтӕ Йоахаз, Иоаким ӕмӕ Йехониа 1 Иудейы дзыллӕ Йерусалимы сахары Иосиайы бӕсты паддзахӕй расидтысты йӕ фырт Иоахазы. 2 Иоахаз паддзах куы сси, уӕд ыл цыди ӕртӕ ӕмӕ ссӕдз азы ӕмӕ Йерусалимы йӕ паддзахиуӕг ахаста ӕртӕ мӕйы. 3 Мысыры паддзах ӕй Йерусалимы ӕнӕхай фӕкодта йӕ паддзахы бадӕнӕй, Иудейыл та сӕвӕрдта хъалон: сӕдӕ таланты ӕвзист ӕмӕ иу талант сыгъзӕрин. 4 Мысыры паддзах Иудей ӕмӕ Йерусалимӕн Иосиайы бӕсты паддзахӕй расидти йӕ иннӕ фырт Елиакимы. Ӕцӕг ын радта ног ном: Иоаким. Иоахазы та фараон Нехо Мысырмӕ уацары акодта. 5 Иоаким паддзах куы сси, уӕд ыл цыди фондз ӕмӕ ссӕдз азы, ӕмӕ Йерусалимы йӕ паддзахиуӕг ахаста иуӕндӕс азы. Дунедарӕгӕн, йӕ Хуыцауӕн, ӕнӕуынон цы уыди, уыдӕттӕ кодта. 6 Ӕмӕ йӕм Вавилоны паддзах Навуходоносор ӕрбабырста, хъадамантӕ йыл скодта ӕмӕ йӕ Вавилонмӕ уацары акодта. 7 Дунедарӕджы Кувӕндоны мигӕнӕнтӕн дӕр сӕ иу хай аласта Вавилонмӕ ӕмӕ сӕ уым йӕхи кувӕндоны сӕвӕрдта. 8 Иоакимы иннӕ хабӕрттӕ, йе ’лгъаг хъуыддӕгтӕ, цы йыл ӕрцыди, уыдӕттӕ иууылдӕр фыст ӕрцыдысты «Израил ӕмӕ Иудейы паддзӕхты чиныджы». Йӕ фӕстӕ паддзах сси йе ’фсымӕр Йехониа. 9 Йехониа паддзах куы сси, уӕд ыл цыди аст азы, ӕмӕ Йерусалимы йӕ паддзахиуӕг ахаста ӕртӕ мӕйы. Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон цы уыди, уыдӕттӕ кодта. 10 Уалдзӕджы йӕм Навуходоносор арвыста, ӕмӕ йӕ Вавилонмӕ уацары акодтой, ноджы ма рахастой Дунедарӕджы Кувӕндоны зынаргъ дзауматӕ дӕр. Иудей ӕмӕ Йерусалимӕн та паддзахӕй сӕвӕрдта уымӕн йе ’фсымӕр Цедекиайы. Паддзах Цедекиа 11 Цедекиа паддзах куы сси, уӕд ыл цыди иу ӕмӕ ссӕдз азы, ӕмӕ Йерусалимы йӕ паддзахиуӕг ахаста иуӕндӕс азы. 12 Дунедарӕгӕн, йӕ Хуыцауӕн, ӕнӕуынон цы уыди, уыдӕттӕ кодта. Дунедарӕг ын пехуымпар Йеремиайы уылты цы фӕдзӕхста, уыдон дӕр ницӕмӕ дардта. 13 Цедекиа сыстади паддзах Навуходоносоры ныхмӕ, кӕд ын уый Хуыцауы раз ард бахӕрын кодта, уӕддӕр. Ахӕм хивӕнд ӕмӕ хиваст разынди, ӕмӕ йӕ ӕппындӕр Дунедарӕгмӕ, Израилы Хуыцаумӕ, йе ’ргом раздахын нал фӕндыд. 14 Хистӕр сауджынтӕ ӕмӕ адӕмы хистӕрты тӕригъӕдтӕн дӕр кӕрон нал уыди. Муртаттӕгты ӕлгъаг митӕ фӕзмыдтой ӕмӕ фӕчъизи кодтой Дунедарӕджы Кувӕндон, Дунедарӕг Йерусалимы кӕй срухс скодта, уый. 15 Дунедарӕг сӕм, сӕ фыдӕлты Хуыцау, ӕдзухдӕр ӕрвыста Йӕ минӕвӕртты, уымӕн ӕмӕ тӕригъӕд кодта Йӕ адӕмӕн, йӕ Цӕрӕнӕн. 16 Фӕлӕ Йын уыдон хынджылӕг кодтой Йӕ минӕвӕрттӕй, ӕлгъ кодтой Йӕ ныхӕстыл ӕмӕ Йын Йӕ пехуымпартыл худтысты, цалынмӕ сӕм Дунедарӕджы маст рафыхти, уӕдмӕ, ӕмӕ сын уӕд фервӕзыны хос нал уыди. 17 Халдейаг паддзахы сыл сардыдта, ӕмӕ сын уый се ’взонг лӕппуты Кувӕндоны мидӕг кардӕй ныццагъта. Никӕуыл бацауӕрста: лӕппуйӕ, чызгӕй, хистӕрӕй, урссӕр зӕрондӕй се ’ппӕты дӕр ын Хуыцау радта йӕ къухмӕ. 18 Хуыцауы Кувӕндоны ма цы дзауматӕ уыди, уыдон, стырӕй, къаннӕгӕй, стӕй Дунедарӕджы Кувӕндоны хӕзнатӕ, паддзах ӕмӕ йе ’лдӕртты хӕзнатӕ — иууылдӕр сӕ аласта Вавилонмӕ. 19 Вавилойнӕгтӕ Хуыцауы хӕдзар басыгътой, Йерусалимы быру ныппырх кодтой. Сахары галуантӕ сыгъд ӕрцыдысты иууылдӕр, зынаргъ дзаумайӕ дзы цыдӕриддӕр уыди, уыдон ныззыгуым сты. 20 Кардӕй чи аирвӕзт, уыдоны та Навуходоносор уацары атардта Вавилонмӕ, ӕмӕ йын уым цагъартӕ уыдысты йӕхицӕн дӕр ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕн дӕр, цалынмӕ Персы паддзахад йӕ тыхы нӕ бацыди, уӕдмӕ. 21 Афтӕ сӕххӕст ис, Дунедарӕг Йеремиайы уылты цы загъта, уый. Зӕхх дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз азы дӕргъы уыди гӕныстон, афтид, цалынмӕ, Израил цы сабаты азтӕ нӕ бӕрӕг кодта, уыдон нӕ баххӕст сты, уӕдмӕ. 22 Персайнаг паддзах Кирӕн йӕ паддзахиуӕджы фыццӕгӕм аз сӕххӕст ис, Дунедарӕг пехуымпар Йеремиайы уылты цы фехъусын кодта, уый. Дунедарӕг персайнаг паддзахы сразӕнгард кодта, цӕмӕй йе ’ппӕт паддзахады дӕр фехъусын кӕна ӕмӕ ныффысса ахӕм бардзырд: 23 «Афтӕ зӕгъы Кир, Персы паддзах: дунейы ӕппӕт паддзахӕдтӕ мын иууылдӕр Дунедарӕг, уӕларвон Хуыцау, мӕ къухмӕ радта. Ӕмӕ мын бафӕдзӕхста, цӕмӕй Йын Йерусалимы, Иудейы зӕххыл, саразон Кувӕндон. Гъемӕ уӕ Йӕ адӕмӕй чи у, уыдон иууылдӕр уырдӕм ацӕуӕнт, ӕмӕ уын Дунедарӕг ахъазгӕнӕг фӕуӕд!» |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia