2 Азфыстытӕ 32 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстАссириӕгтӕ ӕрбабырстой Иудеймӕ 1 Езекиа, Дунедарӕгыл иузӕрдион уӕвгӕйӕ, цы хъуыддӕгтӕ сарӕзта, уыдоны фӕстӕ Ассирийы паддзах Санхериб бабырста Иудеймӕ ӕмӕ бырутӕй ӕхгӕд сахартыл ӕрхъула кодта, цӕмӕй сӕ бацахса. 2 Езекиа куы фехъуыста, Санхериб кӕй ӕрбабырста ӕмӕ Йерусалимы ныхмӕ схӕцынмӕ кӕй хъавы, уый, 3 уӕд йӕ дӕлдӕртӕ ӕмӕ йе ’фсады хицӕуттимӕ бауынаффӕ кодта, цӕмӕй, сахары ӕдде цы донгуырӕнтӕ уыди, уыдон сыджыты бын фӕкӕной, ӕмӕ йын уыдон баххуыс кодтой. 4 Дзӕвгар адӕм ӕрӕмбырд ис ӕмӕ донгуырӕнтӕ иууылдӕр сыджыты бын фӕкодтой, стӕй, бӕстӕйы цы къададон калди, уый дӕр. Уыдон дзырдтой: «Ассирийы паддзӕхтӕ ардӕм ӕрбацӕудзысты, ӕмӕ сын дон парахатӕй цӕмӕн хъуамӕ ныууадзӕм?» 5 Езекиа фӕныфсджын ис ӕмӕ ногӕй рацарӕзта сахары хӕлд быру, уый уӕлӕ та сарӕзта мӕсгуытӕ, ноджы ма быруйы ӕдде саразын кодта ӕндӕр быру дӕр. Давиды сахары бафидӕрттӕ кодта Милло, бирӕ хӕцӕнгӕрзтӕ ӕмӕ уартытӕ ӕрцӕттӕ кодта. 6 Адӕмы сӕргъы сӕвӕрдта ӕфсады хицӕутты, ӕрӕмбырд сӕ кодта фӕзы, сахары кулдуары раз, ӕмӕ сын ныфсытӕ ӕвӕрдта: 7 «Фидар лӕуут ӕмӕ ӕхсарджын ут! Ма тӕрсут ассириаг паддзахӕй, йе стыр ӕфсадӕй! Уымӕн ӕмӕ, махӕн цы тых ӕххуыс кӕны, уый уыдоны хъомысӕй тыхджындӕр у. 8 Ассирийы паддзахӕн йӕ хъомыс у адӕймаджы хъомыс, махӕн та немӕ ис Дунедарӕг, нӕ Хуыцау. Уый нын ӕххуысгӕнӕг уыдзӕн ӕмӕ нӕ сӕрвӕлтау тох кӕндзӕни». Иудейаг паддзах Езекиайы ныхас адӕмы зӕрдӕты стыр ныфс бауагъта. 9 Уымӕй иу цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ Ассирийы паддзах Санхериб йӕ минӕвӕртты барвыста Йерусалиммӕ, иудейаг паддзах Езекиамӕ, стӕй, Йерусалимы чи уыди, уыцы адӕммӕ се ’ппӕтмӕ дӕр (йӕхӕдӕг йе ’фсадимӕ уыцы рӕстӕг ӕрхъула кодта Лахишы сахарыл), цӕмӕй сын фехъусын кӕной: 10 «Афтӕ зӕгъы Ассирийы паддзах Санхериб: Йерусалимы фидары бадгӕйӕ, уӕ зӕрдӕ цӕуыл дарут? 11 Ау, Езекиа уӕ сайгӕ нӕ кӕны, сыдӕй ӕмӕ уӕ дойныйӕ амарынмӕ нӕ хъавы, афтӕ уын кӕй дзуры, уымӕй: „Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, мах ассириаг паддзахы къухӕй фервӕзын кӕндзӕн“? 12 Уыцы Езекиа Йын, мыййаг, Йӕ кувӕн къуыбыртӕ ӕмӕ Йӕ нывондхӕссӕнтӕ нӕ фехӕлдта? Иудей ӕмӕ Йерусалимы адӕмӕн афтӕ нӕ загъта, ӕрмӕстдӕр иу нывондхӕссӕныл судзут буд ӕмӕ уый раз кад кӕнут Хуыцауӕн, зӕгъгӕ? 13 Ау, ӕмӕ йӕ уӕхӕдӕг нӕ зонут, ӕз ӕмӕ мӕ фыдӕлтӕ алы бӕстӕты адӕмтӕн цытӕ бакодтам, уый? Ӕмӕ дзы сӕ хуыцӕуттӕй кӕцыйӕн бантыст сӕ зӕххытӕ мӕ къухӕй фервӕзын кӕнын? 14 Уӕдӕ сымах дӕр уӕ Хуыцау куыд фервӕзын кӕндзӕн мӕ къухӕй? 15 Езекиа уӕ ма асайӕд, уӕ фӕндаг уын ма ныссуйтӕ кӕнӕд, ма йыл ӕууӕндут! Иу адӕммӕ дӕр ӕмӕ иу паддзахады дӕр ахӕм хуыцау никуы уыди, йӕ адӕмы мӕнӕй кӕнӕ мӕ фыдӕлты къухӕй чи фервӕзын кӕна! Уӕдӕ сымах дӕр уӕ Хуыцау мӕ къухӕй нӕ фервӕзын кӕндзӕн!» 16 Санхерибы минӕвӕрттӕ ма ноджы бирӕ цыдӕртӕ фӕдзырдтой Дунедарӕг Хуыцау ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнӕг Езекиайы ныхмӕ. 17 Санхериб фыстӕджытӕ дӕр ныффыста ӕмӕ уыдоны цъыф калдта Дунедарӕгыл, Израилы Хуыцауыл, афтӕ дзырдта йӕ ныхмӕ: «Ацы зӕххы адӕмты хуыцӕуттӕй никӕмӕн бантыст йӕ адӕмы мӕ азарӕй бахизын, ӕмӕ Езекиайы Хуыцау дӕр Йӕ адӕмы мӕ къухӕй нӕ фервӕзын кӕндзӕн». 18 Уыцы ныхӕстӕ Санхерибы минӕвӕрттӕ Йерусалимы ныхъхъӕр кодтой иудейаг ӕвзагыл, цӕмӕй сӕ, сисы сӕрыл цы адӕм ӕрӕмбырд, уыдон иууылдӕр хъусой, кӕд фӕтӕрсиккой ӕмӕ сахар нӕ къухтӕм лӕвӕрд ӕрцӕуид, зӕгъгӕ. 19 Уыдон Йерусалимы Хуыцауы барстой иннӕ адӕмты хуыцӕуттыл, адӕймаджы къухӕй конд хуыцаугӕндтыл. 20 Фӕлӕ паддзах Езекиа ӕмӕ пехуымпар Исайа, Амоцы фырт, ӕххуысагур сдзынӕзтой уӕларвмӕ, 21 ӕмӕ Дунедарӕг зӕды рарвыста. Уыцы зӕд Ассирийы паддзахӕн йӕ сахъ хӕстонтӕ, йе ’фсады хицӕуттӕ ӕмӕ йӕ фӕтӕгты се ’ппӕты дӕр ныццагъта. Ӕмӕ паддзах худинаджы гаккимӕ аздӕхти йӕ бӕстӕм. Иуахӕмы йӕ хуыцауы кувӕндонмӕ куы бацыд, уӕд ӕй уым йӕ фырттӕ кардӕй амардтой. 22 Афтӕ Дунедарӕг фервӕзын кодта Езекиа ӕмӕ Йерусалимы цӕрджыты Ассирийы паддзах Санхерибы къухӕй. Сӕ иннӕ знӕгтӕй дӕр сӕ алырдыгӕй сӕдас кодта. 23 Ӕмӕ бирӕтӕ Йерусалиммӕ Дунедарӕгӕн хастой хуынтӕ, иудейаг паддзах Езекиайӕн та — зынаргъ лӕвӕрттӕ. Уӕдӕй фӕстӕмӕ адӕмты ’хсӕн тынг скадджын ис. 24 Уыцы бонты Езекиа мӕлӕтдзаг рынчын фӕци ӕмӕ Дунедарӕгмӕ скуывта. Уый йын йӕ куывдӕн дзуапп радта ӕмӕ йын ӕвдисӕйнаг равдыста. 25 Фӕлӕ Езекиа уыцы хорзӕхӕн аккаг аргъ не скодта, уымӕн ӕмӕ йӕхиуыл ӕгӕр фервӕссыд. Ӕмӕ йын уый тыххӕй йӕхи дӕр, стӕй Иудей ӕмӕ Йерусалимы дӕр Дунедарӕджы азар баййӕфта. 26 Уӕд Езекиа ӕрфӕсмон кодта, йӕхиуыл кӕй фервӕссыди, ууыл, Йерусалимы цӕрджытӕ дӕр афтӕ, ӕмӕ сӕ, цалынмӕ Езекиа ӕгас уыди, уӕдмӕ Дунедарӕг Йӕ азары хай нал бакодта. 27 Езекиа тынг хъӕздыг ӕмӕ кадджын паддзах уыди. Уый сарӕзта хӕзнадӕттӕ йе ’взист ӕмӕ йӕ сызгъӕринӕн, хӕзнадуртӕ, хӕрздӕфгӕнӕнтӕ, уартытӕ ӕмӕ алы зынаргъ дзаумайӕн. 28 Ноджы сарӕзта къӕбицтӕ хор, сӕн ӕмӕ оливӕйы сойӕн. Алы мыггаг фосӕн скъӕттӕ скодта, йӕ лыстӕг фосы дзугтӕн — фосдӕттӕ. 29 Сарӕзта сахартӕ, самал кодта бирӕ лыстӕг фосы дзугтӕ ӕмӕ стурвосы рӕгъӕуттӕ. Утӕппӕт фӕллӕйттӕ йын уыдысты Хуыцауы лӕвар. 30 Езекиа Гихоны донгуырӕны ратӕдзӕн сӕхгӕдта ӕмӕ йын йӕ дон зӕххы бынты Давиды сахары ныгуылӕйнаг фарсмӕ ’рбауагъта. Йӕ алы хъуыддаджы дӕр Езекиа уыди ӕнтыстджын. 31 Езекиайы зӕххыл цы диссаджы хабар ӕрцыд, уый бӕлвырддӕр базоныны тыххӕй йӕм Вавилоны ӕлдӕрттӕ минӕвӕрттӕ барвыстой. Ӕмӕ йӕ уӕд Дунедарӕг ныууагъта, цӕмӕй йӕ бафӕлвара ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕйы ахаст раргом кӕна. 32 Езекиайы хицаудзинады иннӕ хабӕрттӕ ӕмӕ йӕ хорз хъуыддӕгтӕ фыст ӕрцыдысты пехуымпар Исайайы, Амоцы фырты, цӕстылуайӕны, стӕй Иудей ӕмӕ «Израилы паддзӕхты чиныджы». 33 Куы амарди, уӕд ӕй бавӕрдтой йӕ фыдӕлты зӕппадзы, Давиды байзӕддӕгты уӕлмӕрды цур, уӕлӕуӕз ран. Йӕ мард ын скадджын кодтой ӕппӕт иудейӕгтӕ ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕ. Йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Менассиа. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia