2 Азфыстытӕ 24 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Иоас Иудейы паддзах куы сси, уӕд ыл цыди авд азы ӕмӕ Йерусалимы паддзахиуӕг фӕкодта дыууиссӕдз азы. Йӕ мад Цивйа уыди Беер-Шевӕйы сахарӕй. 2 Цалынмӕ сауджын Йехода ӕгас уыди, уӕдмӕ Иоас ӕдзухдӕр кодта, Дунедарӕгӕн фӕндон цы уыди, уыдӕттӕ. 3 Йехода йын ракуырдта дыууӕ усы, ӕмӕ йын уыдонӕй рацыди фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ. 4 Иуахӕмы паддзах Иоасмӕ ’рцыди Дунедарӕджы Кувӕндон рацаразыны фӕнд. 5 Сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕм фӕдзырдта ӕмӕ сын бафӕдзӕхста: «Ӕвӕстиатӕй Иудейы сахартыл ӕрзилут ӕмӕ ӕппӕт израилӕгтӕй ӕхца ӕрӕмбырд кӕнут. Уӕ Хуыцауы Кувӕндон афӕдзӕй-афӕдзмӕ цалцӕггонд куыд цӕуа, ууыл бацархайут». Фӕлӕ левиттӕ нӕ тагъд кодтой. 6 Уӕд сын паддзах фӕдзырдта сӕ сӕргълӕууӕг Йеходамӕ ӕмӕ йын загъта: «Цӕуылнӕ домыс левиттӕй, цӕмӕй Иудей ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕй хъалон исой ӕмӕ Фидыды Цатыры хъуагдзинӕдтӕ баххӕст кӕной, сӕ заманы Дунедарӕджы цагъар Моисей ӕмӕ Израилы дзыллӕ цы уаг ӕрӕвӕрдтой, уымӕ гӕсгӕ? 7 Ӕнӕхуыцау Атали ӕмӕ йӕ фырттӕ Хуыцауы хӕдзар куы сафтид кодтой ӕмӕ йын суанг йӕ уаз мигӕнӕнтӕй дӕр, Баалтӕн лӕггад кӕнгӕйӕ, куы спайда кодтой!» 8 Паддзахы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ арӕзт ӕрцыди асыкк, ӕмӕ йӕ Дунедарӕджы Кувӕндонмӕ бацӕуӕны раз ӕддӕрдыгӕй сӕвӕрдтой. 9 Ӕгас Иудей ӕмӕ Йерусалимӕн фехъусын кодтой, цӕмӕй Дунедарӕгӕн, кӕддӕр ӕдзӕрӕг быдыры Хуыцауы цагъар Моисей Израилы адӕмӕн кӕй снысан кодта, уыцы хъалон хӕссой. 10 Уӕздӕттӕ ӕмӕ ӕгас адӕм, цингӕнгӕйӕ, хастой сӕ мысайнӕгтӕ, ӕмӕ-иу цалынмӕ байдзаг ис, уӕдмӕ сӕ асыччы ӕппӕрстой. 11 Левиттӕ-иу асыкк паддзахы барджынтӕм куы ’рбахастой ӕмӕ-иу дзы уыдон бирӕ ӕхца куы федтой, уӕд-иу паддзахы нымӕрдар ӕмӕ алчеры цӕстдарӕг ӕрбацыдысты, ӕхца-иу асыккӕй ӕркалдтой ӕмӕ-иу ӕй фӕстӕмӕ йӕ бынатмӕ ахастой. Бонӕй-бонмӕ афтӕ кодтой ӕмӕ сӕм тынг бирӕ ӕхца ӕрӕмбырд ис. 12 Уый фӕстӕ-иу паддзах ӕмӕ Йехода уыцы ӕхца, Дунедарӕджы хӕдзары куыст кӕй бӕрны уыди, уыцы лӕгтӕм радтой, ӕмӕ-иу дзы уыдон баххуырстой дуркӕрдджытӕ ӕмӕ хъӕддӕсныты, куырдтӕ ӕмӕ ӕрхуыгуырдты, цӕмӕй Дунедарӕджы Кувӕндон сцалцӕг кӕной. 13 Кусджытӕ сӕ куыстмӕ бавнӕлдтой, ӕмӕ Хуыцауы хӕдзар биноныг цалцӕггонд ӕмӕ фидаргонд ӕрцыди. 14 Куыст кӕронмӕ куы ахӕццӕ, уӕд паддзах ӕмӕ Йеходамӕ бахастой, ӕхцайӕ ма цы баззади, уый. Уыцы фӕрӕзтӕй Дунедарӕджы Кувӕндонӕн арӕзт ӕрцыдысты алы дзауматӕ: мигӕнӕнтӕ уаз лӕггадӕн ӕмӕ иууылсудзинӕгтӕ хӕссынӕн, ноджы ма цолпытӕ ӕмӕ алы ӕндӕр мигӕнӕнтӕ сыгъзӕрин ӕмӕ ӕвзистӕй. Цалынмӕ Йехода ӕгас уыди, уӕдмӕ Дунедарӕджы Кувӕндоны иудадзыг иууылсудзинаг нывӕндтӕ хастой. 15 Йехода базӕронд ис, амарди цардӕфсӕстӕй, сӕдӕ ӕртыназдзыдӕй. 16 Бавӕрдтой йӕ Давиды сахары, паддзӕхты зӕппадзы, уымӕн ӕмӕ рӕстаг хъуыддӕгтӕ арӕзта Израилы, лӕггад кодта Хуыцау ӕмӕ Йӕ Кувӕндонӕн. 17 Йеходайы амӕлӕты фӕстӕ Иудейы уӕздӕттӕ ’рбацыдысты сӕ паддзахмӕ ӕмӕ йын сӕ сӕртӕй ныллӕг ӕркуывтой. Уӕдӕй фӕстӕмӕ сын паддзах сӕ уынаффӕтӕм хъусын байдыдта. 18 Уыдон та Дунедарӕджы, сӕ фыдӕлты Хуыцауы, Кувӕндоныл сыстырзӕрдӕ сты ӕмӕ лӕггад кӕнын райдыдтой Ашерӕйы цӕджындзтӕ ӕмӕ гуымирытӕн. Уый тыххӕй Иудей ӕмӕ Йерусалимы цӕрджыты Дунедарӕджы азар баййӕфта. 19 Уый сӕм Йӕ пехуымпарты ӕрвыста, цӕмӕй сӕ фӕстӕмӕ Дунедарӕгмӕ раздахой, ӕмӕ-иу пехуымпартӕ сӕ ныхмӕ дзырдтой, фӕлӕ сӕм уыдон нӕ хъуыстой. 20 Уӕд Хуыцауы Уд ӕртыхсти Захариайыл, сауджын Йеходайы фыртыл, ӕмӕ уый дзыллӕйы раз ӕрлӕууыд ӕмӕ загъта: «Афтӕ зӕгъы Хуыцау: цӕуылнӕ ӕххӕст кӕнут Дунедарӕджы фӕдзӕхстытӕ? Уӕ хъуыддӕгты ӕнтыстджын нӕ уыдзыстут. Кӕд Ыл сымах уӕхи атигъ кодтат, уӕд уыл Уый дӕр атигъ кӕндзӕн Йӕхи». 21 Уӕд йӕ ныхмӕ сусӕгвӕнд сарӕзтой ӕмӕ йӕ паддзах Иоасы бардзырдӕй Дунедарӕджы хӕдзары кӕрты дуртӕй амардтой. 22 Паддзах Иоас ферох кодта, Йехода йын цы хӕрзты бацыди, уый, ӕмӕ йын йӕ фырты амарын кодта. Уый ма мӕлгӕ-мӕлын сфӕрӕзта: «Дунедарӕг алцыдӕр уыны ӕмӕ мын мӕ туг райсдзӕн». 23 Уыцы азы кӕрон Арамы ’фсад рацыди йӕ ныхмӕ хӕцынмӕ. Арамейӕгтӕ Иудей ӕмӕ Йерусалиммӕ бабырстой, адӕмы сӕргълӕуджыты се ’ппӕты дӕр ныццагътой, се ’фтиаг та иууылдӕр сӕ паддзахӕн Дамаскмӕ арвыстой. 24 Арамы ӕфсад стыр нӕ уыди, фӕлӕ сын Дунедарӕг бирӕ тыхджындӕр ӕфсад сӕ къухмӕ радта, уымӕн ӕмӕ уыдон сӕхи атигъ кодтой Дунедарӕгыл, сӕ фыдӕлты Хуыцауыл. Афтӕмӕй арамейӕгтӕ стӕрхон кодтой Иоасӕн. 25 Уӕззау цӕфӕй йӕ куы ныууагътой, уӕд паддзахы ныхмӕ йӕ дӕлдӕртӕ сусӕгвӕнд сарӕзтой, сауджын Йеходайы фырты кӕй амарын кодта, уый тыххӕй. Ӕмӕ йӕ амардтой йӕ сынтӕджы. Йӕ мард ын бавӕрдтой Давиды сахары, ӕрмӕст паддзӕхты зӕппадзы нӕ. 26 Сусӕгвӕнд чи скодта, уыдон уыдысты аммонаг чызг Шиматы фырт Завад ӕмӕ моаваг чызг Шимриты фырт Йозавад. 27 Иоасы фыртты хабӕрттӕ, йӕ ныхмӕ цы бирӕ рагуацтӕ загъд ӕрцыди, уыдон, ӕмӕ Хуыцауы хӕдзар рацаразыны хабӕрттӕ фыст сты «Паддзӕхты чиныджы таурӕгъты». Йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Амациа. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia