Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -

1 Азфыстытӕ 27 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Ӕрвылмӕйон ӕфсады къордтӕ

1 Мӕнӕ, афӕдзы дӕргъы-иу паддзахӕн мӕйгай лӕггад кӕнынмӕ чи ӕрбацыд, уыцы ӕфсӕддон къордтӕ. Алы къорд дӕр-иу ӕрбацыд йӕ рады, иу мӕйы ӕмгъуыдмӕ. Къордтӕй алкӕцыйы дӕр уыди цыппар ӕмӕ ссӕдз мин израиладжы, уыдонимӕ мыггӕгты хистӕртӕ, миныхицӕуттӕ, сӕдӕйыхицӕуттӕ, бӕрнылӕгтӕ — ӕфсӕддон къордтимӕ баст алы хъуыддӕгты паддзахӕн чи лӕггад кодта, уыдон.

2 Фыццаг мӕйы къорды хицау — Завдиелы байзӕддаг Йашовам; уыди йӕм цыппар ӕмӕ ссӕдз мин хӕстоны.

3 Уый уыди Парецы байзӕддӕгтӕй, фыццаг мӕйы къорды ӕфсады хицӕуттӕн сӕ хистӕр.

4 Дыккаг мӕйы къорды хицау — Ахохийы байзӕддаг Додай; йӕ сӕйраг хӕстон фӕтӕг — Миклот, уыдис ӕм цыппар ӕмӕ ссӕдз мин хӕстоны.

5 Ӕртыккаг мӕйы къорды хицау — алчер Йеходайы фырт Бенайа; уыди йӕм цыппар ӕмӕ ссӕдз мин хӕстоны.

6 Ацы Бенайа уыди Дӕс ӕмӕ ссӕдз ӕхсарджынӕй иу. Фӕстӕдӕр сси сӕ хистӕр, ӕмӕ уӕд ӕртыккаг мӕйы къорды сӕргъы ӕрлӕууыд йӕ фырт Аммизавад.

7 Цыппӕрӕм мӕйы къорды хицау — Йоавы ӕфсымӕр Асаел, фӕстӕдӕр ӕй аивта йӕ фырт Зевадиа; уыди йӕм цыппар ӕмӕ ссӕдз мин хӕстоны.

8 Фӕндзӕм мӕйы къорды хицау — Зерахы байзӕддаг Шамхут; уыди йӕм цыппар ӕмӕ ссӕдз мин хӕстоны.

9 Ӕхсӕзӕм мӕйы къорды хицау — Икешы фырт Ира, текоайаг; уыди йӕм цыппар ӕмӕ ссӕдз мин хӕстоны.

10 Ӕвдӕм мӕйы къорды хицау — пелетаг Хелец, Ефремы байзӕддӕгтӕй; уыди йӕм цыппар ӕмӕ ссӕдз мин хӕстоны.

11 Ӕстӕм мӕйы къорды хицау — хушайаг Сибехай, Зарахы мыггагӕй; уыди йӕм цыппар ӕмӕ ссӕдз мин хӕстоны.

12 Фарӕстӕм мӕйы къорды хицау — анатотаг Авиезер, Бениамины мыггагӕй; уыди йӕм цыппар ӕмӕ ссӕдз мин хӕстоны.

13 Дӕсӕм мӕйы къорды хицау — нетофаг Махрай, Зарахы мыггагӕй; уыди йӕм цыппар ӕмӕ ссӕдз мин хӕстоны.

14 Иуӕндӕсӕм мӕйы къорды хицау — пиратонаг Бенайа, Ефремы байзӕддӕгтӕй; уыди йӕм цыппар ӕмӕ ссӕдз мин хӕстоны.

15 Дыууадӕсӕм мӕйы къорды хицау — нетофаг Хелдай, Гофниелы мыггагӕй; уыди йӕм цыппар ӕмӕ ссӕдз мин хӕстоны.


Хӕдзарвӕндӕгты разамонджытӕ

16 Израилы хӕдзарвӕндӕгты разамонджытӕ: Рувимы байзӕддӕгтӕн — Зихрийы фырт Елиезер; Симеоны байзӕддӕгтӕн — Маахайы фырт Шефати;

17 левиттӕн — Кемуелы фырт Хашавиа; Аароны байзӕддӕгтӕн — Цадок;

18 иудейӕгтӕн — Елигу, Давиды ӕфсымӕртӕй; Иссахары хӕдзарвӕндагӕн — Михаелы фырт Омри;

19 Зевулоны фӕдонтӕн — Овадийы фырт Ишмайа; Неффалимы байзӕддӕгтӕн — Азриелы фырт Йеримот;

20 Ефремы хӕдзарвӕндагӕн — Азазиайы фырт Осиа; Менассиайы хӕдзарвӕндаджы иу ӕмбисӕн — Педаиайы фырт Иоел;

21 Менассиайы хӕдзарвӕндаджы иннӕ ӕмбисӕн, Галаады — Захариайы фырт Иддо; Бениамины байзӕддӕгтӕн — Авнеры фырт Йасиел;

22 Даны хӕдзарвӕндагӕн — Йерохамы фырт Азарел. Адон уыдысты Израилы хӕдзарвӕндӕгты разамонджытӕ.

23 Давид сфысты хыгъдмӕ нӕ хаста ссӕдзаздзыдты ӕмӕ уыдонӕй кӕстӕрты, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг зӕрдӕ бавӕрдта Израилы адӕмы арвы стъалытау сбирӕ кӕнынӕй.

24 Церуайы фырт Йоав райдыдта адӕмы нымайын, фӕлӕ йын кӕронмӕ нӕ бантыст, уымӕн ӕмӕ уый тыххӕй Хуыцауы маст рафыхт Израилмӕ, ӕмӕ ацы сфыст паддзах Давиды азфыстыты чиныгмӕ нӕ бацыд.


Паддзахы исбонмӕ цӕстдарджытӕ

25 Паддзахы ӕфтауцуатмӕ йӕ цӕст дардта Адиелы фырт Азмавет; хуымты бӕркадмӕ, стӕй сахартӕ, хъӕутӕ ӕмӕ фидӕртты ӕфтауцмӕ — Узийайы фырт Йонатан;

26 зӕхкусджыты куыстмӕ — Келувы фырт Езри;

27 сӕндӕттӕм — рамайаг Шими, сӕны быркуытӕм та — шефамаг Завди;

28 Шефелайы оливӕ бӕлӕстӕ ӕмӕ легъуи бӕлӕстӕм — гедераг Баал-Ханан, сойы ӕвӕрӕнтӕм та — Йоаш;

29 Шароны цы стурвос хызти, уыдонмӕ — шаройнаг Шитрай, дӕлвӕзты стурвосмӕ та — Адлайы фырт Шафат;

30 теуатӕм — Измаелы байзӕддаг Овил; хӕрджытӕм — меронотаг Йехди;

31 лыстӕг фосмӕ — агараг Йазиз. Адон се ’ппӕт дӕр уыдысты паддзах Давиды исбонмӕ цӕстдарджытӕ.


Давиды уынаффӕйы лӕгтӕ

32 Давиды фыды ’фсымӕр Йонатан уыди уынаффӕйы лӕг, зондджын ӕмӕ ахуыргонд; Хахмонийы фырт Йехиел уыди паддзахы фыртты хъомылгӕнӕг;

33 Ахитофел — паддзахы уынаффӕйы лӕг; аркаг Хушай — паддзахы лымӕн.

34 Ахитофелы фӕстӕ уынаффӕйы лӕгтӕ систы Бенайайы фырт Йехода ӕмӕ Авиафар. Йоав уыди паддзахы ӕфсады хицау.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:



ကြော်ငြာတွေ