Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Руфы чиныг 4:4 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

4 Хабар дӕуӕн зӕгъинагыл банымадтон: балхӕн ӕй — ам чи бады, уыдон ӕмӕ дын мӕ адӕмы хистӕртӕ ӕвдисӕн уыдзысты. Кӕд дӕхимӕ ӕрвады хӕс исыс, уӕд ӕй балхӕн. Кӕд разы нӕ дӕ, уӕд мын ӕй зӕгъ, ӕмӕ йӕ зонон; уымӕн ӕмӕ йӕ иннӕты разӕй дӕуӕн ӕмбӕлы балхӕнын, дӕ фӕстӕ та — мӕнӕн». Уый йын дзуапп радта: «Ӕз ӕй балхӕндзынӕн».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ

Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Хабар дӕуӕн зӕгъинагыл банымадтон: балхӕн ӕй — ам чи бады, уыдон ӕмӕ дын мӕ адӕмы хистӕртӕ ӕвдисӕн уыдзысты. Кӕд дӕхимӕ ӕрвады хӕс исыс, уӕд ӕй балхӕн. Кӕд разы нӕ дӕ, уӕд мын ӕй зӕгъ, ӕмӕ йӕ зонон; уымӕн ӕмӕ йӕ иннӕты разӕй дӕуӕн ӕмбӕлы балхӕнын, дӕ фӕстӕ та — мӕнӕн». Уый йын дзуапп радта: «Ӕз ӕй балхӕндзынӕн».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Руфы чиныг 4:4
12 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

«Дӕ хорзӕхӕй, ме ’лдар, байхъус мӕм! Ӕз дын дӕттын уыцы зӕххы гӕппӕл дӕр ӕмӕ лӕгӕт дӕр. Дӕттын дын сӕ мӕ адӕмы раз, ӕмӕ дӕ зиан бавӕр».


Наоми йӕ чындзӕн загъта: «Дунедарӕджы арфӕ йыл сӕмбӕлӕд! Дунедарӕджы хорзӕх ӕгӕстыл дӕр ӕмӕ мӕрдтыл дӕр ӕххӕссы». Ӕмӕ йӕ ныхасмӕ бафтыдта: «Ӕрвад нын ӕййафы — махыл фӕхӕцын йӕ хӕс кӕмӕн у, уыцы къабӕзтӕй».


Хӕстӕджытӕ кӕй стӕм, уый раст у, фӕлӕ дын мӕнӕй хӕстӕгдӕр ӕрвад дӕр ис.


Бафарста йӕ: «Кӕцы дӕ уый?» Сылгоймаг ын дзуапп радта: «Руф дӕн ӕз, дӕ цагъар; дӕ дӕлбазыр мӕ бакӕн — хӕстӕг нын куы ӕййафыс».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ