Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Райдиан 36:6 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

6 Исав сыстад ӕмӕ йе ’фсымӕр Йаковы цурӕй ӕндӕр бӕстӕм фӕцыд ӕд устытӕ, ӕд цот, ӕд хӕдзаронтӕ, ӕд фосы дзугтӕ ӕмӕ, Ханааны зӕххыл цыдӕриддӕр бынтӕ скодта, ӕппӕт уыдонимӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ

Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 Исав сыстад ӕмӕ йе ’фсымӕр Йаковы цурӕй ӕндӕр бӕстӕм фӕцыд ӕд устытӕ, ӕд цот, ӕд хӕдзаронтӕ, ӕд фосы дзугтӕ ӕмӕ, Ханааны зӕххыл цыдӕриддӕр бынтӕ скодта, ӕппӕт уыдонимӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Райдиан 36:6
10 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Аврам йемӕ ракодта йӕ ус Сарӕйы, йе ’фсымӕры лӕппу Лоты, стӕй йемӕ райста, Хараны сӕм цы мулк ӕрӕмбырд, уый. Йемӕ ма ракодта, цы цагъартӕ йӕм уыд, уыдоны дӕр ӕмӕ семӕ араст ис Ханааны зӕхмӕ; кӕддӕр-кӕддӕр ӕм бахӕццӕ сты.


Лот йӕхицӕн равзӕрста Иорданы дӕлвӕз ӕмӕ скӕсӕнӕрдӕм адардта йӕ фӕндаг. Афтӕмӕй Аврамимӕ фӕхицӕн сты кӕрӕдзийӕ.


Афтӕ сбирӕ сты сӕ дыууӕйы фос, ӕмӕ сын дарддӕр иумӕ цӕрынӕн зӕхх скъуындӕг ис.


Дӕуӕн ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтӕн фыдӕй-фыртмӕйы исбонӕн ратдзынӕн, ныр ӕрцӕуӕггагӕй кӕуыл цӕрыс, уыцы зӕхх, Ханааны зӕхх ӕнӕхъӕнӕй. Ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтӕн уыдзынӕн сӕ Хуыцау».


Дунедарӕг ын дзуапп радта: «Дыууӕ адӕмы рантысдзӕн дӕ гуыбынӕй, дыууӕ адӕмыхатты ис дӕ мидӕг — сӕ фӕндӕгтӕ фӕхицӕн уыдзысты. Сӕ иу суыдзӕн иннӕмӕй тыхджындӕр, хистӕр лӕггад кӕндзӕни кӕстӕрӕн».


Хуыцау Авраамӕн куыд раарфӕ кодта, афтӕ дӕуӕн ӕмӕ дӕ байзӕддагӕн дӕр раарфӕ кӕнӕд, цӕмӕй, Авраамӕн зӕрдӕ цы зӕххӕй бавӕрдта ӕмӕ ныр ды ӕрцӕуӕггагӕй кӕм цӕрыс, уый бауа дӕ исбон!»


Йаков йӕ разӕй йе ’фсымӕр Исавмӕ арвыста минӕвӕрттӕ Сеиры зӕхмӕ, Едомы бӕстӕм.


Охоливама — Йеушы, Йаламы ӕмӕ Корахы. Адон — Исавы фырттӕ. Райгуырдысты йын Ханааны зӕххыл.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ