Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Экклесиаст 8:13 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

13 Тӕригъӕдджын та хорзӕй ницы фендзӕнис, аууонау фӕцыдӕр уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ никуы тарст Хуыцауӕй.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ

Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

13 Тӕригъӕдджын та хорзӕй ницы фендзӕнис, аууонау фӕцыдӕр уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ никуы тарст Хуыцауӕй.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Экклесиаст 8:13
26 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уадз ӕмӕ афтӕ ма хъуыды кӕной: «Мах дзурынмӕ дӕсны стӕм. Не ’взаг нӕ бар у — чи нын у хицау?»


Иу фӕлтӕр иннӕмӕн ӕппӕлдзӕни Дӕ хъуыддӕгтӕй, Дӕ хъомысы кой кӕндзӕни.


Давиды псалом. Зӕрдыл дарынӕн.


Тӕхудиаг у уыцы адӕймаг, йӕ зӕрдӕ Дунедарӕгыл чи дары, сӕрыстыртӕй ӕмӕ фӕлитойтӕй йӕхи чи хизы!


Ӕз бамбӕрстон: Хуыцау цы саразы, уый ӕнусон у. Йӕ хъуыддӕгтӕм Ын бафтауӕн ницы ис, аппарӕн дӕр афтӕ. Уыдӕттӕ аразгӕйӕ, Хуыцау тырны уымӕ, цӕмӕй Йын адӕм кад кӕной.


Кӕцыфӕнды бӕстӕйы дӕр мӕгуыр лӕджы ’фхӕрдӕн, рӕстдзинад ӕмӕ раст тӕрхон ссӕст кӕй цӕуынц, уымӕн ӕвдисӕн куы суай, уӕд-иу ма бадис кӕн. Алы хицауӕн дӕр ис уӕлдӕр хицау, сӕ дыууӕйы сӕрмӕ та — ноджы стырдӕр.


Чи йӕ зоны, лӕгӕн цӕрын куыд хуыздӕр у, уый, йӕ царды цыбыр фӕндаг аууонау фӕцыдӕр вӕййы. Йӕ фӕстӕ зӕххыл цы уыдзӕнис, уыдӕттӕ йын чи радзурдзӕн?


Мӕ цыбыр царды алцыдӕр федтон: рӕстуд ӕвзӕрӕй ницы ракӕны, афтӕмӕй йӕ мӕлӕт ссары, тӕригъӕдджын та ’взӕр митӕ кӕны, афтӕмӕй йӕм бирӕ рӕстӕг мӕлӕт ӕввахс нӕ цӕуы.


Фӕндаджы астӕуыл хӕц — Хуыцауӕн кад чи кӕны, уый йӕхи алцӕмӕй дӕр бахиздзӕн.


Адӕймаг дымгӕ йӕ армы нӕ бауромдзӕн, стӕй йӕ удыл дӕр йӕ бар нӕ цӕуы, цы бон амӕлдзӕн, уый йӕхицӕй аразгӕ нӕу. Ацы мӕлӕтдзаг тохӕн аргъӕвӕн нӕй, суанг фыдгӕнӕг дӕр йӕ фыдбылызты фӕрцы нӕ аирвӕздзӕн.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ