Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Экклесиаст 7:14 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

14 Ӕнӕмаст куы уай, уӕд цин кӕн, фыдбылызтӕ куы ’взарай, уӕд ахъуыды кӕн: сӕ иу дӕр ӕмӕ иннӕ дӕр Хуыцау уый тыххӕй радта, цӕмӕй адӕймаг, йӕ фӕстӕ цы уыдзӕн, уый ма зона.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ

Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

14 Ӕнӕмаст куы уай, уӕд цин кӕн, фыдбылызтӕ куы ’взарай, уӕд ахъуыды кӕн: сӕ иу дӕр ӕмӕ иннӕ дӕр Хуыцау уый тыххӕй радта, цӕмӕй адӕймаг, йӕ фӕстӕ цы уыдзӕн, уый ма зона.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Экклесиаст 7:14
35 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Дунедарӕг ӕй бахъахъхъӕндзӕн, мӕлӕтӕй йӕ бахиздзӕн, цардамонд ын схай кӕндзӕн, знаджы къухтӕм ӕй нӕ ратдзӕн.


Ӕдылы дзурын бирӕ фӕуарзы. Адӕймаг нӕ зоны йӕ фидӕн, стӕй, йӕ фӕстӕ цы уыдзӕнис, уый дӕр. Чи йын ӕй радзура?


Мӕ лӕппу! Цалынмӕ ӕрыгон дӕ, уӕдмӕ дӕ рӕстӕг хъӕлдзӕгӕй ӕрвит, де ’рыгон бонты царды цинӕй бафсӕд; дӕ зӕрдӕйы фӕндиаг, дӕхимӕ хуыздӕр куыд кӕсы, дӕ цӕстытӕн ӕхсызгон цы у, уый кӕн, фӕлӕ зон: дӕ хъуыддӕгтӕн дын Хуыцау тӕрхон кӕндзӕн.


Ныр ӕппӕт адӕттӕм куы байхъуыстай, уӕд дын мӕнӕ мӕ ныстуан: кад кӕн Хуыцауӕн ӕмӕ Йын Йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕн, уымӕн ӕмӕ адӕймагӕй ӕндӕр ницы баззайы ӕнусмӕ.


Алцӕмӕн дӕр кӕрон ӕрцӕуы, — зӕгъы Хуыцауы ныхас амонӕг, — алцыдӕр аивгъуыйы!


Ӕз бамбӕрстон: адӕймагӕн йӕ зӕрдӕ хъуамӕ райа йӕ куыстӕй. Ницы ис лӕгӕн уымӕй хуыздӕр, уымӕн ӕмӕ кусынӕн райгуыры. Йӕ фӕстӕ цы уыдзӕн, уыдон та йын чи равдисдзӕн?


кӕуынӕн ӕмӕ худынӕн; хъарӕг кӕнынӕн ӕмӕ кафынӕн;


Хуыцау нын цӕрынӕн цы цыбыр ӕмгъуыд ратты, уымӕй куыд хуыздӕр спайда чындӕуа? Уӕдӕмӕ хӕр, нуаз ӕмӕ дӕ къухты фӕллойыл цин кӕн. Уый адӕймагӕн йӕ нывысконд у.


Адӕймаг, фидӕны цы уыдзӕни, уый нӕ фӕзоны, стӕй йын ӕй чи радзурдзӕн?


Уӕдӕ хъӕлдзӕгӕй дӕ хойраг хӕр ӕмӕ цингӕнгӕйӕ сӕн нуаз, уымӕн ӕмӕ уый Хуыцауӕн ӕхсызгон у.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ