Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Экклесиаст 5:17 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

17 Хуыцау нын цӕрынӕн цы цыбыр ӕмгъуыд ратты, уымӕй куыд хуыздӕр спайда чындӕуа? Уӕдӕмӕ хӕр, нуаз ӕмӕ дӕ къухты фӕллойыл цин кӕн. Уый адӕймагӕн йӕ нывысконд у.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ

Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

17 Хуыцау нын цӕрынӕн цы цыбыр ӕмгъуыд ратты, уымӕй куыд хуыздӕр спайда чындӕуа? Уӕдӕмӕ хӕр, нуаз ӕмӕ дӕ къухты фӕллойыл цин кӕн. Уый адӕймагӕн йӕ нывысконд у.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Экклесиаст 5:17
21 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Адамӕн Дунедарӕг Хуыцау загъта: «Дӕ усы коммӕ кӕй бакастӕ ӕмӕ дын тобӕ цы бӕласӕй загътон, уый дыргътӕй кӕй бахордтай, уый тыххӕй ӕлгъыст у зӕхх дӕу тыххӕй. Цӕрӕнбонты дзы исдзынӕ дӕ къӕбӕр, хъизӕмӕрттӕ ’взаргӕйӕ.


Йӕ маст нӕ судздзӕни мыггагмӕ, ӕнустӕм маст Йӕ зӕрдӕйы нӕ хӕссы.


Дӕ къухвӕллойӕ цы бакусай, уымӕй цӕрдзынӕ. Тӕхудиаг дӕ ӕмӕ фӕрнӕйдзаг уыдзынӕ!


Дунедарӕг, мӕ Хуыцау! Кӕуылты сты дӕ диссӕгтӕ, нӕ сӕраппонд цы фӕндтӕ нывӕндыс, уыдон! Дӕуӕн ӕмбал кӕм ис? Дӕ диссӕгты кой Дын ракӕнин, фӕлӕ сӕ ӕз кӕд фӕуыдзынӕн нымад?


Цӕмӕ фӕнды ма бабӕллон, мӕхицӕн «нӕ», зӕгъгӕ, никуы ницӕмӕй загътон, цин кодтон мӕ фӕллӕйттыл. Мӕ тухӕнты фӕстӕ уыцы циндзинад райстон хӕрзиуӕгӕн.


Цалынмӕ цӕры, уӕдмӕ алцӕуыл мӕт кӕны, тыхсы, ӕхсӕвыгон дӕр хъизӕмар кӕны, фӕлӕ та уыдӕттӕн кӕрон ӕрцӕуы, алцыдӕр аивгъуыйы.


Уӕдӕмӕ хӕр, нуаз ӕмӕ цин кӕн дӕ къухты фӕллойыл — уымӕй хуыздӕр адӕймагӕн ницы ис, фӕлӕ уый Хуыцауӕй лӕвӕрд у.


Ӕнӕмаст куы уай, уӕд цин кӕн, фыдбылызтӕ куы ’взарай, уӕд ахъуыды кӕн: сӕ иу дӕр ӕмӕ иннӕ дӕр Хуыцау уый тыххӕй радта, цӕмӕй адӕймаг, йӕ фӕстӕ цы уыдзӕн, уый ма зона.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ