Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Экклесиаст 2:17 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

17 Цард мын ӕнӕуынон сси. Лӕг зӕххыл йӕ хъару цӕуыл хардз кӕны, уыдӕттӕ иууылдӕр банымадтон ӕвзӕрыл, уымӕн ӕмӕ алцыдӕр аивгъуыйы, алцыдӕр, дымгӕ ӕрцахсыныл куы архайай, уымӕй уӕлдай нӕу!

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ

Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

17 Цард мын ӕнӕуынон сси. Лӕг зӕххыл йӕ хъару цӕуыл хардз кӕны, уыдӕттӕ иууылдӕр банымадтон ӕвзӕрыл, уымӕн ӕмӕ алцыдӕр аивгъуыйы, алцыдӕр, дымгӕ ӕрцахсыныл куы архайай, уымӕй уӕлдай нӕу!

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Экклесиаст 2:17
20 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Арвы бын цытӕ цӕуы, уыдӕттӕм лӕмбынӕг куы ’ркастӕн, уӕд бамбӕрстон: алцыдӕр аивгъуыйы, алцыдӕр, дымгӕ ӕрцахсыныл куы архайай, уымӕй уӕлдай нӕу.


Фӕлӕ мӕ ноджы, зонд ӕдылыдзинад ӕмӕ ӕррадзинадӕй цӕмӕй хицӕн кӕны, уый бӕлвырд базонын бафӕндыд. Ӕмӕ бамбӕрстон, уый дӕр та, дымгӕ ’рцахсыныл куы архайай, уымӕй уӕлдай кӕй нӕу.


Ме ’ппӕт фӕллӕйттӕм ӕмӕ тухӕнтӕм иу хатт фӕстӕмӕ куы акастӕн, уӕд та, раздӕрау, загътон: «Уыдӕттӕ дӕр аивгъуыйдзысты, дымгӕ ӕрцахсыныл куы архайай, уымӕй уӕлдай не сты, арвы бын сӕ ницы пайда ис».


Цы пайда ис лӕгӕн йӕ куыстӕй, йе ’ппӕт тухӕнтӕй?


Алы ран дӕр зӕххыл иу хъуыддаг уыдтон: рӕстдзинад кӕм хъуамӕ уа, уым — фыдракӕнд, рӕстады бынаты дӕр афтӕ.


Ӕмӕ уӕд мӕрдты удӕгӕстӕй амондджындӕр схуыдтон.


Сӕ дыууӕтӕй хуыздӕр раны та ис, чи нӕма райгуырд ӕмӕ, арвы бын цы фыдбылызтӕ цӕуы, уый чи нӕма базыдта.


Дӕ цӕстӕй цы уыныс, уый — хорз, истӕмӕ бӕллын — зӕрдӕйы сагъӕс. Уыдӕттӕ дӕр аивгъуыйынц, дымгӕ ’рцахсыныл куы архайай, уымӕй уӕлдай не сты!


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ