3 Йӕ галиу къух мын бакодта мӕ сӕры бын, рахизӕй мӕ ’рбатыхта йӕ хъӕбысы.
Йӕ галиу къух мын бакодта мӕ сӕры бын, рахизӕй мӕ ’рбатыхта йӕ хъӕбысы.
Ӕрбакӕнин дӕ мӕ ныййарӕг мады, мӕ хъомылгӕнӕджы, хӕдзармӕ. Бафсадин дӕ, хъацӕнтӕ цы сӕныл конд ис, уымӕй, мӕ гранаты донӕй.
О, Йерусалимы чызджытӕ, расомы кӕнут: ма райхъал кӕнут, ма фӕхъыгдарут уарзт, цалынмӕ йӕхи бафӕнда, уӕдмӕ!
фӕлӕ мын загъта: «Ӕгъгъӕд дын у Мӕ хорзӕх, уымӕн ӕмӕ Мӕ тых йӕ тыхы бацӕуы, адӕймаг лӕмӕгъ куы вӕййы, уӕд». Уымӕ гӕсгӕ ӕз зӕрдиагдӕрӕй ӕппӕлдзынӕн, ӕдых кӕй дӕн, уымӕй, иудадзыг Чырыстийы хъаруйӕ хайджын куыд уон, афтӕ.
Ӕнусон Хуыцау — де ’мбӕхсӕн, Йе ’нусон ӕрмтты дӕ хӕссы. Фӕсурдзӕни дын де знӕгты ӕмӕ зӕгъдзӕн: „Ныццӕгъд сӕ!“