2 Ӕрбакӕнин дӕ мӕ ныййарӕг мады, мӕ хъомылгӕнӕджы, хӕдзармӕ. Бафсадин дӕ, хъацӕнтӕ цы сӕныл конд ис, уымӕй, мӕ гранаты донӕй.
ӕрцӕттӕ кодта дзидза, алы хъацӕнтимӕ — сӕн ӕмӕ фынгтӕ сӕвӕрдта.
Куыддӕр сӕ цурӕй ацыдтӕн, афтӕ дын мӕ уарзоны куы ссарин! Ныххӕцыдтӕн ыл, нал ӕй суӕгъд кодтон, цалынмӕ йӕ не ’рбакодтон мӕ мады хӕдзармӕ, мӕ ныййарӕг мады уатмӕ.
О мӕ хо, мӕ къайаг! Куыд ӕхсызгон мын у дӕ рӕвдыд, о, цас адджындӕр у сӕнӕй! Дӕ буары хӕрздӕф — дунейы ӕппӕт хӕрздӕфгӕнӕнтӕй хуыздӕр!
Цом, мӕ уарзон, быдырмӕ дӕ хонын, не ’хсӕв хъӕуты арвитдзыстӕм,
Ӕз ахъуыды кодтон: схиздзынӕн пальмӕмӕ, баныхӕсдзынӕн йӕ къалиутыл, дӕ риутӕ мын сӕнӕфсиры цупӕлттӕ фестдзысты, дӕ улӕфт та — фӕткъуыты хӕрздӕф,
— Ехх, ме ’фсымӕр куы фестис, мӕ ныййарӕг мад дӕ йӕ риуӕй куы схастаид! Уӕд дын, уынджы фембӕлгӕйӕ, батӕ кӕнин, ӕмӕ мыл ничи фӕхудид.
Сымах лӕмбынӕг иртасут Сыгъдӕг Фыст, ӕмӕ йӕ фӕрцы мыггагмӕйы цард райсын ӕнхъӕл стут, афтӕмӕй уый та Мӕныл дзурӕг у.
Уӕларвон Йерусалим та сӕрибар у — не ’ппӕты мад.
уыимӕ сабибонтӕй фӕстӕмӕ ды зоныс Сыгъдӕг Фыст — уымӕ ис дӕуӕн зонд раттыны тых, цӕмӕй Йесо Чырыстийыл ӕууӕндыны руаджы фервӕзай.
Пехуымпар ныхас раст кӕй у, уый нын афтӕмӕй раргом ноджы тынгдӕр. Ӕмӕ, цалынмӕ бон фӕцъӕх уа ӕмӕ сӕууон стъалы уӕ зӕрдӕты ссудза, уӕдмӕ уыцы пехуымпар ныхасмӕ, талынджы рухстауӕг цырагъмӕ здахӕгау, уе ’ргом кӕй здахут, уымӕй раст кӕнут.
Ӕз зӕдӕн йӕ къӕхты бынмӕ ӕрхаудтӕн, цӕмӕй йӕм бакувон. Фӕлӕ мын уый загъта: «Афтӕ ма бакӕн; ӕз дӕу, стӕй Йесойӕн ӕвдисӕн чи у, дӕ уыцы ӕфсымӕрты ӕмкусӕг дӕн. Хуыцаумӕ бакув, уымӕн ӕмӕ, Йесойы тыххӕй чи дзуры, уыдонмӕ ис пехуымпарады мон».