9 Ӕз ахъуыды кодтон: схиздзынӕн пальмӕмӕ, баныхӕсдзынӕн йӕ къалиутыл, дӕ риутӕ мын сӕнӕфсиры цупӕлттӕ фестдзысты, дӕ улӕфт та — фӕткъуыты хӕрздӕф,
Рӕвдауӕн ныхас мыды фӕзгъӕрты ад кӕны: удӕн — ӕхсызгон, буарӕн — ӕнӕнизы хос.
Ма сцыбӕл у, нуазӕн кӕхцы сӕн куыд сырх кӕны, куыд хъазы ӕмӕ куыд ӕнцон нуазӕн у, уымӕ. Уый фӕстӕ дыл калмау фӕхӕцдзӕнис, йӕ марг дӕ бауадздзӕн хуссайраг калмау.
О, мӕ бӕлон, комы айнӕджы бын чи бамбӕхст! Ратт мын дӕ феныны бар, фехъусын мын кӕн дӕ хъӕлӕс — адджын у дӕ хъӕлӕс, дӕ цӕсгом — диссаджы рӕсугъд!»
Йӕ былтӕ — адджын, алцӕмӕй йӕхимӕ ’лвасы. О, Йерусалимы чызджытӕ! Ахӕм у мӕ уарзон, ахӕм у мӕ лымӕн!
— Фынӕй кӕнын, фӕлӕ мӕ зӕрдӕ хъал у, ӕз хъусын — хойы мӕм мӕ уарзон: «Мӕ хо, мӕ уды гага, мӕ сыгъдӕг бӕлон, байгом мын кӕн дуар! Ӕхсӕвы уымӕлӕй мӕ сӕры хъуын ныддонласт».
Ныридӕгӕн махӕн нӕ фынӕйӕ райхъалы афон кӕй ралӕууыд, уый дӕр уын зындгонд у. Уымӕн ӕмӕ нӕм, куы баууӕндыдыстӕм, уӕдӕй ныр ирвӕзындзинад ӕввахсдӕр у.
Ӕнӕуаг ныхас ӕппындӕр ма схауӕд уӕ дзыхӕй, фӕлӕ, адӕймагӕн йӕ тыхсты чи феххуыс уыдзӕн ӕмӕ йӕ чи фӕфидар кӕндзӕн, ӕрмӕстдӕр ахӕм хорз ныхӕстӕ, — чи сӕ фехъуса, уыдонӕн фарны хос куыд уой, афтӕ.
Уӕ ныхас кӕддӕриддӕр уӕд зӕрдӕмӕдзӕугӕ ӕмӕ нывыл: зонут, кӕмӕн цы дзуапп дӕттын хъӕуы, уый.
Цӕй уӕдӕ Йесойы фӕрцы иудадзыг ӕппӕлӕм Хуыцауӕй — уадз ӕмӕ Йын уый уа нӕ нывонд, ӕмӕ афтӕмӕй кадджын кӕнӕм Йӕ ном.
Уӕларвӕй мӕм ӕрыхъуысти хъӕлӕс ӕмӕ мын загъта: «Ныффысс: нырӕй фӕстӕмӕ Бардарӕгыл ӕууӕндгӕйӕ чи мӕлы, уыдон тӕхудиаг сты». — «О, уыдон ӕрӕнцайдзысты сӕ фыдӕбӕттӕй, — зӕгъы Уд, — уымӕн ӕмӕ сӕ хъуыддӕгтӕ цӕуынц сӕ фӕдыл».