Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Зарджыты зарӕг 7:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 Дӕ гуыр хӕрзконд у пальмӕйау, дӕ риутӕ — сӕнӕфсиры цупӕлттӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Зарджыты зарӕг 7:8
10 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

О, ахон мӕ, мах лидздзыстӕм дӕ фӕдыл! О, паддзах мӕ ӕрбакодта йӕ галуанмӕ! — Зӕрдӕскъӕфт фӕуыдзыстӕм ӕмӕ дыл цин кӕндзыстӕм, дӕ рӕвдыд дын сӕнӕй фылдӕр стаудзыстӕм — аккаг уарзтӕй дӕ уарзынц чызджытӕ!


— Фӕткъуы бӕлас хъӕддаг бӕлӕсты ’хсӕн ивддзаг куыд нӕ кӕны, афтӕ мӕ уарзон лӕппуты астӕу бӕрӕг дары; ӕхсызгон мын у йӕ аууоны бадын, адджын мын сты йӕ дыргътӕ.


Фӕфидар мӕ кӕнут адджинӕгтӕй, фӕткъуытӕй мӕ ауазал кӕнут, уымӕн ӕмӕ судзын фыр уарзтӕй!


— О, райхъал у, цӕгаты дымгӕ! О хуссары дымгӕ, фӕзын! Мӕ дыргъдоныл мын радым, уадз, йӕ хӕрздӕф уӕлдӕфы ахъара! Уадз, мӕ уарзон ӕрбацӕуа йӕ дыргъдонмӕ, йӕ адджын дыргътӕй йын бахӕра!


Цӕй рӕсугъд дӕ, мӕ уарзон, дӕ хӕрзаивӕй зӕрдӕйӕн цӕй адджын дӕ!


Мӕ хорзӕхтӕ сын цинимӕ дӕтдзынӕн, зӕрдиагӕй сӕ ацы зӕххыл байтаудзынӕн».


Сӕнӕфсиртӕ ӕмӕ легъуи бӕлӕстӕ, гранатӕй, пальмӕйӕ, фӕткъуыйӕ — иууылдӕр бахус сты быдыры, ӕмӕ адӕм цин нал кӕнынц.


Бузныг Хуыцауӕй — Уый нӕ уӕлахиздзаутау кӕддӕриддӕр хоны Чырыстийы фӕдыл. Чырыстийы уац ӕхцон хӕрздӕфау Хуыцау мах руаджы парахат кӕны алы ран дӕр.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ