6 Дӕ сӕр — Кармелы хох, дӕ сӕрыхъуынтӕ — сӕнт сырх, дӕ къӕбӕлдзыг дзыккутӕ фӕсырдтой йе ’нцой паддзахӕн.
Ныр цу ӕмӕ мын Кармелы хохы сӕрмӕ ӕрӕмбырд кӕн Израилы адӕмы, стӕй Баалы цыппарсӕдӕ фӕндзай пехуымпары, ноджы ма, Иезавелы хардзӕй йӕ гуыбын чи ӕфсады, уыдоны — Ашерӕйы цыппарсӕдӕ пехуымпары».
Ӕрсабыр ут ӕмӕ зонут: Ӕз дӕн Хуыцау, скадджын уыдзынӕн ӕппӕт адӕмты ’хсӕн, ӕгас зӕххы цъарыл.
О, мӕ бӕлон, комы айнӕджы бын чи бамбӕхст! Ратт мын дӕ феныны бар, фехъусын мын кӕн дӕ хъӕлӕс — адджын у дӕ хъӕлӕс, дӕ цӕсгом — диссаджы рӕсугъд!»
О мӕ хо, мӕ къайаг! Куыд ӕхсызгон мын у дӕ рӕвдыд, о, цас адджындӕр у сӕнӕй! Дӕ буары хӕрздӕф — дунейы ӕппӕт хӕрздӕфгӕнӕнтӕй хуыздӕр!
О мӕ уарзон! Къахӕй сӕрмӕ диссаджы рӕсугъд дӕ! Иу аипп дӕр дӕм нӕй ссарӕн!
дӕ былты хӕрздӕф нуаздзынӕн сӕнау. — Уадз ацы сӕн мӕ былтӕй мӕ уарзонӕн йӕ комы ахъара!
Цӕй рӕсугъд дӕ, мӕ уарзон, дӕ хӕрзаивӕй зӕрдӕйӕн цӕй адджын дӕ!
Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, демӕ ис. Уый у хъомысджын Хӕстон, хъару Йӕм ис дӕу фервӕзын кӕнынӕн. Ныццин дыл кӕндзӕн, Йӕ уарзтӕй дӕ басабыр кӕндзӕн, цины зарӕгимӕ райдзӕни дӕ уындӕй.