4 Дӕ риутӕ — саджы дыууӕ лӕппыны, сычъийы фаззӕттӕ.
Фӕлӕ Аврам загъта: «О Дунедарӕг, мӕ Хуыцау! Цы кӕнын уыцы хӕрзиуӕгӕй, кӕд ӕмӕ ӕнӕзӕнӕгӕй амӕлдзынӕн ӕмӕ мӕ бынтӕ дамаскаг Елиезерӕн баззайдзысты, уӕд?»
Давид йӕ барджынты ӕрӕвӕрдта дамаскаг арамейӕгты зӕххыл, арамейӕгтӕ басастысты ӕмӕ йын хъалон фидын райдыдтой. Дунедарӕг аудыдта Давидыл, ӕмӕ уый кӕмфӕнды дӕр уӕлахиз кодта.
Соломон пылыстӕгӕй скодта паддзахы егъау къӕлӕтджын ӕмӕ йӕ састӕрдта сыгъдӕг сыгъзӕринӕй.
Паддзахмӕ уыдис, Таршишмӕ цӕуынхъом чи уыд, ахӕм наутӕ, ӕмӕ йын уыдон Хирамы денджызонтимӕ ӕртӕ азӕй ӕртӕ азмӕ ластой сыгъзӕрин, ӕвзист ӕмӕ пылыстӕг, стӕй маймулитӕ ӕмӕ мӕлхъытӕ.
Ахавы иннӕ хъуыддӕгтӕ иууылдӕр — пылыстӕгӕй цы галуан сфӕлыста ӕмӕ цы сахартӕ рацарӕзта, уыдоны тыххӕй хабӕрттӕ — фыст ӕрцыдысты «Израилаг паддзӕхты азфыстыты чиныджы».
Соломон сарӕзта ливайнаг хъӕдӕй фӕлыст галуан. Йӕ дӕргъ уыди фондзыссӕдз ӕлмӕрины, йӕ уӕрх — дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз ӕлмӕрины, йӕ бӕрзӕнд та — дӕс ӕмӕ ссӕдз ӕлмӕрины. Йӕ цары хъайвантӕ, кедры хъӕдӕй, ӕнцадысты кедры хъӕдӕй конд цӕджындзты цыппар рӕнхъыл.
Уымӕй уӕлдай ма Соломон сарӕзта ӕфтауцуат сахартӕ: иуты дзы дардта хӕлц, иннӕты — тохуӕрдӕттӕ, аннӕты — бӕхджын ӕфсӕдтӕ. Ноджы ма Соломон Йерусалимы, Ливаны ӕмӕ йӕ паддзахады алы рӕтты сарӕзта ӕндӕр бӕстыхӕйттӕ дӕр, куыддӕриддӕр сфӕнд кодта, афтӕ.
Рацарӕзта Баалаты сахар, стӕй йӕ иннӕ сахартӕ иууылдӕр: иуты дардта йӕ хӕлц, иннӕты — йӕ тохуӕрдӕттӕ, аннӕты — бӕхтӕ. Ноджы ма Соломон Йерусалимы, Ливаны ӕмӕ йӕ паддзахады алы рӕтты сарӕзта ӕндӕр бӕстыхӕйттӕ дӕр, йӕ зӕрды цыдӕриддӕр уыди, уыдон.
цӕмӕй адӕмӕн раргом уа Дӕ хъомыс, Дӕ паддзахады кад ӕмӕ стырад.
Уӕларвӕфсады Бардарӕг немӕ ис, Йаковы Хуыцау — нӕ сӕрылхӕцӕг.
Сыгъзӕрин фӕлындӕнтӕ дын сараздзыстӕм, саив сӕ кӕндзыстӕм ӕвзистӕй.
— О, цӕй рӕсугъд дӕ, мӕ уарзон, цӕй диссаджы рӕсугъд дӕ! Хызы бын бӕлӕтты ’нгӕс — дӕ цӕстытӕ! Галаады хохы сӕрӕй цыма сӕгътӕ ’рцӕйцӕуынц, уыйау дӕ дзыккутӕ фӕйлауынц.
Давиды мӕсыг — тохы бонӕн амад, уый ӕнгӕс — дӕ хъуыр: мин уартӕй йӕ сфӕлыстӕуыд, иууылдӕр — ӕфсӕддонты уартытӕ.
Дӕ риутӕ — саджы дыууӕ лӕппыны кӕнӕ сычъийы фаззӕттӕ, кӕркусӕгты ’хсӕн хизынц.
О, ма мӕм кӕс, дӕ цӕстӕнгас мӕ судзы!
Ма тӕрс! Нырӕй фӕстӕмӕ нал хӕсдзынӕ ӕгады ном. Мацӕмӕйуал ӕфсӕрмы кӕн! Нал дыл сбаддзӕни фидиссаджы ном. Де ’взонджы худинаг дӕ ферох уыдзӕни, дӕ идӕдзы бонты фидистӕ дӕ зӕрдыл дӕр нал ӕрӕфтдзысты.
Хъӕбӕр хойраг, йӕ фӕлтӕрддзинады фӕрцы хорз ӕмӕ ӕвзӕр кӕрӕдзийӕ иртасынмӕ чи арӕхсы, уыцы хъомылты у.