7 Хъахъхъӕнджытыл сӕмбӕлдтӕн — зылдысты сахарыл. Фӕнадтой мӕ, фӕцӕфтӕ мӕ кодтой, мӕ уӕлӕфтау мын раластой мӕ уӕлӕйӕ сахары систӕ хъахъхъӕнджытӕ!
Ӕз сдзынӕзтон Дӕумӕ, Дунедарӕг, ӕмӕ загътон: «Ды дӕ ме ’мбӕхсӕн, мӕ амонды хай зӕххыл!»
Хъахъхъӕнджытыл амбӕлдтӕн — уыдон зылдысты сахарыл, фарстон сӕ: «Нӕ мын федтат мӕ уарзоны?»
Дуар байгом кодтон мӕ уарзонӕн, фӕлӕ уӕдмӕ уым нал уыд, ацыди. Фӕцыдӕр ис, ӕмӕ фӕцӕйтыдта мӕ зӕрдӕ, агуырдтон ӕй, фӕлӕ йӕ нал ардтон, сидтӕн ӕм, фӕлӕ мын дзуапп нӕ лӕвӕрдта.
Йерусалимы чызджытӕ! Расомы кӕнут: мӕ уарзоныл мын куы сӕмбӕлат, уӕд-иу ын зӕгъут, фыр уарзтӕй мӕ туг кӕй байсысти!
— Соломонӕн Баал-Хамоны — сӕндон, хъахъхъӕнджыты бӕрны йӕ бакодта. Уыдонӕй йын алчидӕр йӕ дыргътӕн хъуамӕ фида мин ӕвзист шекелы.
Уӕд хӕрздӕфы бӕсты сӕ хай суыдзӕни смаг, роны бӕсты — астӕубос, къӕбӕлдзыджы бӕсты — цӕгӕр сӕр, бӕрӕгбоны дарӕсы бӕсты — сӕхъис; рӕсугъддзинады бӕсты — худинаг.
«Йерусалим, дӕ систы сӕрыл дын сӕвӕрдтон хъахъхъӕнджытӕ ӕмӕ загътон, цӕмӕй сӕ хъӕлӕс хъуыса ӕхсӕв дӕр ӕмӕ бон дӕр». Йерусалимы сахары макуы ӕрмынӕг уӕд, Дунедарӕджы чи нымайы, уыдоны хъӕлӕс!
Уый аххосӕй уӕ Ӕз Мӕ пехуымпарты дзыхӕй цавтон, Мӕ дзыхы дзырдӕй уӕ мардтон. Хурыскастау ссыгъди уӕ сӕрмӕ Мӕ тӕрхон.
«Моисейы бадӕны ӕрбадтысты динамонджытӕ ӕмӕ фарисейтӕ.
Тӕхудиаг уыдзыстут, Адӕймаджы Фырты тыххӕй адӕмӕн ӕнӕуынон куы суат, хъоды уыл куы бакӕной, цъыф уыл куы калой ӕмӕ уын уӕ ном куы сӕгад кӕной, уӕд.
Синагогӕтӕй тард ӕрцӕудзыстут. Ӕрцӕуы ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ, сымах чи мара, уый афтӕ ӕнхъӕл уыдзӕн, цыма уымӕй Хуыцауӕн лӕггад кӕны.
Уымӕн ӕмӕ ахӕмтӕ сты мӕнгапостолтӕ, фӕлитой кусджытӕ, сӕхи ӕвдисынц афтӕ, цыма Чырыстийы апостолтӕ сты.
диныл фырӕнувыдӕй — Аргъуан ӕфхӕрӕг, Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ — ӕнӕфау рӕстгӕнӕг.
уырнындзинад Чи дӕтты ӕмӕ йӕ алцӕмӕй дӕр ӕххӕст Чи кӕны, уыцы Йесомӕ кӕсгӕйӕ: цы цины аккаг уыд, уый бӕсты фӕразонӕй фӕхъизӕмар кодта, худинаг ницӕмӕ ӕрдардта, афтӕмӕй амарди дзуарыл ӕмӕ ныр «бады Хуыцауы рахизфарс».