5 Ӕз сыстадтӕн, цӕмӕй мӕ уарзонӕн дуар байгом кӕнон, миррӕйы ’ртӕхтӕ мӕ къухтӕй, ме ’нгуылдзтӕй, гуыдырыл тагъдысты.
Йӕ рустӕ — дидинджыты къох, сӕ хӕрздӕф хъары уӕлдӕфы. Йӕ былтӕ сты кӕркусӕгты ’нгӕс, миррӕйы сой сӕ тӕдзы.
уӕ уырнындзинады фӕрцы Чырысти уӕ зӕрдӕты куыд ӕрцӕра. Уарзондзинад уӕд уӕ царды бындур.
Мӕнӕ Ӕз дуармӕ лӕууын ӕмӕ хойын. Мӕ хъӕлӕс Мын чи фехъуса ӕмӕ дуар чи байгом кӕна, уымӕ бацӕудзынӕн ӕмӕ йемӕ минас кӕндзынӕн, уый та — Мемӕ.
ӕмӕ ӕрмӕст йе ’рцыдӕй нӕ, фӕлӕ, сымахӕй йӕ зӕрдӕ кӕй барухс, уымӕй дӕр. Уый нын радзырдта, мӕ фендмӕ кӕй бӕллут, тынг кӕй хъыг кӕнут ӕмӕ разӕнгардӕй мӕ фарс кӕй стут, уый тыххӕй. Ӕмӕ уӕд ноджы тынгдӕр бацин кодтон.
Йӕ хицау чындзӕхсӕвӕй кӕд ӕрбацӕудзӕн, уымӕ чи ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыцы адӕмы фӕзмут — хицау куыддӕр ӕрбахойа, афтӕ йын дуар фегом кӕндзысты.
— Фынӕй кӕнын, фӕлӕ мӕ зӕрдӕ хъал у, ӕз хъусын — хойы мӕм мӕ уарзон: «Мӕ хо, мӕ уды гага, мӕ сыгъдӕг бӕлон, байгом мын кӕн дуар! Ӕхсӕвы уымӕлӕй мӕ сӕры хъуын ныддонласт».
— Акӕсут-ма, ӕдзӕрӕг быдырӕй арты фӕздӕгау чи ссӕуы, йӕ алыварс — буд ӕмӕ миррӕйы хӕрздӕф, алы хӕрздӕфгӕнӕнтӕ судзынц йӕ разы, афтӕмӕй?
нӕ уӕлхӕдзар — нӕзытӕ, нӕ систӕ — кипаристӕ.