Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Зарджыты зарӕг 4:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 Мӕ къайаг, цом мемӕ Ливанӕй! Фӕтагъд мӕм кӕн Аманайы хохы сӕрӕй, Сенир ӕмӕ Ермоны бӕрзӕндтӕй, домбӕйтты лӕгӕтӕй, фыранчытӕ цы хӕхты ’мбӕхсынц, уырдыгӕй!

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Зарджыты зарӕг 4:8
19 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Раныхас-иу кодта алы бӕлас, алы зайӕгойы тыххӕй, ливайнаг кедрӕй райдай ӕмӕ, къулы скъуыды чи разайы, уыцы иссопӕй фӕу. Дзырдта цӕрӕгойтӕ, мӕргътӕ, хилӕгойтӕ ӕмӕ кӕсӕгты тыххӕй дӕр.


Израилы дӕттӕй Дамаскы дӕттӕ Амана ӕмӕ Парпар бирӕ хуыздӕр куы сты, уӕд мӕ чи нӕ уагъта мӕхи уым цынайын ӕмӕ ссыгъдӕг уын?» Ӕмӕ мӕстӕйдзагӕй йе ’ргом азылдта, хъуамӕ уыйадыл йӕ хӕдзармӕ аздӕхтаид.


Менассиайы хӕдзарвӕндаджы иу ӕмбис цардысты Башанӕй Баал-Хермоны онг, стӕй Сенир ӕмӕ Ермоны хӕхты онг зӕххытыл. Дзӕвгар уыди сӕ нымӕц.


зӕххы иу кӕронӕй иннӕмӕ баурӕдта хӕстытӕ, ныссаста ӕрдынтӕ, ӕрцытӕ ныцъцъӕл кодта, тохуӕрдӕттыл арт бафтыдта.


Мӕн уыдӕттӕ бамбарын фӕндыд, фӕлӕ уый тынг зын уыди,


Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Йедутуны зӕлтӕм гӕсгӕ. Асафы псалом.


Хуыцауы мысгӕйӕ, ныхъхъӕрзын; хъуыдыты аныгъуылын, бастади мӕ уд.


Сахуыр нӕ кӕн нӕ царды бонтӕ афтӕ нымайын, цӕмӕй нӕ зӕрдӕ суа куырыхон.


Уе ’нӕфенд митӕ ныууадзут ӕмӕ цӕрдзыстут, зонды фӕндагыл цӕут!»


Фӕкъуыбар сты легъуи бӕлӕстӕ, дидинӕг калынц сӕнӕфсиры талатӕ, сӕ хӕрздӕф хъары уӕлдӕфы. Сыст, мӕ уарзон, ракӕс мӕм ӕддӕмӕ!


— Мӕ хо, мӕ къайаг! Ӕз ӕрбацыдтӕн мӕ дыргъдонмӕ, ӕрӕмбырд кодтон мӕ миррӕ, мӕ хӕрздӕфгӕнӕнтӕ; бахордтон мӕ мыдӕй, бануӕзтон мӕ сӕн ӕмӕ ме ’хсырӕй. — Хӕрут ӕмӕ нуазут, лымӕнтӕ! Нуазгӕ кӕнут, уӕхи бафсадут, уарзӕттӕ!


Ӕз мӕ уарзоны дӕн, уый мӕнмӕ бӕллы.


Лӕппу чызгимӕ куыд баиу вӕййы, афтӕ баиу уыдзӕни демӕ дӕ Саразӕг, усгур йӕ усагыл куыд бацин кӕны, афтӕ дыл бацин кӕндзӕни дӕ Хуыцау.


Сениры кипарисӕй дын сарӕзтой дӕ чъилтӕ, Ливанӕй ласт кедрӕй дын ӕрцамадтой дӕ наухъилтӕ,


Мӕнӕн чи лӕггад кӕны, уый Мӕ фӕдыл хъуамӕ цӕуа ӕмӕ, Ӕз кӕм дӕн, уый дӕр уым уыдзӕни. Мӕнӕн чи лӕггад кӕны, уыцы адӕймагӕн Мӕ Фыд скад кӕндзӕн.


Уӕдӕ мӕ бауадз Иорданыл ахизын ӕмӕ уыцы бӕркадджын бӕстӕ, уыцы рӕсугъд хӕхтӕ ӕмӕ Ливан фенын!“


(Ермон сидойнӕгтӕ хонынц Сирион, аморӕгтӕ — Сенир),


Израилӕгтӕ Иорданӕй скӕсӕнӕрдӕм, стӕй Арноны тӕрфӕй суанг Ермоны хохы онг ӕмӕ Иорданы дӕлвӕзы скӕсӕйнаг фарс цы бӕстӕтӕ бацахстой, уыдонӕн сӕ паддзӕхтӕ, Израилы ӕфсад кӕй басаста, уыдон, хуындысты Сигон ӕмӕ Ог.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ